Нæ мадæлон æвзаг у  нæ царды бындур, нæ  сæйраг цæджындз æмæ йæ хъысмæт фидар баст у нæ адæмы хъысмæтимæ. Ирон адæмæн се ‘нусон фæндаг фыдæлтæй фæстæмæ æнцон никуы уыд. Бирæ-иу сæ нал хъуыд бынсæфт кæнынмæ. Фæлæ нæ фыдæлтæ бахъахъхъæдтой, фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæ-вæрдтой æмæ абоны онг æрхæццæ кодтой сæ диссаджы æгъдæуттæ æмæ сæйраджы та – се ‘взаг. Ӕмæ йæ ныр мах хъуамæ дæлдзиныг кæнæм?  Ӕниу мæсыг хи дурæй хæлы, иронау куы сдзурæм, уæд нæм афтæ фæкæсы, цыма нæ чидæр нæ бамбардзæн. Не ‘взаг махæн канд дзурынæн нæу, уый махæн у нæ  удварны ахсджиагдæр хæзна, нæ культурæ, нæ фарн.

Зæххы къорийыл цы дыууæ минæй фылдæр æвзаджы ис æмæ сыл чи дзуры, уыцы адæмтæ сæ историон рæзты æмдзу нæ кæнынц, иутæ дзы уæлдæр къæпхæнмæ схызтысты, æндæртæ та фæстейæ зайынц. Афтæ ма уыцы адæмтæ кæрæдзийæ хицæн кæ-нынц сæ нымæцæй дæр æмæ фылдæр чи сты, уыдон тыхджындæр кæй сты, уымæй дæр. Тыхджындæр сты æрмæст тыхæй, экономикон æмæ культурон æгъдауæй нæ, фæлæ тыхджындæр вæййы се ‘взаг дæр. Афтæ, æмæ алы æвзагæн дæр ис йæхи хъысмæт.

Йæхи хъысмæт ис нæ мадæлон æвзагæн дæр, кæцы нæм æрхæццæ скифтæ, сæрмæттæ, аланты дугæй. Нæ адæмау, уый дæр фæцыдис йæ историйы вазыгджын фæндæгтыл, фæлæ уæддæр мæлын нæ бакуымдта, уымæн æмæ историйы фыдæвзарæнтæн сæттын нæ бакуымдтой, чи йыл дзырдтой, уыцы адæм – нæ фыдæлтæ.

Адæмæн кæд раздæр сæхи æвзаг фаг уыдис, цæмæй сæ-хицæн цардаиккой,  уæд ныры – глобализацийы дуджы уый фаг нал у, адæм кæрæдзийы ‘хсæн змæлынц, æмæ хъæуы æндæр, тыхджындæр æвзæгтæ зонын. Афтæмæй чысылдæр æвзæгты хъысмæт бæллиццаг нæу. Ууыл дзурæг у, ЮНЕСКО  кæй ныммыхуыр кодта уыцы номхыгъд, кæцымæ хаст æрцыд, фесæфынæй тас кæмæн у, уыцы æвзæгтæ. Хъыгагæн, се  ‘хсæн ис ирон æвзаг дæр. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ мах хъæуы æппæт фæрæзтæ æмæ фадæттæй спайда кæнын, цæмæй нæ царды мадæлон æвзагæн уа, цахæм æм æмбæлы, ахæм аккаг бынат. Ахæм рæстæг у, æмæ æмдыхæй, æмзондæй хъуамæ фидар хæцæм кæрæ-дзийыл, не  ‘взагыл, не  ‘гъдæуттыл. 

Ныртæккæ паддзахады ‘рдыгæй ирон æвзагмæ хуыздæр хъусдард ис. Скъолаты æмæ рæвдауæндæтты фылдæр хъусдард здæхт цæуы йæ амонынмæ. Уыгъд цæуынц  ахуыргæнæн æмæ методикон чингуытæ, кæцытæ ахъаз кæнынц хуыздæр æй бауарзынæн. Ӕмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон æвзагмæ лæмбынæг  сæ хъус æрдардтой  скъолаты æмæ рæвдауæндæтты. Уæлдайдæр та уый зыны хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæн сæ куысты фæс-тиуæгыл. Рæвдауæндæтты сабитæ  иронау  сыгъдæг фæдзурынц æмæ уый  арфæйаг хъуыддаг у. Фæлæ, хъыгагæн, бирæ бинонтæ ацы хъуыддагмæ кæсынц уæлæнгай цæс-тæй. Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой, зæгъгæ, царды иутæ хъуыддæгтæ аразынц, иннæтæ та сын сæ конд хъуыддæгтæм фаутæ хæссынц. Цæуылнæ дзуры алы ныййарæг дæр йæ хъæбулмæ йæ мадæлон æвзагыл? Ирон адæммæ ис ахæм æмбисонд: “Иу мад, дам, йæ ноггуырд сабимæ дзыхæй нæ дзырдта, æмæ сывæллон дзурынхъом куы фæци, уæд дзурыны бæсты, йæ мад-иу æм дзидзи дарынмæ цы дуарыл хызт, уый хъинц фæзмыдта”.

Уыцы æмбисонд кæны нæ сабитыл дæр. Ирон бинонты ‘хсæн бирæтæ нæ пайда кæнынц мадæлон æвзагæй, сæ сывæллæттæм дзурынц уырыссаг æвзагыл, сæ сæрмæ нæ хæссынц сæ ирон æвзаг. Ӕмæ ныр та дуары хъинцъы бæсты хъусынц уырыссаг æвзаг.   Ахæм ныййарджыты зонын, æмæ уырыссаг æвзаг сæхæдæг рæстмæ зонгæ дæр нæ кæнынц, афтæмæй  цъæр-рæмыхстытæгæнгæ сæ сывæллæттимæ фæдзурынц. Уыйадыл сывæллон нæдæр –  йæ мадæлон æвзагыл фæдзуры æдæрсгæйæ, нæдæр уырыссагау, æмæ  сæ сывæллæтты фыдæбонæй марынц. Сывæллон чысылæй фæстæмæ куы нæ ахуыр кæна ирон æвзаг, уæд сафы ирон æгъдау, ирондзинад, ирон культурæ.

Йе ‘взаг чи нæ зоны æмæ уарзы, уымæн йæ адæмы ‘хсæн зын цæрæн у, æцæгæлон сын у. Уымæн æмæ сæ нæ хъæуы, йе ‘взаг, йе ‘гъдæуттыл былысчъилтæ чи кæны, ахæм адæймаг.

Не ‘взаг куы амæла, уæд æнæфесæфгæ нæй нæ наци-йæн дæр. Уый  алчи дæр зоны, фæлæ алчи нæ аразы, уымæй цы кæнгæ у, уый – дзурын ыл кæй хъæуы, уарзын æй кæй хъæуы.

Уый у махæй алкæй хæс дæр æмæ йæ хъæуы æрмæстдæр æххæст кæнын. Ӕмæ уымæ гæсгæ хистæрæй-кæстæрæй, нæлгоймагæй-сылгоймагæй бахъахъхъæнæм нæ ирон æвзаг бинонты ‘хсæн, хъæубæсты, сыхбæсты. Уымæн æмæ æнæ мадæлон æвзаг уæвæн нæй нæ кадæн, нæ фарнæн, нæ цардаразæг æгъдæуттæн.

Æлборты Агуындæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.