Наро-Фоминскы уагъд æрцыд уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы сгуыхт тренер Дзгойты Асланбеджы номарæн Уæрæсейы чемпионат. Регламентмæ гæсгæ ерыстæ цыдысты 97 æмæ 125 кг уæзты категориты, кæцыты фæстæ сæ уæлахиздзаутæ фембæлдысты кæрæдзиимæ, цæмæй сбæрæг кæной абсолютон уæзы Уæрæсейы чемпионы.

97 кг уæзы категорийы турниры уæлахиздзау ссис Гæззаты Батрадз. 125 кг та иууыл тыхджындæр уыд Коцты Знауыр. Ацы дыууæ богалы тохы та рамбылдта Знауыр æмæ йын лæвæрд æрцыд 150 мин сомы.

97 кг уæзы та æвзист призер ссис Джыгкайты Тамик. 125 кг дыккаг бынат бацахста Хуыбиаты Хасан.

Шахматтæ

Хуссарирыстойнаг шахматисткæ Уанеты Валерия сæххæст кодта æвзæнгты ’хсæн фыццаг спортивон разряд. Ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг квалификацион турниры. Валерия тренировкæ кæны Саулохты Георгийы сæргълæудæй. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ республикæйы шахматты федераци стыр хъусдард здахын кæй райдыдта чызджыты ’хсæн дæр шахматтæ популяризаци кæнынмæ æмæ цыбыр рæстæгмæ уыцы хъуыддагæн фæзынд хорз фæстиуджытæ.

«Уæлдай æхсызгон нын у нæ хъомылгæнинæгтæн æнтыстытæ кæй вæййы республикæйæн æддейæ уагъдцæуæг ерысты. Цæгат Ирыстоны шахматон скъола ис бæрзонд æмвæзадыл. Мах сæрыстыр стæм не ’взонг шахматисткæты æнтыстытæй. Раздæр нын фыццаг бынат бацахста Тыбылты Аннæ, ныр та Уанеты Валерия ссис æртыккаг. Фæлæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, æртыккаг бынат дæр махæн у куыд фыццаг. Йæ ныхмæлæуджытæ иууылдæр лæппутæ уыдысты. Æмæ уыдонæй фондзы рамбулын, иу хъазт æмдыхæй ахъазын æмæ æрмæстдæр иу парти фембылды уæвын хорз æнтыст у», — банысан кодта «РХИ-йы шахматты федераци»-йы президент Саулохты Георги.

Дзюдо

Ирон дзюдоисткæ Зураты Залинæ ссис Уæрæсейы Кубокы уæлахиздзау. Ерыстæ уагъд цыдысты Калининграды. Залинæ хæцыд 63 кг уæзы категорийы. Уый финалмæ цæугæйæ рамбылдта дыууæ ныхмæлæууæджы, кæцытæ нымад цыдысты ацы уæзы лидертыл. Финалы та тыхджындæр уыд фæсивæды ’хсæн Уæрæсейы чемпионаты уæлахиздзау Стефания Власовайæ.

Хуриты Батрадз