Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны кусджытæн ахуырадон уагдоныл 85 азы сæххæсты цытæн.

Паддзахады сæргълæууæджы цæст коллективæн бауарзта æнтыстджын сфæлдыстадон архайд æмæ стыр æнтыстытæ æвзонг нывгæнджытæ схъомыл кæныны хъуыддаджы.

«Бузныг уын, æвзонг фæсивæды аивад уарзыныл кæй ахуыр кæнут, уый тыххæй. Уæ бæрзонд профессионализм æмæ зæрдæхæлар ахаст æрвылаз дæр бирæ абитуриентты æрбакæнынц. Æхсызгон мын у, нæ курдиатджын фæсивæд сæ куыстытæ кæй равæрынц æндæр бæстæты, афтæмæй сæ адæмы культурæйæн кад кæнгæйæ», — загъта Гаглойты Алан.

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ раарфæ кодта ахуыргæнæндоны коллективæн бæрæгбоны цытæн.

«Сфæлдыстадон адæймаг йæ куыстыты бавæры йæ уд æмæ йæ нывтæй фæцæуы хъармдзинад уæлдай æнахуыр энергетикæимæ. Бузныг уын уæ куысты тыххæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы уæ развæдгæнджыты кадджын традицитæ дарддæр кæнын», — загъта уый.

Нывкæнынады аивады рæзтмæ егъау сæрмагонд лæггæдтæ, рæзгæ фæлтæры ’хсæн национ культурæ пропагандæ кæныны тыххæй Президент радта «РХИ-йы адæмон нывгæнæг», «РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг», «РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг», «РХИ-йы сгуыхт экономист»-ы кадджын нæмттæ, афтæ ма культурæ æмæ аивады рæзтмæ сæрмагонд хайбавæрд, цæсгомджын педагогон архайд æмæ Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоныл 85 азы сæххæсты цытæн кусджытæн лæвæрд æрцыдысты РХИ-йы Кадджын грамотатæ.