Уæлахизы бон у уалдзыгон ирд бæрæгбон, уæлахиздзау адæмы бæрæгбон. Уæлахизы бон у мысынад, истори, цæссыгтæ æмæ рыст… Æрвылаз дæр мах уæрæхæй банысан кæнæм ацы ахсджиаг бæрæгбон. Адæймагады истори зоны бирæ хæстытæ, фæлæ уыдонæй иууыл тæссагдæр, иууыл тугкалæндæр уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцыйы рæстæджы фæмард сты милуангай адæймæгтæ. Уыцы бонæй кæд 72 азы рацыд, уæддæр мах хъуамæ хъуыды кæнæм нæ хъæбатыр фыртты æмæ чызджыты, кæцытæ сæ цард радтой Райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Стыр Уæлахизы цытæн фыдыбæстæйон хæсты ветерантæн кад кæнынц Хуссар Ирыстоны дæр. Сæ номыл ныр цасдæр рæстæджы дæргъы уагъд цæуынц алыгъуызон мадзæлттæ. Иу ахæм цымыдисон мадзал бацттæ кодтой нæ горæты Сывæллæтты республикон библиотекæйы кусджытæ.

11-æм майы Сывæллæтты республикон библиотекæмæ æрбацыдысты РХИ-йы Культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Дзеранты Джульеттæ, горæты ветернаты советы минæвæрттæ, хæсты ветеран Дзеранты Шота, библиотекæты минæвæрттæ, Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы, Цхинвалы скъола-интернаты æмæ гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ. Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта уагдоны директор Джиоты Аллæ. «Стыр бузныг нæ ветерантæн. Уыдон куынæ уыдаиккой, уæд абон мах нæ уаиккам. Стыр бузныг ацы Стыр Уæлахиз нын кæй æрхастат, уый тыххæй. Сывæллæттæ, сымах хъуамæ зонат Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон хæстонтæ уæ дадатæ цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй. Сымах хъуамæ зонат, ирон лæгæн фронты тынг кæй кад кодтой, уый тыххæй дæр».

Бæрæгбонон мадзал уагъта библиотекæйы кусæг Мæргъиты Маринæ. «1941 азы 22-æм июны адæмы сабыр цард фехалгæйæ, æнæнхъæлæджы, хæст æнæ расидгæйæ, фашистон Герман æрбабырста нæ бæстæмæ – Советон Цæдисмæ. Сабыр, хуыцаубоны райсом, нырма адæм фынæй куы кодтой, уæд райдыдта хæст. Советон бирæнацион адæм сыстадысты нæ иумæйаг Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Даргъ цыппар азы ахæссыд ацы хæст. Фæлæ адæм бафæрæзтой, æмæ æппынфæстагмæ, æрцыд Уæлахиз. 1945 азы 9-æм майы Берлины къухтæ фыст æрцыдысты документыл фашистон Германыл советон адæм кæй фæуæлахиз сты, уый тыххæй.  1941 азы 22-æм июнь æмæ 1945 азы 9-æм май æнустæм бацыдысты нæ бæстæйы историмæ. Советон салдаттæ æрмæст сæ райгуырæн бæстæ нæ бахъахъхъæдтой, фæлæ  ма баххуыс кодтой æнæхъæн дунейы фашизмæй ссæрибар кæнынæн. Зындгонд актер Василий Лановой фыста. «Европæйы мæн журналисттæ комкоммæ бафарстой, зæгъгæ, Уæрæсейы æппынæдзух Уæлахизы кой цæмæн кæнут? Мах, зæгъ, æй ныридæгæн ферох кодтам. Уæд сæ æз дæр бафарстон  зæгъут ма мын, уæ бæстæтæ цал боны фæлæууыдысты Гитлеры ныхмæ?  Уыдон мын ницы сдзуапп кодтой. Уæд æз мæ ныхас адарддæр кодтон  Польшæйы бацахстой 28 бонмæ, Дани бафæрæзта æрмæстдæр иу бон. Æмæ æнæхъæн Европæйы та басастой 3 мæймæ. Уæ бæстæты ссæрибар кæнын дæр бахъуыд нæ салдатты, стæй цахæм аргъæй! Советон салдатты милуангай цардæй. Уыдон сæ цард радтой европæйæгты фашизмæй ссæрибар кæныны тыххæй. Европæ хуыздæрыл банымадта, уый тыххæй ферох кæнын. Фæлæ йæ мах никуы ферох кæндзыстæм».

Æдæппæт Хуссар Ирыстонæй фронтмæ ацыд 21 736 адæймаджы, уыдонæй карз тохты фæмард сты 11711 адæймаджы, æбæрæгæй фесæфтысты 7000 адæймаджы, фронтæй сæрæгасæй æрæздæхтысты 3025 адæймаджы. Нæ нацийы уæлдай сæрыстырдзинад у уый дæр, æмæ чысыл Ирыстон Райгуырæн бæстæйæн кæй радта 35 хъайтары. Абон ма фæбæрæг сты ноджы 38 ирон адæймаджы нæмттæ, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты бавдыст æрцыдысты бæрзонд хорзæхмæ, фæлæ алыгъуызон аххосæгтæм гæсгæ нæ райстой «Сыгъзæрин Стъалы»-йы майдантæ. Абон махæн нæ бон у уыцы хъайтарты мысынадæн кад кæнын, цалынмæ сæ хъуыды кæнæм, уæдмæ цæрынц уыдон дæр. Нæ горæты дæр хъайтарты номыл арæзт æрцыд Æнусон Кады Мемориал. Æхсæвæй бонæй уым судзы æнусон арт.

Дарддæр мадзаламонæг Мæргъиты Маринæ загъта: «Сывæллæттæ, радзурдзынæн уын хæсты тыххæй иууыл зæрдæмæхъаргæдæр зарджытæй сæ иу  «Журавли»-йы фæзынды историйы тыххæй. Дзуарыхъæуы Гæздæнты бинонтæн уыд авд лæппуйы. Уыдон иууылдæр кæрæдзийы фæдыл ацыдысты хæстмæ. Сæ сау гæххæттытæ дæр æрцыдысты кæрæдзийы фæдыл. Æртыккаг сау гæххæтты фæстæ амард сæ мад, æмæ фæстаг сау гæххæт куы æрбахастой, уæд сæ фыд бадт къæсæрыл йæ фырты иунæг чызг йæ къухы афтæмæй. Фыды зæрдæ дæр нал бафæрæзта æмæ амард. 1963 азы ацы хъæуы сæвæрдтой обелиск хъынцъымгæнæг мады æмæ авд тæхгæ маргъы хуызы. Иу хатт цыртмæ æрбацыд дагъыстайнаг поэт Расул Гамзатов. Ацы историйы тæлмæнты бын уый ныффыста æмдзæвгæ «Журавли» йæ мадæлон æвзагыл. Ратæлмац æй кодтой уырыссаг æвзагмæ æмæ уый фæстæ та – ирон æвзагмæ».

Уæлахизы цытæн Уæрæсейы бирæ горæтты æмæ фæсарæнты æвæрд æрцыдысты цыртытæ, мемориалтæ. 1967 азы 8-æм майы Æбæрæг салдаты ингæныл Кремлы къулы цур ссыгъд Æнусон арт Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты мысынады тыххæй. Æбæрæг салдаты цыртыл фыст ис: «Дæ ном бæрæг  нæу, Дæ хъайтардзинад æнусон у», зæгъгæ. Цырт æвæрд æрцыд Берлины дæр. Хæстон-ссæрибаргæнæджы цырт у советон салдаты фигурæ, кæцыйæн йæ иу къухы ис цирхъ, иннæ къухы та Берлины пырхæнты бынæй цы немыцаг  чысыл чызджы аирвæзын кодта, уый. 1945 азы хæст кæронмæ фæцæйхæццæ кодта. Советон æфсæдтæ хæцыдысты Берлины, æввахсдæр кодта уæлахиздзинад. Советон æфсады салдат Николай Масалов фехъуыста сывæллоны кæуын æмæ федта чысыл чызджы. Уый уайтагъд пырхæнты бынæй чызджы рахаста æдас бынатмæ æмæ йæ афтæмæй  фер-вæзын кодта. Номхуындæй, уый тыххæй арæзт æрцыд уыцы цырт Берлины.

Ахуыргæнинæгтæ Джиоты Сослан Уалыты Данæ, Гæбæраты Аннæ, Гасситы Мария, Тыджыты Мария, Тъехты Аннæ, Бекъойты Светланæ, Дзанайты Олег, Гуыбеты Арианæ, Гаглойты Юри, Кокойты Дианæ, Ткаченко Дианæ, Тыджыты Миленæ бакастысты хæстыл фыст æмдзæвгæтæ. Уыдон æхсæн ма уыд РЦИ-Алани горæт Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг кæсджыты конкурсы хайадисæг Гаглойты Еленæ. Сывæллæттæ зарыдысты хæстон зарджытæ. Æрæмырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæууынæй ссардтой хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ. Сывæллæттæн уагъд æрцыд викторинæ хæсты темæйыл. Уыдон фарстытæн лæвæрдтой лæмбынæг дзуаппытæ.

Ветеранты номæй раныхас кодта Дзеранты Шота. Уый зæрдæбын арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн, йæ цæст сын бауарзта, цæмæй хæст макуыуал феной æмæ цæрой сабыр арвы бын. Раныхас кодта Культурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Дзеранты Джульеттæ. Уый бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы олрганизатортæн æмæ ахуыргæнинæгтæн. «Мæ цæст уын уарзы уæлахизтæ æрмæстдæр сабыр царды. Мах хæсджын стæм, цæмæй нæ зæрдыл дарæм нæ хъайтарты. Абон мах уыдоны руаджы цæрæм а-зæххыл», – загъта уый.

Мадзалы кæрон Сывæллæтты республикон библиотекæйы директор Джиоты Аллæ зæрдылдарæн лæвæрттæ бакодта ветеранты советы минæвæрттæн. Ахуыргæнинæгтæн та балæвар кодта ацы библиотекæйы кусæджы фырт, амалиуæггæнæг Бежанты Феликс сын цы майкæтæ æрæрвыста, уыдоны. Æрæмбырдуæвджытæ бæрæгбонон мадзалæй баззадысты райгондæй æмæ арфæйы ныхæстæ дзырдтой уагдоны кусджытæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Стыр Уæлахизы цытæн бæрæгбонон мадзал уагъд кæй æрцыд РХИ-йы Культурæйы министрад республикон библиотекæты ‘хсæн цы конкурс расидт, уый фæлæгтты.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.