Æгас чырыстон дунейы зынгæдæр бæрæгбонтæй сæ иу у куадзæн. Дæргъвæтин рæстæджы-иу мархо, ком дарыны фæстæ ацы бон суагътой сæ ком æмæ йæ ном дæр æвзæры уырдыгæй, ома, ком уадзынæй.

Ацы бæрæгбонмæ ирон адæм сæхи цæттæ кодтой зæрдиагæй: æфснайдтой сæ хæдзæрттæ, йæ фадат кæй амыдта, уыдон æлхæдтой ног дарæс, йæ бон кæмæн нæ уыд сæ балхæнын, уыдон та сæ æхсадтой, æмпъызтой. Æхсадтой сæ хуыссæнты цъæрттæ дæр. Иудзырдæй, хъуамæ йыл сæмбæлдаиккой, бæрæгбоныл куыд æмбæлы, афтæ. Фыхтой бæгæны, къуымæл, æргæвстой рагзад фосы цотæй уæрыччытæ, сæныччытæ, родтæ, цыдысты æртыгай кæрдзынтимæ æмæ физонджытимæ хæстæгдæр дзуæртты бынмæ сæхи фæдзæхсынмæ, кодтой æхсæны куывдтæ дæр.

Æндæр бæрæгбонтæй хъауджыдæр, куадзæны сæйрагдæр нысан у айк. Ныртæккæ иу стæмтæй дарддæр ком нал дарынц, фæлæ-иу раздæр ацы бон адæймаг айк йæ къухмæ куы райста æмæ-иу æй куы бахордта, уæд уый нысан кодта, йæ ком кæй суагъта, уый. Æйчытæ фыхтой куадзæны æхсæв, ахуырстой сæ сæрмагонд ахорæнæй æмæ уыцы ахуырст дзурæг уыдис уалдзæджы хуызтыл, йæ рæсугъддзинадыл. Уыдонæй ардтой ног мæрдты рухс ном, фыхтой сæ циндзинады тыххæй дæр. Ахуырст æйчытæй хъазыдысты сæттынтæй –  цал асастис къуырццæй ерысы, уал рамбылдтаис, фæлæ сæ хæргæ уæддæр иумæ кодтой.

Куадзæны æхсæвы-иу сыхбæсты лæппутæ æрбамбырд сты æмæ-иу зылдысты хъæуыл хæдзари-хæдзар беркъайы. Зарыдысты, æрмæстдæр уыцы бонæн чи уыдысты, ахæм зарджытæ, хъæр кодтой «Чырысти райгас, Чырысти райгас», зæгъгæ. Цы æйчытæ, хæринæгтæ-иу æрæмбырд кодтой, уыдоны-иу стæй сæ кæрæдзийыл адих кодтой. Хæдзæрттыл зилгæйæ-иу лæппутæ сæхиуыл скодтой алыгъуызон дарæс, цæмæй сæ мачи базыдтаид.

Куадзæны фынгыл æвæрдтой урсаджы, фыдызгъæлы кувинæгтæ æмæ уымæй бæрæг кодта сæ комы уагъд. Куывдтытæ цыдысты иумæйаг уагыл. Чырыстийы ном ардтой æртыккаг рæгъыл – Хуыцау æмæ Уастырджийы номыл куывдтыты фæстæ. Куывд-иу чысыл ивындзинæдтимæ уыд ахæм: «Чырысти, кæм дæ, уыцы дзæнæты бæстæйæ ахъаз бакæн, дæ номыл ком чи бадардта, уыдонæн æцæг дунейы бынæттæ дæттыс æмæ мæ мæгуыр бинонтæ дæ кадæн иууылдæр ком фæдардтой. Барст дын уæт нæ комдард æмæ дзæнæты бынæттæ скæн махæн дæр æмæ нæ байзæттæгтæн дæр».

Ардтой йын йæ ном лæугæйæ, дзаг нуазæнтимæ. Зарыдысты Чырыстийы зарæг. Фынджы уæлхъус ардтой Уацилла æмæ Фæлвæрайы нæмттæ дæр. Мысыдысты зымæджы бардуæгты, фæндараст сæ кодтой æмæ æнхъæлмæ кастысты уалдзæджы хæрзтæм.

Куадзæны бон сыхæгтæ, хæстæджытæ кæрæдзимæ фæцæуынц æмæ фæарфæтæ кæнынц, Чырысти райгас, зæгъгæ. Арфæгæнæгмæ айк авæрынц. Куадзæны ахуырст айк, хуымæллæгджын бур бæгæны æмæ бæзджын хоры къуымæлæй цы адæймаг нæ фæхайджын уыдаид, уый нымадтой æппæтæй æнамонд-дæрыл.

Бирæ рæтты куадзæн нымад у мæрдты боныл. Зианджытæ фæцæуынц уæлмæрдмæ æмæ фæрухс кæнынц сæ мæрдтæн, зианы номыл аразынц фынгтæ.

Æнæ уый та куадзæны бæрæгбон нымад цæуы хъæлдзæг бæрæгбоныл Арæзтой иумæйаг куывд. Зарыдысты, кафыдысты, алырдыгæй хъуыст хъæлдзæг ныхас, фæндыры цагъд. Дины кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы бон мæрдты мысын раст нæу. Мæрдты мысæн бон у дыккаг бон – къуырисæр. Хонгæ дæр æй афтæ кæнынц – мæрдты куадзæн.

 

КУАДЗÆНЫ ХИИРХÆФСÆНТÆ

Куадзæнæн йæ ахсджиаг æууæл у æртытæ кæнын. Ирон адæммæ сæ хуыдтой Руру-гæнæнтæ. Уырныдта сæ, ацы уалдзыгон æртытæ ахъаз кæй фæуыдзысты сæ хортæ, сæ тыллæг цæмæй хорз æрзайой, уый тыххæй. Ууыл дзурæг у, сæ æртытæ хъæмпæй кæй кодтой, уый.

Фæсивæд ма-иу Куадзæны рæстæджы сæхи ирхæфстой, адæмы чи ферох ис, уыцы херыйыл, ома, хъеллаугæнæныл. Бæрæгбоны-иу хъæуы астæу хъазт сарæзтой æмæ-иу талынгтæм фæкафыдысты. Уырдæм æввахс-иу цалдæр раны сарæзтой цалдæр херыйы æмæ-иу сæхи ирхæфстой чызджытæ æмæ сабитæ. Фæлæ-иу раздæр заманы херы кодтой ас сылгоймæгтæ æмæ суанг зæронд устытæ дæр. Херыйы бадгæйæ, дам, адæймаг сфæрнджын вæййы, йе уæнгтæ срог вæййынц.  Фæсивæд ма иу сарæзтой ноджы æндæр хиирхæфсæн дæр, хуыдтой йæ цъил. Сыхы лæппутæ-иу ныссагътой хъæдын цæджындз, йæ цъуппыл-иу ын æркодтой зæронд цалх, йæ сæмæн-иу ын цæджындзмæ бабастой, цалх зилгæ куыд кæна, афтæ. Цалхмæ-иу бабастой цалдæр бæттæны, сæ уæгъд кæрæттыл цæгтæ фидаргонд – бадынæн. Мамазила (ома, зилын) кæнын-иу кæй фæндыди, уыдон-иу цæгты ныббырыдысты, къæхтæй-иу зæххæй сæхи асхуыстой  æмæ-иу цалх зилын байдыдта. Чи сæ-иу арæзта, уыдон-иу ерысы бацыдысты – кæй цъил хуыздæр рауайа, зæгъгæ.

Куадзæны фыццаг изæр ма ивгъуыд дугты нысан кодтой цалдæр бæрæгбоны. Сæ кадджындæртæ уыдысты Зæринон, Тхосты дзуары бон, уыд тыхджын дзуар, фыдбылызтæй хизæг æмæ Хуыцауы дзуары бон, уыд бæркаддæттæг æмæ цотæй хайджынгæнæг. Уыцы бон-иу хъæугуывд скодтой. Фæсивæд-иу æнафæтты фæкафыдысты, сæ уæлæ-иу мæнгдарæстæ, гамхудтæ скодтой, æмæ æвдыстой цардæй хицæн нывтæ. Хуыздæр барджытæн-иу бацайдагъ бæхтыл хъазт. Лæппутæй æмæ-иу чызджытæй хуыздæр арæхстдзинад чи равдыста, уыдонæн-иу кад кодтой æнæхъæн комбæстæ. Ӕмæ уый æнцон бамбарæн уыди – сæ лæгдзинад æмæ сæ арæхстдзинад æвдыстой царддæттæг Дзуары кадæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.