1992 азы 29 майы райст æрцыд Хæдбардзинады Акт Хуссар Ирыстоны. Зæгъæн ис, æмæ ацы документ у тынг ахсджиаг нæ республикæйы историйы. Уæды цаутыл, абон хъуыды кæнгæйæ, нæ адæм бузныг сты, уыцы рæстæджы фæндвидарæй чи сдзырдта ацы ахсджиаг документ царды рауадзыныл, æппæт уыдонæй. Уыцы рæстæджы нæ уыд рухс, горæт æмæ хъæутæ уыдысты æхстыты бын, фæлæ уæддæр нæ адæм фæлæууыдысты фидар æмæ сæ къухты быфтыд æнтыст. Ацы зæрдылдаринаг, ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг цауыл республикæйы алы æмбæстаг дæр сæм-бæлд æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ, адæм кæрæдзимæ хæрзæгкурæггаг цыдысты.

Хæдбардзинады акт райсыны размæ Хуссар Ирыстоны бирæ туг ныккалд, бирæ трагикон цаутæ дзы æрцыд. Гуырдзиаг лæгсырдтæ нæ адæмæн дзæвгар фыдæбæттæ бавзарын кодтой, нæ ауæрстой нæ адæмы марын æмæ цæгъдыныл, пырх кодтой æмæ сыгътой горæт æмæ хъæуты. Ноджы стырдæр бæллæхтæ æрцыд 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы. Фæлæ республикæ йæ хъизæмæрттæй фервæзт, Стыр Уæрæсе нын 26-æм августы нæ Хæдбардзинад куы банымадта, уæд. Рогæн сулæфыдысты нæ цæрджытæ, хуыздæрæй-хуыздæр кодта сæ цард, æндидзын райдыдта республикæйы адæмон хæдзарад.

30 азы рацыд Хæдбардзинады акт райсыны бонæй. Раст хъуыдыйыл хæст уыдысты, йæ райсыныл чи фæтох кодта, уыдон се ‘ппæт дæр. Сæрибар æмæ хæдбар паддзахады фæллойгæнджытæн та фадат фæци адæмон хæдзарады хицæн къабæзты амондджын цард аразынæн.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.