Цхинвалы спортивон галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыд æмбуархæстæй дунейы чемпионаты æвзист призер Бесаты Русланы номарæн дунеон турнир. Руслан хъæбатырæй фæмард сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы. Хайад сæ райстой милицийы Сæрмагонд нысаниуæджы къорды, тагъд фердæхты сæрмагонд къорды, Хъахъхъæнынады министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды æмæ РХИ-йы Уæрæсейы Федералон æдасдзинады арæнгæрон управленийы командæтæ, афтæ ма цæгатирыстойнаг командæтæ «Триумф» æмæ «Динамо».

Труниры финалон хай байгом кæныны церемонийы райдианы экраныл æвдыст æрцыд,  зарæггæнæг Лалыты Альберт Русланыл цы зарæг ныффыста, уый клип. Паддзахады сæргълæууæджы номæй æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта президенты æххуысгæнæг Уанеты Владимир.  «РХИ-йы Æмбуархæсты федераци»-йы президент, Æддагон развæдсгæрсты службæйы сæргълæууæг Уарзиаты Алексей Русланы хотæ – Альбинæ æмæ Аидæмæ радта турниры номарæн майдан æмæ диплом. Турниры организатортæн бузныг загъта æмæ æхцайы фæрæзтæ Русланы бинонтæм радта Цæгат Кавказы Федералон зылды Дунеон æхсæнадон палатæйы æххæстбарджын минæвар Уататы Тамерлан. Сæрмагондæй ма ерыстæм æрцыд Æмбуархæсты дунеон федерацийы бæрнон нымæрдар Сергей Мясоедов. Уый куыд фехъусын кодта, афтæмæй  хорз хъуыды кæны Руслан дунеон ерысты куыд хорз архайдта. Уымæ гæсгæ фæндон рахастæуыд Русланæн сау рон æмæ спорты дæсныйы кадджын ном радтыны тыххæй. Уый фæдыл сертификат лæвæрд æрцыд Русланы хотæм.

Фыццаг хатт РХИ-йы спорты историйы сау рон æмæ спорты дæсныйы кадджын нæмттæ лæвæрд æрцыдысты бæстæйы æмбырдгонд командæйы уæнгтæй æхсæзæн – Козаты Роберт, Арсен Каспаров, Хаситы Зелим, Дзæгъиаты Аслан, Тедеты Батрадз æмæ Бекъойты Вадимæн.

Уый фæстæ адарддæр сты тохтæ. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ сыгъзæрин майданты хицæуттæ систы Тедеты Аслан (57 кг, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд), Æлборты Сосо (62 кг, Хъахъхъæнынады министрад), Гасситы Арсен (67 кг, «Триумф»), Хуыбецты Эдуард (73 кг, «Триумф»), Руслан Куготов (80 кг, «Динамо»), Санахъоты Георги (88 кг, «Динамо»), Козаты Роберт (97 кг, хисæрмагонд хыгъд, Гуырцъыты Батраз (+97 кг, «Триумф»). Ерыстæ уагъд æрцыдысты дыууæ асболютон уæзы категориты. 73 кг онг уæзы уæлахиздзау ссис Бестауты Марат (Хъахъхъæнынады министрад). 73 кг уæлæмæ уæзы та рамбылдта Гаппайты Алан (хисæрмагонд хыгъд). Уыдон иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ кады грамотæтæй.

Русланы æмгæртты номæй æхцайы премитæ та райстой 88 кг уæзы категорийы уæлахиздзау æмæ призертæ. Ацы уæзы йæ рæстæджы архайдта Бесаты Руслан йæхæдæг.

Æхцайы премитæ ма радтой сæрмагонд призты хицæуттæн дæр. Уæлахизмæ  тырнындзинады приз лæвæрд æрцыд Тедеты Асланæн. Хуыздæр техникæйы приз райста Æлборты Сосо, Иууыл цырддæр уæлахизы тыххæй призæй та хорзæхджын æрцыд Санахъоты Георги.

Спортуарзджыты приз та раздæр лæвæрд æрцыд чысыл чызг Гассеты Кристинæйæн, кæцы турниры байгом кæныны церемонийы иннæ æвзонг спортсменетимæ иумæ равдыстой чысыл шоу, ома, фыдгæнæгæй хи бахъахъхъæнын куыд хъæуы, уый фæдыл.

Кæронбæттæны бæрæг æрцыд командон хыгъды фыццаг бынат чи бацахста, уыцы командæ. Иууыл фылдæр майдантæ рамбылдтой Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ. Дыккаг бынат бацахста «Триумф», æртыккаг та ссис Милицийы Сæрмагонд нысаниуæджы къорды командæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.