Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уагъд æрцыд цымыдисон хъазт. Хайад дзы райстой ацы уагдоны ахуыргæнджытæ. Хъазт уыд хиирхæфсæн – зонадон. Кæд æмæ хъæзтытæ, фæрсæрдыгæй бакæсгæйæ, уыдысты куыд хиирхæфсæн, уæддæр, зæгъæн ис, кæй уыдысты нысаниуæгджын.  Сæ сæйраг нысан уыд хайадисджытæ сæ кæрæдзимæ цахæм ахаст дарынц, кæрæдзийæн куыд кад кæнынц, уый рафæлгъауын. Мадзал уагъта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны æвзонг ахуыргæнæг-психолог Бибылты Мальвинæ.

«Махæн ныртæккæ ис тынг хорз фадат ацы хъæзтытæ ауадзынæн, уымæн æмæ сывæллæттæн ис улæфт. Æмæ мах æппæт дæр сараздзыстæм, цæмæй сывæллæтты æрбацыдмæ уæм цæттæ. Махмæ, галуаны архайы ахæм программæ, иу къласы бирæ сывæллæттæ куы вæййы  æмæ  уыдонимæ цалдæр ахуыргæнæджы иумæ куы фæкусынц. Уыдонæн цæмæй сæ куыст эффективондæр уа æмæ иумæ хуыздæр кусой, уый тыххæй сын сæвæрдтон алыхуызон хъæзтытæ»,- банысан кодта  ахуыргæнæг-психолог.

Бибылты Мальвинæ куыд загъта, афтæмæй уым нæ республикæйы ахæм тренингтæй нæ пайда кæнынц.

«Ахæм тренингтæй нæ республикæйы иннæ уагдæтты никуы пайда кæнынц. Нæ ахуыргæнджытæ куыд фæдзурынц, уымæ гæсгæ сын ахæм хъæзтытæ тынг феххуыс вæййынц сæ хъомыладон куыстæн æмæ сын вæййы хорз фæстиуджытæ. Мах сорганизаци кодтам ахæм  хъæзтытæ, куыд «палочка», «лист бумаги», «моя башня выше, «подарок бабушки» æмæ æндæртæ. Ахуыргæнджыты куыстæн цахæм нысан вæййы, уымæ гæсгæ сын ауадзын хъæзтытæ, тренингтæ, цæмæй сæ хъуыддаджы уой æнтысджын æмæ рæвдз»,- банысан кодта психолог.

Ахæм хъæзтытæ Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны уагъд фæцæуынц арæх. Сæйраджыдæр сæ фæуадзынц сывæллæттæ галуанмæ куынæ фæцæуынц, ома улæфтыты рæстæджы, цæмæй сæхи хуыздæр бацæттæ кæной ахуыры райдианмæ. Ахуыртæ уагъд фæцæуынц, цалдæр этапæй. Уыдон нымæцы кинонывтæм бакæсын, ахуыргæнæг цы уавæры бахауа, уый фæдыл иумиагæй æрдзурын.

Ахуырады куысты фæдыл директоры хæдивæг Гæбæраты Светланæ куыд радзырта, уымæ гæсгæ тынг йæ зæрдæмæ фæцыд ахæм цымыдисон хъæзтытæ æвæрд кæй цæуынц, уый.

«Нæ уагдоны психолог кæд æмæ нырма хæрзæвзонг у, уæддæр хорз зоны йæ дæсныйад æмæ йын æнтыстытæ ис йæ куысты. Йæ зонындзинæдтæ не’вгъау кæны сабитæн дæр. Ахæм ахуыртæ тынг вазыгджын сты æрмæст ахуыргæнджытæн нæ, фæлæ сабитæн сæхицæн дæр».

Хъазт уыд тынг цымыдисон. Йæ хайадисджытæ архайдтой, цæмæй сæ хæслæвæрдтæ тагъддæр æмæ хуыздæр сæххæст кæныныл. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнджытæ равдыстой, сæ куыст хорз организацигонд кæй у æмæ афтæмæй сæ бон кæй у цыфæнды уæззау уавæрæй дæр рахизын.

«Фыццаджыдæр мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Бибылты Мальвинæйæн, тынг арæх нын æвæры ахæм хъæзтытæ, кæцытæ нын нæ коллективы кæнынц æнгомдæр. Хъæзтытæ ахæмтæ сты æмæ бар-æнæбары дæр равдисæм нæ хæлардзинад, кæрæдзимæ нæ хорз ахаст»,- банысан кодта галуаны музыкæйы ахуыргæнæг Дзигойты Маринæ.

Мальвинæйы куы афарстон, зæгъгæ, дæм кæд фæзынд уыцы хъуыды, цæмæй ахуыргæнджытæн ауадзай ахæм цымыдисон æмæ хъæуæг тренингтæ, уæд мын афтæ сдзуапп кодта: «Ахæм хъуыды мæм фæзынд Ногазон бæрæгбонты фæстæ, цæмæй мах, ахуыргæнджытæ æмархайд кæнæм. Æмæ дарддæр дæр цы нысæнттæ æвæрой, уыдоны фæдыл дæр уагъд цæудзысты тренингтæ.

Дарддæр фæнд кæнын аргъæутты сфæлдыстадон равдыст саразын, ома, алкæцы ахуыргæнæг дæр сюжетмæ гæсгæ хъуамæ æрымыса æмæ ныффысса аргъау æмæ сын уый фæстæ сорганизаци кæндзыстæм равдыст. Кæй аргъау цымыдисондæр рауайа, уымæн сараздзыстæм чысыл брошюрæ дæр. Уый дæр сараздзыстæм куыд хъазт, ахæм хуызы»,- загъта йæ ныхасы кæрон Бибылты Мальвинæ.

КОКАЙТЫ Зарина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.