ДИНЫ УАЦАР ÆВИ СÆРИБАР?

Æппынфæстаг, фæуæлахиз рæстдзинад! Ныр цал азы цæуы тох, Уæрæсейы фылдæрæй-фылдæр чи кæны, уыцы “Иеговайы æвдисæнты” ныхмæ, фæлæ сын сæ архайд бауромын никæй бон бацис. Уыдонæй æнæхъæн Уæрæсейы регистрацигонд сты 2277, чи йæм кувы, уыдоны нымæц та у милуантæй нымайгæ. Æрмæст Цæгат Ирыстоны сæ нымæц у фондз минмæ æввахс. Уыдон рацу-бацу кæнынц бон изæрмæ уынгты æмæ сæ дин хъарынц, адæм сæ фæлмæцынц. Уæдæ ацы дины аууон фыдракæндтæ чи фæкодта, ахæм цаутæ дæр бирæ ис. Ныр ацы бонты Уæрæсейы нациты фæдыл министрады амындæй Сæйраг тæрхондон рахаста официалон уынаффæ амынд дины хуызы экстремистон схонын æмæ йын йæ архайд бауромын, стæй сын сæ мулк паддзахады исбонадмæ райсын. Мулк та чысыл нæу. Фæсарæнтæй миллиардтæ ивылы Уæрæсемæ æрмæст дины литературæ уадзыны тыххæй дæр. Ахъуыды кæнын хъæуы ууыл дæр, æмæ уыцы æхца æнæхъуаджы кæй ничи дæтты.

Канал “Спас”-æй митрополит Иларион Волокамский куыд загъта, афтæмæй ацы ахуырад халы адæмы, бинонты психикæ, иппæрд сæ кæны æхсæнадæй, сæхи чырыстæттæ хонгæйæ зыгъуыммæ кæнынц чырыстийы ахуырад æмæ адæмы ‘хсæн тауынц фæсарæнтæй æрбайсгæ дин.

Ахъуыды кæнгæйæ, ацы дины уацары чи бахауд, уыцы хуымæтæг адæмы се ‘ппæты экстремисттæ схонын дæр бынтон раст нæу, фæлæ ацы хъуыддагæн йæ уидæгтæ кæцæй цæуынц, уымæ æркæсын хъæуы. Мæнæ цы зæгъы уый фæдыл нæ республикæйы Национ ахастдзинæдты фæдыл министрады дины хъуыддæгты комитеты сæйраг специалист Цæллагты Артур: “Æмбарын хъæуы уый, æмæ фæсарæнтæ æнæхъуаджы кæй нæ калынц уыйас æхца æмæ сæ ахæм хуызы нæ бæстæ ныддихтæ кæнын кæй фæнды. Уæрæсейы сын цы лидертæ ис, уыдон æнтыст-джынæй пайда кæнынц уыцы æхцайæ. Æрмæст адæмы дзы не ‘лхæнынц, фæлæ сæ бизнесы гуырæнтæн нымæц дæр нæй. Ныр архайынц сæ фæсарæйнаг æмхъузонтыл сæ сфидар кæнын, цæмæй сын сæ паддзахад ма байса, фæлæ байрæджы. Уæдæ цы хъулон-мулон зынаргъ чингуытæ хъарынц адæмæн, уыдоны дæр ссардтой экстремизмы тæфаг. Хуымæтæг адæм та йæ не ‘мбарынц æмæ сæ уд хъарынц иеговайæн лæггад кæныныл”.

Кæй зæгъын æй хъæуы, дины разамынд ахæм тæрхоны ныхмæ бадæтдзæн европæйаг тæрхондонмæ йæ хъаст, фæлæ сын дзы ницы рауайдзæн, официалон æгъдауæй экстремистон чи хуыйны, уымæн ма ахæм фадæттæ чи аразы. Æмæ та æрвылхаттау санкцитæ ныххуырсдзысты Уæрæсейыл, фæлæ уый ахæмтыл раджы сахуыр…

Нырæй фæстæмæ бынæттон администрацитæ æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ, алчи йæхи терртиторийыл, сæ цæст дардзысты закъон куыд æххæстгонд цæуы, уымæ. Сусæг æмбырдтæ кæнгæ, дины литературæ парахатгæнгæ кæй базоной, уыдонмæ æнхъæлмæ кæсы канд административон æфхæрд нæ, фæлæ барадон дæр. Уый тыххæй ис тæрхондонмæ раттæн.

Афтæмæй та фæсарæнтæ Уæрæсейы ныхмæ цы мадзæлттæй пайда кæнынц, уыдонæй иу фехæлд…

Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.