Уæрæсейы Федерацийы президентон æвзæрстытæм ма баззад бæрцæй  цалдæр боны. Ацы æвзæрстытæ тынг ахсджиаг сты куыд Уæрæсейæн, афтæ Хуссар Ирыстонæн дæр.

Уæрæсейы æвзæрстыты, куыд парламентон, афтæ президентон æвзæрстыты дæр хуссайраг ирæттæ алы хатт дæр хайад райсынц, хуссарирыстойнаг æмбæстагдзинадæй дарддæр сæм уæрæсейаг æмбæстагдзинад кæй ис, уый тыххæй. Дызæрдыггаг нæу,  иннæ хæттытау ныр дæр, Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг президентон æвзæрстытæ кæй ацæудзысты бæрзонд æмвæзадыл, не ‘мбæстæгтæ активон хайад кæй райсдзысты ацы æвзæрстыты. Уый у нæ хæс, нæ бузныджы ныхас Уæрæсейæн. Мах, хъуамæ æрцæуæм æмæ не ‘мбæстагон хæс бафидæм, спайда кæнæм нæ конституцион барæй æмæ раст æвзæрст саразæм.

Бæрæг куыд у, афтæмæй æвзæрстыты бюллетены ис аст кандидаты, уыдон сты: Сергей Бабурин («Уæрæсейаг æхсæнадæмон цæдис»), Павел Грудинин (УФКП), Владимир Жириновский (УЛДП), Владимир Путин (йæхи хираразмæгонд кандидат), Ксения Собчак («Æмбæстагон инициативæ»), Максим Су-райкин («Уæрæсейы коммунисттæ»), Борис Титов («Рæзты парти»), Григори Явлинский («Яблоко»).

Мæн уырны, Хуссар Ирыстоны цæрджыты фылдæр хай хъæлæс ратдзысты Владимир Путины пайдайæн, уымæн æмæ йе ‘рлæудæй Уæрæсе балæууыд хæствæллад Хуссар Ирыстоны адæмы фарсмæ, хъахъхъæдта сæ скуынæгæй дæр æмæ сын дунеон аренæйы дæр хъахъхъæдта сæ интерестæ.

2008 азы августы хæсты дæр Владимир Путины фæндонæй æмæ Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведевы ныфсхаст къахдзæфты фæрцы Хуссар Ирыстоны территорийæ гуырдзиаг фашистон режимы хæстонтæ нæ сарæзтой сыгъдæг быдыр. Абон Путины политикæйы фæрцы нæ адæм сæрибарæй сулæфыдысты, нæ фидæн дызæрдыггаг нал у, цæрæм хæдбар, нымад паддзахады. Уыимæ иумæ ма Уæрæсе у  не стратегион партнер æмæ нæ паддзахадон суверенитеты гарант дæр. Абон нæ республикæйы арæнхъахъхъæнджытимæ иумæ Уæрæсейы арæнхъахъхъæнджытæ хъахъхъæнынц нæ паддзахадон арæнтæ.

Путины политикæйы фæрцы сæндидзыдта хæстон архайдтыты аххосæй нæ пырх горæт, арæзт нæм цæуы цæрæнуæттæ, цадæггай æндидзы нæ экономикæ дæр, хæрзарæзт цæуынц республикæйы районон центртæ, хъæутæм арæзт цæуынц фæндæгтæ, скъолатæ, сывæллæтты цæхæрадæттæ, фельдшерон-акушерон пункттæ, абон мах исæм æмбæлон мыздтæ, пенситæ. Уымæй дарддæр не ‘мбæстæгтæй бирæтæ хос кæнынц уæрæсейаг медицинон уагдæтты, нæ фæсивæдæй бирæтæ ахуыр кæнынц Уæрæсейы престижон уæлдæр ахуыргæнæндæтты.    Æппæт уыцы хæрзиуджытæй хайджын стæм Владимир Путины политикæйы, йæ фидар позицийы фæрцы.

Уæрæсейы Федераци дæр Владимир Путины фæрцы йæ къахыл слæууыд. Уæдæ Уæрæсе фидар куы уа, уæд фидар уыдзæн Хуссар Ирыстон дæр. Уæрæсе та фидар уыдзæн, фидар раздзог ын куы уа, æрмæстдæр уæд. Куыд уынæм, афтæмæй йын фидар раздзог та у Владимир Владимиры фырт Путин.

Осиаты Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.