Дунейы уавæр тынг æндавы адæймаджы зæрдæйы уагыл, æмæ афтæ макæмæ кæсæд, цыма нæм, зæгъæм, скæсæйнаг бæстæты цаутæ дард лæууынц. Ацы фæстаг рæстæджыты Скрипалты бинонты алыварс цы стыр цаутæ æмæ хъаугъатæ æрцыд, уыдонæй дуне, чысыл ма хъуыди, æмæ фæфæлдæхтаид, фæлæ, табу Хуыцауæн, афтæ нæ рауади. Гæдыйы къах цыбыр у, æмæ æнæхъæн дун-дунейы раз политикон мæнгдзинад дзурджытæн сæ хъомыс бирæйы фаг не сси. Рацыд цалдæр боны, æмæ уавæр тæрæзтыл рахизæрдæм уæз кæнын райдыдта.

Куыд рабæрæги, афтæмæй Скрипалтæ – фыд æмæ чызджы æнæниздзинад ивын райдыдта хуыздæрæрдæм, æцæг, бæлвырд ничи зоны, рынчындоны сты, æви ахæстоны æрвитынц сæ бонтæ.

Ацы цауты мах, ирон адæмæн æппæты ахсджиагдæр у нæ стратегион æрдхорд Уæрæсейы политикон хæрзвадатдзинад æмæ æнцойад, уымæн æмæ уый хъысмæтыл æмбаст у нæхи хъысмæт дæр. Йе æмæ Уæрæсейы æнæхъуаджы азымджын кæныны сæраппонд рæстдзинад кæд нырма иттæг нæма фæуалахиз, уæддæр разынд ахæм бæстæтæ, сæ ныхас æдæрсгæйæ æмæ фидарæй чи загъта. Уыдон нæ фæтарстысты дунейы кæфхъуындартæй дæр æмæ равдыстой хиуылхæцындзинад Уæрæсейы ныхмæ ралæууыны сæраппонд. Ахæм бæстæты нымæцы сты Турк æмæ Иран дæр. Уыдон сæ хъуыды равдыстой Уæрæсеимæ æрæджыйы æртæфарсон саммиты. Уыдонæй дарддæр ма ацы хъуыддаджы раст хъуыдыйыл ныххæцгæйæ, лæджыгъæд равдыстой Белоруси, Сири, Казахстан, Сомихстон, Азербайджан, Иран, Венесуэла, Киргизи, Пакистан, Таджикистан, Узбекистан, Никарагуа æмæ Кубæ. Ацы бæстæтæ рахæцыдысты Уæрæсе, Китай æмæ Иран цы фæндон рахастой, фæдысгарæн куысты Уæрæсейы хайадисты тыххæй, уый фарс. Ацы бæстæтæ сты химион хæцæнгæрзты ныхмæлæууæг организацийы уæнгтæ.  Итали, Австри, Кипр, Греци, Словаки æмæ Белги та æнхъæлмæ кæсынц фæдысгæрсты фæстиуджытæм, развæлгъау мæнгдзинадыл нæ разы кæнынц.

Экономикæйы рæзты хъуыддаджы æнтыстджындæр чи у, уымæн политикæйы дæр стырдæр уæз вæййы, уымæн æмæ экономикæ, бирæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ, сæйрагдæр у политикæйæ. Ацы ныхас хауы Китаймæ, уымæн æмæ ныртæккæ Китай йæ экономикон размæцыды барæнтæм гæсгæ у дунейы раззагондæр, æмæ ацы хъомысджын бæстæ Уæрæсейы фарс кæй лæууы, уый дæр хорзæрдæм æндавы дзыллæты хъуыдыкæнынадыл фæстаг рæстæджы цы политикон хъаугъатæ цæуы, уыдонмæ ахасты. Уымæй дарддæр ма бафиппайын æмбæлы, Турчы сæргълæууæг Эрдоган Владимир Путинмæ цы хъарм ахаст дары, уый дæр. Уый йæ æндæр ницы схоны «мæ зынаргъ æфсымæр» – æй дарддæр.

Ацы политикон æмтъерыйы ма адæймаджы дисы æппары Америчы президент Трампы фæлдурæдджындзинад дæр. Уымæн, раст цыма фæлтæргæнæг рынчын у, уыйау ивы йæ ахаст æмæ йæ зæрдæйы равг. Куы Уæрæсейы ныхмæ карз санкцитæ æвæрын кæны, куы Владимир Путинæн арфæтæ кæны æвзæрстыты йæ уæлахизы тыххæй. Бынтон æрæджы та, Прибалтикæйы æртæ бæстæйы йæм Уæрæсейæ хъастгæнгæйæ хæрзиуæггур куы ныццыдысты, уæд сын уайдзæфы хуызы загъта Уæрæсеимæ фидауын хорз хъуыддаг у, æмæ йемæ чи нæ фидауы, уыдон зондджынтæ не сты, фæлæ æдылытæ, зæгъгæ. Уæдæ ма кæд Трамп дæр рæстдзинадæн исты зоны, уæд та ацы хатт дæр ирон адæм зондджынты номхыгъдмæ бахаудтой.

Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсызгон хъуыддаг у, фæлæ уымæй æхсызгондæр та уаид, ацы политикон быцæуты къуыбылой тагъддæр куы райхæлид æмæ куы æрынцаиккой дунейы раст хъуыдыгæнæг, фарнуарзаг æмæ рæстæвзар адæмы зæрдæтæ. Уымæн та æнæуæвгæ нæй, ныртæккæ цы сценаримæ гæсгæ цæуынц хъуыддæгтæ, уый хатдзæгтæм гæсгæ. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы æнæхайыры «Новичок», чи æмæ кæцæй æрбахаста, уый сбæлвырд кæнын къухты не ‘фты. Раздæр, Уæрæсейы ‘рдыгæй фарсыл азым кæй æвæрдтой, уый фидаргонд ницæмæй æрцыд. Æрмæстдæр тутийау фæлхатт кæнынц, тынг афтæ нæм кæсы, зæгъгæ, æмæ уый, сывæллæттæ цæуыл баууæндой, ахæм ныхас у, æндæр политикæйы аккаг хъуыддаг у?! Уыйадыл Английы разамынад, æрдуыйы хидыл стыр санчъехтæй куыд араст уай æмæ йæ тæккæ æмбисы куыд æрчъицай, афтæ фесты: нал размæ, нал фæстæмæ! Уыдон гуызавæмæ гæсгæйæ адæм дæр сæ худтæ рæстдзинады ‘рдæм адардтой.

Уæдæ мах дæр уыцы раст хъуыдыйы фарс куы лæууæм æмæ рæстдзинады уæлахизыл нæ зæрдæ куы дарæм, уæд, Хуыцауы фæрцы æрцæудзæн фарн нæ иумæйаг ныййарæг зæхмæ æмæ нæ нал хъæудзæн хæтæнхъуаг уæвын «нæхиуонтæ» æмæ «æцæгæлæтты» æхсæн, нал нæ хъæудзæн «уыдонмæ» фыдзæрдæ дарын. Æмæ фыдзæрдæйæ цæрын цас æнцон у, æнæуый дæр ныртæккæйы уды мæгуырдзинады дуджы!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.