Йӕ хъуыддаджы арӕхстджын кусӕгыл ны-мад у Цхинвалы районы администрацийы статистикон хайады хистӕр Джиголаты Аннӕ ӕмӕ дзы райдианӕй фӕстӕмӕ сты райгонд. Уый уымӕн, ӕмӕ кӕддӕриддӕр йӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ кӕсы бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ сӕ ӕххӕст дӕр кӕны цӕсгомджынӕй. Раст у, хатт хицӕн фермерон хӕдзарадты разамонджытӕ рӕстӕгыл нӕ бавдисынц сӕ бакӕнгӕ куысты зонӕнтӕ ӕмӕ уый та цӕлхдур вӕййы иумиагӕй куысты размӕцыдӕн. Уӕд сын афоныл бамбарын кӕны, уыдонӕн бафӕстиатгӕнӕн кӕй нӕй, иннӕ хӕдзарадты куысты фӕстиуджытӕн дӕр кӕй нӕй равдисӕн ӕмӕ нӕ фӕхӕццӕ уыдзысты, чи сӕм цымыдис кӕны, уыдонмӕ. Джиголианӕн ахӕм у йӕ удыхъӕд чысылӕй фӕстӕмӕ. Дменисы астӕуккаг скъолайы ма куы ахуыр кодта, уӕд дӕр ахуырмӕ зӕрдӕргъӕвд ӕмӕ коммӕгӕс чызг уарзон уыд йӕ ахуыргӕнджытӕн ӕмӕ дзы уыдысты буц ӕмӕ сӕрыстыр. Астӕуккаг ахуырад райсыны фӕстӕ йӕ ахуыр адарддӕр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты физикӕ ӕмӕ математикӕйы факультеты ӕмӕ йӕ каст фӕци 1980 азы. Йӕ зӕрдӕмӕ иууыл ӕввахсдӕр лӕууыд статистикы дӕсныйад, ноджы ма йын ӕй тынгдӕр бауарзын кодта ныртӕккӕ йӕ дзӕнӕттаг ӕфсымӕр Юри. Уымӕ гӕсгӕ уыцы аз кусын райдыдта районы фыццаг экономистӕй ӕмӕ 1994 азӕй фӕстӕмӕ та – статистикон хайады хистӕрӕй.

Цхинвалы район егъау у, уӕлдайдӕр та раздӕры азты, дардыл уыдысты йӕ дыргъдӕттӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ, дзӕвгар уыдысты хӕдзарадты стурвосдарды фермӕтӕ, ӕфсирон ӕмӕ нӕмыгон культурӕты байтыдты хуымтыл цӕст дӕр нӕ хӕцыд. Куысты уыцы зонӕнтӕ алы мӕй дӕр хыгъд цыдысты рӕстӕгыл, сӕ цӕттӕ кӕныныл та Аннӕйы разамындӕй уӕхскуӕзӕй куыстой йӕ дӕлбаруӕвӕг 4 кусӕджы. Басӕттӕм ыл, ныр нӕ хӕдзарадты куысты уыцы комулӕфт нал ис бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ статистикон хайады сты Аннӕ йӕхӕдӕг ӕмӕ Гуыбеты Оксанӕ. Кӕрӕдзи ӕмбаргӕ ӕмӕ бахӕсгонд хъуыддаджы бӕрндзинад кӕй ӕнкъарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц хорз.

Адӕймаг кӕддӕриддӕр хъуамӕ тырна фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр исты базонынмӕ, цӕуа рӕстӕджы ӕмдзу, уӕд ын ӕнцон уыдзӕн цыфӕнды зын куыст дӕр ӕххӕст кӕнын. Уыцы хъуыддаг ӕмбаргӕйӕ, Джиголаты чызг цалдӕр хатты уыд йӕ дӕсныйад фӕхуыздӕр кӕныны курсыты ӕмӕ йын уыдон фӕахъаз сты йӕ дарддӕры куысты. Бирӕ азты ӕнӕзӕрдӕхудт фӕллойы тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд æндæр æмæ æндæр хорзæхтæй. 2017 азы та йын лӕвӕрд ӕрцыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт экономисты кадджын ном. Ахӕм у хӕрзиуӕгон ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт фӕллойы фӕстиуӕг – уымӕн разынынц йӕ хорз ӕмӕ зӕрдӕрухсгӕнӕн фӕстиуджытӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.