Афтæ цæмæн хуйны?

ЯНВАР

Алы ног аз дæр райдайы Январæй. Уый у афæдзы фыццаг мæй. Ахæм ном ын радтой рагон ромæгтæ. Сæ мифологийы дуары, кулдуары, хæдзары рахизæны, хæдзармæ бахизæны бардуаг Янусмæ гæсгæ. Янусыл сæхи фæдзæхстой ромаг легионтæ хæстмæ цæугæйæ. Иуныхасæй, у ирон мифологийы Къæсæры Уастырджийы халдих. Фæндаджы райдайæны бардуагæн бахæс кодтой рæстæджы, афæдзы райдайæныл дæр аудын. Январь та ирон адæм хонынц Тъæнджы мæй. Раджы йыл ныффидар ацы ном.

Дзырд тъæнг амоны зæл. Карз уазал æхсæвты, уыдон та фылдæр хатт вæййынц тъæнджы мæйы, зæхх аскъуыдтæ вæййы æмæ бирæ хæттыты бæлæсты дæр афады. Ахæм æхсæвты фæхъуысы, зæхх æмæ бæлæстæ куыд фескъуыйынц, уый зæлтъæнг. Егъау дзаг бæрцуат куы асæтты, уæд дæр фæзæгъæм: нытътъæнг ласта.

Тъæнджы мæй раздæр нымад цыд ныры январы æмбисæй февралы æмбисмæ.

Джыккайты Шамил

НОГБОНЫ БÆЛЛИЦТÆ

 Ног аз нæм æрцыди – аивдзæн нæ цард,

Фароны мæстытыл бандзарæм цъæх арт.

Кувæм æмæ нуазæм, абузы нæ цин,

Рог аууæттау сæфынц хахуыр æмæ хин.

Сой кæнæм – æрцæудзæн Иры зæхмæ сой,

Ног аз нын æрхæсдзæн фарн æмæ æнцой.

Ферох уыдзæн махæй рагон хъыгау хæст,

Хорз фæндтæ кæндзыстæм хорз куыстæй æххæст.

Бонты хъармæй тайдзæн халасау фыдæх,

Нал уардзæн ызды-зæгъ, нал æнкъуысдзæн зæхх.

Ног Бон, уæд æртхурон Рухсы зæдтæн барст.

Хурау уæд æнæвгъау Иры бæстыл уарзт.

Скæнæд нæ æмдзæрин, сгуыхт æмæ фæрныг,

Уæд нæ зæрдæ арвау тыгъд æмæ æрвыг.

Ног Бон радт мæнæн дæр хорз хъуыддæгтæн рад,

Уадз, кæнон мæ сæрæн рухс хъуыдытæй кад.

Курын æз мæхицæн иу хорзæх æрмæст:

Ир, дæ цин, дæ хæрзтæй ма ’фсæдæд мæ цæст!

Дзасохты Музафер

 НОГ АЗ

 Алы бон цæут æгас,

Митын Дада, наз бæлас!

Ног аз нæм æрцыд уæ фæрцы

Урс-урсид бæмбæджджын кæрцы.

Алкæмæн нæ хуын æрхаста

Аивхуыд дзæкъулы бастæй.

Кафæм, зарæм, хъуысы дард

Цины хъæр, фæндыры цагъд.

НОГ АЗ 

 Цыппурсы мæйы фыццæгæмы адæм фæбæрæг кæнынц Ног азы фыццаг бон. Уый дунейы адæмтæн куыд æхсызгон, куыд уарзон бæрæгбон у, ахæм уарзон æмæ æхсызгон бæрæгбон у ирон адæмæн дæр. Сæхи йæм цæттæ кæнын райдайынц рагацау. Фынгыл æрæвæрынц алы нозтытæ, алы хæринæгтæ, алы дыргътæ, се ‘хсæн – æртæ чъирийы, физонæг. Сывæллæттæ кæмæ ис, уыдон саразынц заз бæлас, сфæлгонц æй кæнынц рæсугъд, æрттиваг хъазæнтæ æмæ цырæгътæй.

Ног аз у бинонты бæрæгбон, фæлæ бирæтæ уыцы æхсæв æрбахонынц сæ сыхæгты, сæ хæстæджыты. Ног азы бадт вæййы хъæлдзæг, фæкафынц, фæзарынц, фæхудынц. Хистæр скувы, цæмæй бинонтæн, сыхбæстæн, ирон адæмæн, æппæт дунейы дзыллæтæн дæр сæ фыдбылызтæ, сæ низтæ зæронд азы баззайой, зæронд азы хорз дзинадæй цы уыд, уыдон та Ног азмæ рахизой.

Ног аз куы ралæууы, уæд фынджы хистæр ногæй æртæ чъирийы скувы, цæмæй Ног аз ног хæрзтæ æрхæсса, бинонтæ æмæ, фынджы алыварс чи бады, уыдоны бафæдзæхсы Хуыцау æмæ йе сконд зæдтыл.

Бадт ахæссы фæсæмбисæхсæвмæ, иу куывд иннæйы фæивы. Алы хæдзарæй дæр цины зæлтæ æмæ цырæгъты рухс тынтæ æддæмæ фæивылынц.

Гусалты Замирæ

МИТЫН ДАДА

Митын Дада, Митын Дада

Цу нæм алæбон æгас!

Митын Дада рахæс демæ

Сывæллæттæн заз бæлас.

Заз бæласыл гагадыргътæ,

Хуртæ, стъалытæ мæ мæй.

Заз бæласыл хъазæн мæргътæ,

Хъазæнт къалиутыл фæрнæй.

Митын Дада, Митын Дада

Цу нæм алы бон æгас!

Иры бæстæн алы хатт дæр,

Амондджын куыд уа сæ аз!

Коцойты Арсен

ХУР ÆМÆ МÆЙ

Ирон легендæ

Дуне срухс кæнынæн Хуыцау сфæлдыста дыууæ рухсдæттæг къорийы. Иу дзы хъуамæ уыдаид арвыл боныгон æмæ рухс кодтаид адæймаджы фæндаг æмæ куыст, иннæ хъуамæ сыгъдаид æхсæв æмæ хастаид адæймагæн тыхдæттæг хуыссæг. Дыууæ къорийæ алкæй дæр фæндыд боны цырагъ уæвын, уæд зæххыл уыдаид нымаддæр æмæ кадджындæр. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ æмæ сын быцæу бацайдагъ. Уæд сын Хуыцау афтæ зæгъы:

– Ахсæв дыууæйæ дæр бафынæй кæнут, стæй, æхсæв æмæ бон кæрæдзийæ куыд хицæн кæной, уыцы сахат уæ арвгæрон раздæр чи фæзына, уый уыдзæн боны рухсдæттæг, иннæ та – æхсæвы.

Дыууæ къоримæ Хуыцауы уынаффæ хорз фæкаст, æмæ хуыссæнты сæхи æруагътой. Сæ иу схуыссыд фæлмæн пакъуы базтыл æмæ уайтагъд афынæй ис; иннæ йæ быны сындзытæ бакодта, цæмæй ма бафынæй уа æмæ райсомæй арвыл раздæр ферттива, уый тыххæй. Уыцы къори бирæ фæхæцыд æгъатыр хуыссæджы ныхмæ, фæлæ бонырдæм йæ хъару асаст, рæдзæ-мæдзæ байдыдта æмæ уый дæр бафынæй. Фыццаг къори хуыссæгæй бафсæст, рог æмæ тыхджынæй ссыди арвыл æмæ дунейыл тауын байдыдта хъарм æмæ цардхæссæг тынтæ…

Æрæджиау райхъал иннæ къори дæр. Скасти арвмæ æмæ федта йемæ ерысгæнæджы: уый бæрзондæй сæрыстырæй фæлгæсы дунемæ æмæ уæлахизы цинæй уадзы цæхæр тынтæ. Уæд дыккаг къори фефсæрмы йæ хъысмæтæй, афæлурс æмæ йæ цæсгом нал бахъæцыд арвмæ ссæуын, йæхи равдисын. Æрмæст фыццаг къори хæхты фæстæ куы фæаууон ис, уæд уый дæр ссыди арвыл æмæ акаст дунемæ ризгæ тæссонд тынтæй…

Уæдæй фæстæмæ арвыл кæрæдзи ивынц хур æмæ мæй.

ТАГЪДДЗУРИНÆГТÆ

Тæрхъусы хъуыст – хъилхъусæй, тæрхъусы хуыст – дæлгоммæ.

Тæвд къæйыл хуылыдз фæрак.

Дзæкъул-мæкъултæй æрбацæуы.

Арв ныр ныннæрыди.

Хъыбыл хъæмп къахы.

Хъыбыл Хъæлты комы хъæмп къахы.

Хъыдырты къæпи – хæдхъуыр къæлæт.

Хъæбæр галæн хъæбæр хъæдæй хъæбæр къæлæт.

Уыци-уыцитæ

Урс мæсыджы  бур æхсин.

                             (айк)

Лæгуынæрфыг рæсугъд цъымарайæ зары.

                                                 (хæфс)

Хуры дæр, уарыны дæр йæ кæрц нæ ласы.

                                                          (фыс)

Йæ къоппа – хырх, Йæ дымæг – æхсырф.

                                             (уасæг)

Уазалы – бæгънæг, Хъармы – тыхт.

                                              (бæлас)

Урс у сæкæрау, æмæ адджын нæу, Фæлмæн бæмбæгау, æмæ хъарм нæу.

                                                                           (мит)

Бырнацты Барон

РУВАС ÆМÆ ФЫР

Кæркдонмæ быргæйæ, рувас фысдонмæ ныххауди. Фыстæ иуварс агæппытæ кодтой æмæ фыртæсæй сæ къæхтæй зæхх хойынмæ фесты.

– Гæды рувас, уый ды куы дæ! Мæ уд мын мæ къæхты бынæй ауайын кодтай. Ныртæккæ дын æз дæ фæрсчытæ анымайдзынæн! – загъта фыр æмæ йæм, йæ сæрæй æвзидгæйæ, фæцæуы.

– Ыс-с-с… Бирæгъ дæ хъусы. Уый мæ расырдта. Куыддæртæй ма уæ бынаты сæрмæ сгæпп кодтон æмæ йæ уæхæдæг уынут… йæ цар мæ быны ныттыдта, – зыр-зыргæнаг хъæлæсæй загъта рувас.

Бирæгъы коймæ фыр дзыхълæуд фæкодта, фæстæмæ фæзылд æмæ фысты ‘хсæн аныгъуылд.

Рувасæн æнхъæлмæ кæсæн нæ уыд: бонмæ бирæ нал баззад. Хæдзары хицау æй куы ‘рбаййафа, уæд æй къупристыгъд кæй акæндзæн йæ усæн æфцæгготæн, уый хорз æмбæрста.

– Ардæм-ма рауай, – фæдзырдта æрæджиау рувас, ныццæвынмæ йæм чи ‘рбацæйцыд, уыцы фырмæ. – Мæнæ ма ам æрлæуу, æз де рагъмæ сгæпп кæнон æмæ бирæгъмæ акæсон, кæддæра ма уым ис!

Баууæндыди та фыр ацы хатт дæр рувасыл. Куыд ын загъта, афтæ бакодта: цар цы ран фегом, уый бынмæ бауад. Рувас йе рагъмæ сгæпп кодта, уырдыгæй – хуынкъмæ æмæ федде ис. Йæхæдæг бынмæ æркаст æмæ фырмæ æрдзырдта: “Фыс уыдтæ æмæ фысæй баззадтæ… Мæ сайд фæу…”

Къадзаты Станислав

 ***

Цы у ирон æвзаг мæнæн?

Мæ кувæндон, мæ цард,

Сæууон хуры тæмæн,

Мæ удлæууæн мæ уарт.

Цы у ирон æвзаг мæнæн?

Мæ нысан æмæ фат,

Нæ ивгъуыдмæ дæгъæл,

Нæ фидæнмæ фæндаг.

   Æнæ уый æз цы дæн?

Æнæ фæттæ æрдын,

Æнæ хъама кæрддзæм,

Æнæ хъистæ фæндыр.

Æнæ уый æз цы дæн?

Æнæ уый æз нæ дæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.