Ацы аз 31-æм декабры курдиатджын поэт, тæлмацгæнæг æмæ публицист Хостыхъоты Зинæйыл сæххæст уыдаид 85 азы.

Зинæйы сфæлдыстад æхцондзинад æмæ цин æрхаста поэзийæн аргъгæнджытæн, йæ бирæ зонгæтæн æмæ чиныгкæсджытæн. Уый Ног азы къæсæрыл фæзынд дунейы рухсмæ 1937 азы æмæ йæ цардæй дæр ахицæн Ног азы райдианы, 1995 азы 4-æм январы.

Хостыхъоты Зинæ райгуырдис Цæгат Ирыстоны рæсугъддæр хъæутæй сæ иу — Хъæдгæроны. Чысылæй ахуыр кæнынмæ бацыд сæхи хъæуы скъоламæ. Уарзта чингуытæ кæсын æмæ йæ хъус тынгдæр дарын райдыдта аивадон литературæмæ, архайдта æмдзæвгæтæ фыссыныл дæр. 1955 азы каст фæцис астæуккаг скъола. Йæ фыццаг æмдзæвгæ рухс федта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд — 1954 азы. Уæд ноджы тынгдæр бауарзта поэзи. Ахуырмæ зæрдæргъæвд чызджы бæллиц фæхатыдысты йæ ахуыргæнджытæ æмæ бацархайдтой, цæмæй сæ ахуыргæнинаг йæ ахуыр адарддæр кæна Мæскуыйы Горькийы номыл Литературон институты. Фæлварæнтæ радта æмæ ссис фысджыты институты студент. Ам райхæлд йе ’цæг курдиат. Фæстæдæр йе ‘мдзæвгæтæ периодикон мыхуыры арæхдæр зынын куы рай-дыдтой, уæд литератортæ дзырдтой, зæгъгæ, Зинæмæ æнхъæлмæ кæсы стыр поэты хъысмæт.

Хостыхъоты Зинæ Мæскуыйæ куы æрыздæхт, уæд куыста газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы (1962-1963 азты), журнал «Фидиуæг»-ы поэзийы хайады сæргълæууæгæй (1963-1972 азты), стæй та Дзæуджыхъæуы теле-уынынады студийы редакторæй, уый фæстæ — журнал «Мах дуг»-ы редакцийы литературон кусæгæй суанг йæ царды фæстаг бонты онг.

Цымыдисон уый у, æмæ Зинæ Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уæд йæ фыццаг чиныг «Заря в моем окне» рауагъта уырыссаг æвзагыл, 1962 азы Мæсуыйы рауагъдад «Молодая гвардия»-йы. Уæд аскъуыддзаг кодта, ирон поэзи кæй у йæ бæллиц æмæ йæ царды æндæр фæндæгтæ кæй нæ агурдзæнис.

Йæ чиныг «Сæууон æртæх»-ы (Цхинвал, 1967) разныхасы фыст ис, зæгъгæ, поэты сфæлдыстады сæйраг у уарзты темæ æмæ аивадон амæлттæй æвдисы уарзты æнкъарæнтæ, зæронд фауинаг æмæ ног, фæзминаг æгъдæуттæ, адæймаджы моралон удыхъæд. Зинæ æрыгон чызгæй бахаста йæ фыццаг лæвар ирон поэзийы къæбицмæ. Рæсугъд æмæ йæ сыгъдæгзæрдæйæ базыдтой адæм. Йæ фыццаг уацмысты сбæрæг сты йæ сомбоны сфæлдыстады сæйраг темæтæ — фыдыбæстæ, рæстдзинад, уарзондзинад. Уымæн æмæ бамбæрста, уыдон царды сæйрагдæр рахæцæнтæ кæй сты, уый.

Курдиатджын поэтæн мыхуыры рацыд бирæ уацмысты æмбырдгæндтæ: «Æрвгъуыз сагъæстæ», «Уарзондзинады монолог», «Песнь водопада», «Æмæ цагъта дзæнгæрджытæ уалдзæг», «Уыцы чызджыты писмотæ», «Мои афганские встречи», «Сæуæхсиды зæлтæ», «Æрвнæрыны размæ». Йæ цардæй куы ахицæн, уый фæстæ 1998 азы рауагъдад «Ир»-ы рухс федта йæ равзаргæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Табуйаг». Алкæцыйы дæр дзы ирдæй зыны, Зинæ йæ райгуырæн бæстæмæ цы ахаст дары æмæ йæ куыд тынг уарзы, уый.

Хъостыхъоты Зинæйæн йе сфæлдыстад бирæвæрсыг у. Йæ хъару æвзæрста æндæр жанрты дæр — прозæйы, драматургийы, публицистикæйы. Царды ахсджиаг фарстатæн æдзухдæр агуырдта дзуапп, æхсæнадон цардæй дæр фæсфæд никуы лæууыд. Хостыхъоты чызг йæ фæстæ ныууагътæ æнæмæлгæ курдиатджын æмæ хорз адæймаджы ном. Цалынмæ йе сфæлдыстад цæра, уæдмæ цæрдзæнис йæ рухс ном.

Нæ уацх.