Цы баззайдзæн уæ зæрдæты 2022 азæй?

Рæхджы дунейы дзыллæйау Хуссар Ирыстоны адæм дæр бахиздзысты ног 2023 азы къæсæрæй. Адæмы раз слæудзæнис бирæ æмæ алыгъуызон, ахсджиаг æмæ ног хæстæ. Уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, цæудзысты æххæст, фæлæ уал абон ракой кæндзыстæм не ‘мбæстæгтæ 2022 азæй куыд райгонд сты, æнæхъæн аз цахæм æхцондзинады æнкъарæнтæ банкъардтой, уый тыххæй. Нæ уацхæссæг цы цалдæр æмбæстагимæ ныхас кода, уыдон ын загътой:

Кокойты Эсения: 2022 аз мыл æрцыд, алы адæймаджы царды дæр стыр нысаниуæг кæмæн ис, цалдæр ахæм æнæферохкæнинаг цауы. Фыццаджы уый æмæ хорз нысæнттимæ каст фæдæн Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъола. Дыккаг та уый æмæ сдæн Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты студент. Скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæд иу рæстæджы мæ фæнд уыд Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй искæцымæ бацæуын, фæлæ ахуыры азы кæрон куыд æввахсдæр кодта, афтæ мæ хъуыды аивтон. Ивгæ та йæ акодтон уымæн æмæ ме ’фсымæр Максим дæр ахуыр кæны нæхи университеты. Уымæй æрвылбон дæр хъуыстон æппæлæн ныхæстæ. Æппæлыд университеты агъуыст æмæ фадæттæй, лектортæ æмæ студенттæй. Мæн дæр бафæндыд, цæмæй мын уа ахæм агъуыст, ахæм лектортæ æмæ сæххæст мæ бæллиц. Ныр, ме ’фсымæрæй цы хъуыстон, уыдон уынын мæхи цæстæй æмæ æппæтæй дæр дæн райгонд.

Джиголаты Иосиф: Не ’мбæстæгтæй бирæ кæмæйдæрты дæн хистæр. Цалдæр азы размæ банысан кодтон æстай азы юбилей. Æмæ кæд зонгæ алкæмæй фылдæр нæ кæнын, уæддæр уынгæ фæкодтон кæмæйдæрты фылдæр. Нæ зæгъдзынæн, нырмæ алцы дæр уыдис куыд æмбæлд афтæ. Бирæ уыд куыд раппæлинаг цаутæ, афтæ чи ма хъуамæ уыдаид, ахæм цаутæ дæр. Ацы аз мæ зæрдæ барухс цалдæр хъуыддагæй. Фыццаг уый æмæ иннæ хæттытимæ абаргæйæ Президентон æвзæрстытæ ацыдысты сабыр æнæ уæлдай тыхстдзинæдтæй. Уый нæ адæмæй алкæй зæрдæмæ дæр бахаста ныфс.

Мæ зæрдæ рухс кæны мæ бинонты цардæй, сæ ахастæй. Мæ кæстæртæй кусынхъом чи у, уыдон сæ рæстæг æнæхъуаджы нæ хардз кæнынц, сты куыстыты уæлхъус æмæ æнтысгæйæ æххæст кæнынц, сæ разы цы хæстæ ис, уыдон. Кæстæрты кæстæртæй дæр рухс кæны зæрдæ. Скъолаты раппæлинаг сты куыд ахуырæй, афтæ ма сæ уагахастæй дæр. Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ æз сæрыстыр, райгонд æмæ буц дæн ахæм æнкъарæнтимæ кæй фæндараст кæнын 2022 аз.

Бекъойты-Къусраты Мадинæ: 2022 азæй, куыд æз, афтæ мæ бинонтæ æмæ ме ’ввахс адæм дæр стæм райгонд. Уымæн æмæ ацы аз райстам, дæс азæй фылдæр кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы дыууæ хатæнон фатер. Нæ зæрдæтæ барухс сты куыд аразджыты куыстæй, афтæ ма цы уавæртæ дзы сарæзтой, уымæй дæр.

Мæ цардæмбал Бекъойты Муратимæ ацы аз нæ зæрдæтæ ноджы тынгдæр барухс сты нана æмæ дада кæй ссистæм, уый тыххæй. Нæ чызг Оксанæ ссис лæппуйы мад.

Иуæй-иу хорздзинæдтæ айрох вæййынц, адæймаг сæ цæрæнбонтæм нæ бахъуыды кæны, фæлæ бинонтыл цы хорздзинæдтæ æрцæуы, уыдон никуы ферох кæнынц.

Фæрнæйдзаг Ног аз нæм æрцæуæд!

Гæззаты Иван