Нырма бирæ нæ уæвы «Билурта»-йы хӕдзарад – уый ис Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы, фæлæ райдианӕй фӕстӕмӕ кӕны ӕнтысгӕ архайд. Хӕдзарады сӕргъ кӕд лӕууы Цхуырбаты Алан, уӕддӕр хъӕрмуд бинонтӕ сты кӕрӕдзи фарсмӕ ӕмӕ сӕ алчи дӕр йӕ хай хӕссы, куысты раппӕлинаг фӕстиуджытӕ къухты бафтын кӕнынмӕ. Хӕдза-рады уӕнгтӕ, фыццаджыдӕр, бацархайдтой сӕ бӕрны уӕвӕг хуымзӕхх знаггадӕй бахизыныл ӕмӕ йӕ ӕрӕмбонд кодтой. Куыд ивгъуыд азты, афтӕ та ацы аз дӕр хӕдзарад бавнӕлдта ӕфсирон культурӕты куыстмӕ – фӕззӕджы мӕнӕу байтыдта 10 гектары фӕзуаты. Фӕлӕ ӕрмӕст ууыл не ‘рлӕууыдысты ӕмӕ ма а-уалдзӕджы хъӕбӕрхор байтыдта 17 гектары ӕмӕ сысджы та – 7 гектары. Байтыдтытӕ сӕвзӕрдысты хорз ӕмӕ сӕ рухс кодта зӕхкусӕджы зӕрдӕ. Фӕлӕ, хъыгагӕн, фӕстӕдӕр хӕмпӕлгӕрдӕг дӕр сдардта йӕ сӕр, рӕзт цырд ӕмӕ хойрагон культурӕтӕ зынгӕ дӕр нал кодтой. Фæлæ Алан ӕвӕстиатӕй райста мадзӕлттӕ æмæ скуынæг кодта хæмпæлгæрдæджы. Ныр æй ныфс ис, фæззæджы кæй райсдзæн хъæздыг тыллæг.

                                                                                  Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.