РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы минæвæрттимæ сæ сæргъ цæдисы сæрдар Цхуырбаты Тамерлан, афтæмæй. Нывгæнджытæ паддзахады сæргълæууæгæн радзырдтой сæ проблемæты тыххæй æмæ йæм бахатыдысты, цæмæй сын баххуыс кæна сæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Сæрмагондæй, Цхуырбаты Тамерлан рахъаст кодта, сфæлдыстадон æрмадзтæ сын кæй нæй, уый тыххæй, афтæ ма банысан кодта равдыстыты залы реконструкцийы æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй дæр.

«Уымæй дарддæр ма нæ нывгæнджытæн уавæртæ нæ вæййы сæ экспозицитимæ республикæйæн æддæмæ ацæуынæн», – загъта уый.

Йæ рады Президент бауынаффæ кодта Нывгæнджыты цæдисы цур фонд саразыны тыххæй, цæмæй уырдæм хынцыд цæуой финанстæ нывтæ ауæй кæнынæй, фæлæ сын уыимæ ныфс бавæрдта æрвылмæй дæр сын 50 мин сомы бæрц финансон фæрæзтæ кæй хынцдзæн, уымæй.

«Æз рагæй дзурын, æппæт проблемæтæ дæр паддзахадыл æвæрд куы цæуой, уæд размæ нæ ацæудзыстæм. Уымæ гæсгæ уын æххуысы хуызы хынцдзынæн фæрæзтæ, фæлæ сымах дæр уæ рады саразут фонд, цыранмæ хынцат фæрæзтæ уæ уацмыстæ уæй кæнынæй», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны бирæ ис патриоттæ, афтæ ма политикон партитæ дæр, кæцытæ сразы уаиккой Нывгæнджыты цæдисæн баххуыс кæныныл. Цхуырбаты Тамерлан радзырдта республикæйы æлыгæйгуыстгæнæн хъуыддаджы рæзты проблемæты тыххæй.

«Махмæ ис æлыгæйгуыстгæнæн хъуыддаджы хорз дæснытæ, фæлæ проблемæ ис, пец нын кæй нæй, уый мидæг. Æмæ йæ самал кæнынæн та махмæ нæй финансон фæрæзтæ», – загъта Нывгæнджыты цæдисы сæрдар.

Президент сын ныфс бавæрдта ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æлыгæйгуыстгæнæн хъуыддаг æнæмæнгæй хъæуы адарддæр кæнын. Уымæй дарддæр ма Бибылты Анатоли нывгæнджытæн загъта, цæмæй ахъуыды кæной сфæлдыстадон æрмадзтæ сцалцæг кæныны тыххæй фарстыл, ацы хъуыддаджы дæр сын баххуыс кæнынæй ныфс бавæргæйæ.

РХИ-йы Президенты пресс-службæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.