Информагентад «Sputnik»-ы уыд Хуссар Ирыстоны Экологи, геологи æмæ æрдзхъахъхъæныны комитеты сæрдар Бестауты Балайы пресс-конференци. Уый радзырдта, 2019 азы нæ республикæйы цы ахсджиаг социалон проекттæ æххæст æрцæудзысты, уыдонæй иу кæй у брæтты полигон.

«Брондæтты проблемæ нæ республикæйы у тынг ахсджиаг уымæн æмæ канд горæты алыварс нæ фæзынд антисанитарион уавæр. Республикæйы донбыл-гæрæттæй адæм улæфынмæ цырæттæм æфтынц, стæй цæрæн пункттæм хæстæг алыран дæр фенæн ис броны рæдзæгъдтæ. Адæм калынц сæ брон æнæран рæтты æмæ уыимæ хъæуы тох кæнын. Раст у, горæты сæйраг уынгтæ хæрзарæзт сты, фæлæ бирæ фæсвæд уынгты уавæр у мæгуырау. Хæдзæртты раз фенæн вæййы æфсæйнаджы алыгъуызон хæйттæ,  арæзтадон згъæлæнтæ. Къуернеты цы брондон ис, уый дуджы домæн уыд, фæлæ бæрæг уыд, экологийæн зианхæссæг кæй уыдзæнис. Горæтæн уыцырдыгæй фарс цæрджытæ домынц, цæмæй полигон æхгæд æрцæуа. Ныр ног полигоны арæзтад нысан цæуы 2019 азмæ, арæзт цæудзæн Инвестицион программæйы фæлгæтты. Проекты аргъ у 170 милуан сомы. Броны полигон кусдзæн 30 азы», – дзырдта Бестауты Бала пресс-конференцийы рæстæджы.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй райдианы Экологи æмæ геологийы комитет разы нæ уыд, ныртæккæ брондон арæзт кæм цæуы, ома, Иры хъæуы йæ саразыныл, фæлæ лæмбынаг куы базонгæ проектимæ уæд йæ хъуыды фæивта. «Проектмæ гæсгæ полигоны арæзт æрцæудзæн дыууæ егъау котлованы, уыдон æмбæрзт уыдзысты сæрмагонд мембранæйæ, кæцы нæ уаддзæн зæххыбын дæттæм броны лæдæрсæнтæ. Полигоны цур, Президенты амындмæ гæсгæ, фæзындзæн хъæбæр æвзарæнтæ брикет гæнæн фæзуат. Хъæбæр æвзарæнтæ пресс цæудзысты сæрмагонд прессы хицæн брикеттæм. Брикетты æнгомдзинад сэкономи кæндзæн бынат æмæ уæлдæф дæр нæ чъизи кæндзæн.

Проектмæ гæсгæ цы полигон арæзт цæуы, уый хуымæтæг нæу. Ныртæккæ Европæ æмæ Уæрæсейы стырдæр горæтты цардуагон брæтты 80 проценты ласынц ахæм полигонтæм. Ам зæххыбын дæттæн арæзт æрцæудзæн фильтртæ æмæ уый ницы зиан хæсдзæн экологийæн», – банысан кодта комитеты сæрдар.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма Бестауты Бала æрдзырдта æрдз хъахъхъæнынимæ баст бирæ ахсджиаг фарстатыл. Уыдонæй иу у, æрæджы Цæгат Ирыстоны Экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны министрад Ирыстоны хъæдмæ, æрдзы хъæздыгдзинад фæфылдæр кæныны нысанæн цы дыууæ фæранчы рауагъта, уыдоныл.

«Фæранчы аивдзинад кæй зæрдæмæ нæ цæуы, ахæм адæймаг стæм разындзæнис. Ацы сырды мыггагæй æрдзы хъæбысы бирæ нал баззад. Цæмæй бынтон йæ мыггаг ма сыскъуыйа, æмæ сомбоны нæ сывæллæттæ ацы рæсугъд хъæддаг сырды æрмæст нывтæм гæсгæ ма зоной, уый тыххæй Ирыстоны хъæдтæм уагъд æрцыд дыууæ фæранчы. Нæл  Эльбрус æмæ йе ‘мкъай Волна.

«Эльбрусы хъуырдарæн иугонд у спутникмæ. Уыцы зонæнтæм гæсгæ сæрды мæйты уый Цæгат Ирыстоны хъæдтæй рахызт хуссар фарсмæ. Фæстаг зонæнтæм гæсгæ уый сæрибарæй йæхи хатыд Бурсамдзелийы рæбын хъæдты. Фæлæ хъыгагæн фæстаг 10 боны спутник сигнал нал райста. Ацы хъуыддагæн ис дыууæ хуызы бамбарæн. Кæнæ Эльбрус стыр митуарды фæстиуæгæн æххормагæй амард, кæннод та йæ    хъуырдарæн раппæрста. Ахæм цаутæ дæр арæх вæййы, сырд æххормагæй куы стыхсы, уæд. Махæн нæ бон нæу сырды бацагурын, хæхтыл стыр мит кæй ис, уый фæстиуæгæн. Фæлæ, уæддæр нæ зæрдæ дарæм сырд мæлгæ кæй нæ акодта, уымæн æмæ сæрдыгон бонты нæ егертæ бацæттæ кодтой хъæддаг сырдтæн бирæ холлаг», – загъта Бестауты Бала.

Уый ма загъта ныртæккæ спутникæй куыст кæй цæуы Эльбрусæн йæ координаттæ рафæлгъауыныл. Куыддæр, сæ къухы зонæнтæ уа афтæ уыцы бынатмæ бацæудзысты квадракоптерыл æмæ бæлвырддæр базондзысты сырды хъысмæт.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.