1941 азы июны мæйы фашистон Герман нæ бæстæмæ куы æрбабырста æмæ йæ хæсты цæхæры бын куы фæкодта, уæд Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ растадысты йæ бон кæмæндæриддæр уыд хæцæнгарз йæ къухмæ райсын, уыдон. Хæстмæ цыдысты комкоммæ скъолайы партæйæ дæр. Уыдон нымæцы уыд Мæргъиты Къоста дæр.

Мæргъиты Иосифы фырт Къоста райгуырд 1922 азы 15 июлы, Знауыры районы Мимолойы комы, Аунеуы хъæумæ æввахс. Аунеуы астæуккаг скъола каст фæцис 1941 азы. Къостайæн йæ бæллиц уыд литературон сфæлдыстад… фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст дæр.

Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 16 аздзыдæй.  Йæ фыццаг æмдзæвгæ «Уалдзæг», зæгъгæ, мыхуыр æрцыд «Коммунист»-ы (ныртæккæ газет «Хурзæрин»).  Хæсты размæ уый зонгæ уыд Гафез, Дзугаты Георги æмæ æндæр фысджытимæ.

Хæсты райдианæй мæй фæстæдæр æрсиддонты къорд 12 лæджы скондæй, уыдонимæ Къоста дæр, æрцыдысты мобилизацигонд. Къорд æрвыст æрцыд Бакумæ, хъахъхъæдта æфсæддон аэродром. Æхсæз мæйы фæстæ дыууæйæ ацы къордæй – Мæргъиты Къоста æмæ Бибылты Енвер æрвыст æрцыдысты Гурджаанмæ, цæмæй сæ бацæттæ кодтаиккой, сусæг службæмæ чи хауы, уыцы зæлсгарджыты къордмæ кусынмæ. Ацы ахуыр домдта математикæ хорз зонын – математикон анымадмæ гæсгæ бæлвырд кодтой знаг кæцæй æхста, уыцы бынат æмæ йæ хъусын кодтой артиллеристтæн телефонæй. «Математикæйы зонындзинæдтæ мын рабæззыдысты зæлсгарджыты къорды», – зæгъы Мæргъиты Къоста.

Гурджаанæй уый арвыстой Ереванмæ, уырдыгæй Сухуммæ фæстæдæр  Бакумæ æмæ 1942 азы кæрон та – фронтмæ, Курганмæ, хицæн фæдысгарæн артиллерион дивизимæ. Уырдыгæй та Мæргъийы фырты йе ‘мбæлттимæ арвыстой Курскмæ, цыран хайад иста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты егъаудæр тохтæй сæ иу – Курскы къæлæтауы тохты. Къоста цы къорды уыд,  уый бæрæггæнæнтæ лæвæрдта артиллеристтæн. Уæззау, карз тохты фæстæ знаг фæстæмæ алæууыд. Немыцæгты размæбырстæн кæрон æрцыд.

Централон фронт дыууæ дих фæци: Фыццаг æмæ Дыккаг Белорусаг фронттыл. Ам дыккаг Белорусаг фронты 62-æм армийы (йæ командæгæнæг инæлар-майор Рокоссовский) сконды тох кодта Мæргъиты Къоста. Ацы армийы тыхтæй сæрибар æрцыдысты Белорус æмæ Украинæйы территоритæ.

1944 азы Сырх æфсад ахызтысты Советон Цæдисы арæнтæй æмæ бахæццæ сты Польшæмæ, дарддæр Уæлахиз хæсгæ цыдысты Германы ‘рдæм. Хæсты быдыры Къоста æрмæст тох нæ кодта, фæлæ-иу куыддæр æхстытæ фæсабыр сты, афтæ-иу фыста æмдзæвгæтæ куы блиндажы, акоппы, кæнæ къутæры бын… Æмдзæвгæты æвдыста хæст адæмæн цы маст æмæ рыст æрхаста, уыцы æнкъарæнтæ. Куыд бирæ ирон поэттæн, афтæ Мæргъиты Къостайæн дæр хæсты быдыры хъизæмайраг бонтæ æрмæст царды скъола нæ уыдысты, фæлæ литературæ хуыздæр банкъарыны скъола дæр.

Æвæццæгæн, амонд йæ хъахъхъæнæг уыд Къостайæн – хæсты рæстæджы уый иу хатт дæр нæ фæцæф знаджы нæмыгæй. Уæлахиз æй æрæййæфта Кенигсбергмæ (Калининград) æввахс горæт Бонцлауы.

Бирæ рæстæджы дæргъы, хæстон фæндæгтыл фæцæугæйæ, ныр бæргæ  тагъд кодта йæ райгуы-рæн бæстæмæ, фæлæ ма йæ бахъуыд иу аз æмæ æрдæг æфсады баззайын.

Сырх Æфсадæй демобилизацигонд æрцыд 1946 азы фæуды. Райгуырæн бæстæйыл æнувыд æмбæстаг, сæдæгай километртæ уæззау æфсæддон фæндæгтыл цæугæйæ, уый цæсгомджынæй сæххæст кодта Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс.

Ирыстонмæ куы æрыздæхт, уæд иу аз бакуыста йæ райгуырæн хъæуы колхозы. Уый фæстæ æрцыд Сталинирмæ – куыста радиокомитеты ирон алæвæрдты редакторæй. Дыууæ азы уыд журнал «Фидиуæджы» литкусæг. 1952 азæй 1955 азмæ куыста газет «Коммунист»-ы хайады гæсæй. 1957 азмæ   уыд Гуырдзыстоны радиокомитеты Хуссар Ирыстоны бæрнон кусæг, стæй та куыста журнал «Фидиуæджы» бæрнон нымæрдарæй.

1957 азы райдианæй кусын райдыдта газет «Советон Ирыстон»-ы тæлмацгæнæгæй. Уыцы аз ацыд Мæскуымæ М. Горькийы номыл литературон институтмæ уæлдæр литературон курсытæм. 1961-1965 азты фæсаууонмæ ахуыр кодта Мæскуйы литературон институты. Ахуыры азтæ бæрæг фæхуыздæр кодтой Къостайы поэтикæ.

Мæргъиты Къоста газеты бакуыста 1975 азмæ. Дæс азы дæргъы уыд Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады нымæрдар. Куыста ма Цæдисы литературон консультантæй.

Фæлæ, уæддæр йæ сæйраг куыст уыдис поэзи. Дзуццаты Хадзы-Мураты загъдау: «Хæст нæ адæмæн цы стыр зиæнттæ æрхаста, цы стыр трагеди сыл æрцæуын кодта, уый у Мæргъийы фырты поэзийы бындур».

Райгуырæн бæстæйы раз сгуыхтдзинæдтæн æрцыд аккаг аргъ. хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты II къæпхæны орден, майдантæ «Æхсардзинады тыххæй»,  «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй», «Варшава ссæрибар кæныны тыххæй», «Германыл фæуæлахизы тыххæй», Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады æмæ Адæмты хæлардзинады ордентæй æмæ æндæртæ.

Мæргъиты Къоста у зындгонд поэт, Хуссар Ирыстоны сфæлдыстадон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй сæ иу. Хъазиты Мелитон цæйау зæгъы: «…уый хауы йæ адæмæй чи никуы фæхицæн вæййы, йæ адæмы æрвылбонон цардмæ чи дары йæ хъус, йæ цæрайæ чи цæры, уыдонимæ «а» æмæ «о»-йæ кæмæн у йæ ныхас кæмæй загътон, нæ хъысмæт кæй æндавы, уыцы фысджытæм. Æнæ Ирыстоныл хъуыдыгæнгæ йын никуы уыдис цард, æнæ Ирыстоныл хъуыдыгæнгæ никуыдæр бæллыдис цардмæ… афтæ уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Афтæ уыд хæсты фæстæ, адæмон хæдзарад йæ къахыл слæууын кæныны дуджы. Афтæ уыд уый фæстæ азты æмæ ныр дæр».

Стыр Уæлахизы бонмæ нæ фæнды Мæргъиты Къостайæн æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Хуссар Ирыстоны æппæт ветерантæн æнæниздзинад æмæ бирæ азты цæрæнбон.

Дзебысаты Гуло

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.