Республикон бирæпрофилон меди-цинон центры травматологийы хайад 23-æм майæ пайда кæнын райдыдта туджы плазмæйæ, кæцы хъæздыг у тромбоциттæй æмæ иттæг хорз æндавы рынчын адæймагыл. Бауадзынц æй уæрджыты, сины, уæхсчы-артрозы рæстæджы.

Плазматерапийæ пайда кæнынц операциты рæстæджы дæр, цæмæй саст стæгæн йæ рис сиса, стæй ма стæг зынтæй куы фегас кæны, уыцы рæстæджы дæр.

Травматологийы хайады хирург Козаты Димитр куыд зæгъы, афтæмæй ацы процедурæтæ арæзт цæуынц ног ифтонгады руаджы, кæцы æлхæд æрцыд Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрады æххуысæй. Раздæр дæр, дам, рынчындоны арæзтой плазматерапи, фæлæ уый уыд дæргъвæтин процедурæ. Ныр сæрмагонд ифтонгад, кæцы хуыйны «Центрифуга», цыбыр рæстæгмæ гемоконсерванттæй ныссыгъдæг кæны плазмæ æмæ цæттæ вæййы плазматерапимæ.

Дохтыр куыд зæгъы, афтæмæй нæ республикæйы цæрджыты ‘хсæн  бирæ ис, артрозæй чи тыхсы, ахæмтæ. Фылдæр хатт уыдон сæ рыст нæ фæуромынц. Уæраджы кæнæ сины куы æрбынат кæны низ, уæд æруатон вæййынц. Цы ног ифтонгад фæзынд, уый фенцондæр кæны рынчыны уавæр. Ацы процедурæтæ аразын травматологийы райдыдтой ивгъуыд къуырийæ. Уæдæй нырмæ рынчындонмæ æрбацыд 20 пациенты. Дохтырмæ рады чи æнхъæлмæ каст, уыцы рынчынтæ загътой, зæгъгæ, ацы методæй процедурæтæ аразыны фæстæ сæ рыст бæрæг фæкъаддæр. Кæд æмæ-иу раздæр плазмæтерапийы судзинтæ саразыны тыххæй рынчындоны хъуыд схуыссын, уæд ныр та пациенты цалдæр сахатмæ ауадзынц хæдзармæ. Вæййы афтæ дæр, æмæ рынчындонмæ пациент æрбацæуы лæдзæджы æнцой, фæлæ процедурæ саразыны фæстæ йæ рыст фæкъаддæр вæййы æмæ сæрибарæй аздæхы сæхимæ.

«Инъекци аразыны тыххæй хъæуы бацæуын Козаты Димитрæн йæхимæ, уый лæмбынæг байхъусы рынчынмæ, сæвæры йын диагноз, цы хостæ йын рафыссы, уыдон хъæуы баназын æмæ уый фæстæ та снысан кæны плазматерапи. Ацы процедурæтæ арæзт цæ-уынц 6 мæй иу хатт. Цадæггай рыст фæкъаддæр вæййы. Раздæр ацы процедурæтæ аразынмæ цыдтæн, Цæгат Ирыстоны травматологийы цы сæрмагонд клиникæ ис, уырдæм. Уым иу процедурæйы аргъ у 15 мин сомы. Ам та дын æй аразынц æнæаргъæй. Ныр уырдæм цæуын кæй нал хъæудзæн, уымæй иттæг райгонд стæм», – зæгъы пациенттæй сæ иу.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.