Республикæ  Хуссар  Ирыстоны  Фæсарæйнаг  хъуыддæгты  министр  Медойты Димитримæ  баныхæсты  фæстиуджыты фæдыл иумæйаг пресс-конференцийы рæстæджы   Уæрæсейы   Фæсарæйнаг  хъуыддæгты министр Сергей Лавровы раныхас æмæ дзыллон информацийы фæрæзтæн йæ дзуаппытæ.

Зынаргъ коллегæтæ,

Мах, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитримæ фестæм нæ баныхæстæ. Мæскуыйы уый у зындгонд адæймаг, бирæ азты дæргъы ам куыста минæварæй æмæ тынг бирæ сарæзта нæ цæдисон ахастытæ æмæ стратегион партнердзинады ахастытæ сфидар кæныны тыххæй.

Мах сарæзтам нæ дыууæфарсон бастдзинæдты актуалон фарстытыл афæлгæст. Æруынаффæ кодтам, нæ паддзахадты сæргълæуджытæ Владимир Путин æмæ Бибылты Анатоли Сочæйы майы мæйы фембæлды цæуыл æрдзырдтой, уыцы сразыдзинæдты реализацийы цыдыл. Дзырдтам, нырма нæ бирæ кæй хъæуы саразын нæ бадзырдон-барадон базæйы дарддæр хуыздæр кæныны фæдыл, ацы масштабон куысты сæйрагдæр здæхтытæ бæлвырд кæй æрцыдысты Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн 2015 азы 18 марты къухтæ цæуыл æрфыстæуыд, уыцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды. Ацы бадзырды нысан цæуы къорд секторалон сразыдзинады бацæттæ кæнын, кæцытæй ныридæгæн бирæтæ сæ тыхы бацыдысты, бирæтæ та сæ тыхы бацæудзысты æввахс рæстæджы. Рæхджы къухтæ æрфыстæуыдзæн ноджыдæр цалдæр къабазон сразыдзинадыл, кæцытæ нысан сты, кæй кой скодтам, уыцы базæйон бадзырды.

Сæрмагонд хъусдард аздæхтам нæ бæстæты ‘хсæн традицион æнгом æддагполитикон æмархайды тематикæмæ. Фæскавказы регионы æнæстабилондзинад кæй ис, уыцы нымæцы, Гуырдзыстоны бафæлвæрдтытæ НАТО-йы æрфидар уæвын, æмæ Альянсы руаджы та æгас регионы – ахæм уавæры уæлдай ахсджиагдæр у Уæрæсейы, Хуссар Ирыстоны æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, абхазаг æмцæдисонты архæйдтыты æнæлаздзинад. Мах дарддæр дæр кусдзыстæм иумæ, цæмæй нейтрализаци цæуа Фæскавказы сабырад æмæ æдасдзинады тасдзинад. Мах нымайæм афтæ æмæ нæ архæйдтыты ахсджиагдæр фæзуат уыдысты æмæ баззайдзысты Женевæйаг дискусситæ, кæцыйы фæлгæтты мах размæ кæнæм сæйрагдæр хæс – тыхæй не спайда кæныны тыххæй сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын.

Мах лæмбынæг информаци радтам нæ хæлæрттæн уæрæсейаг-гуырдзиаг ахастыты рæзты фæдыл, уыцы нымæцы раздæр Прагæйы уагъдæр-цæуæг Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры статс-секретары, хæдивæг Г. Карасины æмæ Гуырдзыстоны премьер-министры специалон минæвар З. Абашидзейы фембæлд хынцгæйæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитримæ мах нæ хъуыдытæ загътам регионы транзитон базарад сорганизаци кæнынимæ баст аспектты фæдыл. Ахæм плæнттæ ис, æмæ сæм ис стыр интерес. Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ бафидар кодтой сæ цæттæдзинад ацы куысты хайад исынмæ. Мах стыр аргъ кæнæм Хуссар Ирыстоны ахæм конструктивон позицийæн. Æнæ уымæй та (уый алкæмæн дæр æмбæрстгонд у) транзиты проект нæй гæнæн среализаци кæнын.

Кæронбæттæны зæгъдзынæн уый, æмæ абон мах ногæй кæй бауырныдта нæ цæдисон ахастыты фидардзинад. Ауагъдгонд баныхæстæ фадат радтой дарддæры æмархайды конкретон фæндæгтыл сразы уæвынæн, уыцы нымæцы, дунеон аренæйыл æнгом координаци арфдæр кæнынæн.

Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады

официалон сайт

г. Мæскуы, 2017 азы 10 июль

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.