Газет «Южная Осетия»-йы фыццаг номыры рацыдыл сæххæст 30 азы

 

Рæстæг, куыд фæзæгъынц, дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Рацыд 30 азы, газет «Южная Осетия»-йы фыццаг номыры рацыдыл. Афтæмæй та адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма республикæйы культурон царды ацы зынгæ цау æрæджы æрцыдис. Æртын азы размæ дуг уыдис йæ тæккæ ивæныл æмæ баст уыдис бирæ фыдæвзарæнтимæ, адæмы царды бирæ трагикон цаутимæ, кæцыты цæхæрыл рацыдысты Хуссар Ирыстоны адæм дæр. Кæд Гуырдзыстонимæ æргом хæстон ныхмæлæудæн фидауынгæнæг тыхтæ æрдæг азы размæ кæрон скодтой, уæддæр уавæр нырма уыд æндыгъд, цы сабырад æр-хастой, уый уыдис сæртæг æмæ тас уыд, куы нызгъæлæнтæ уыдаид, уымæй. Афтæ кæй рауад, уый ирдæй фенын кодта 2008 азы августы хæст дæр.

Ахæм æндыгъд æмæ уæззау рæстæджы бахъуыд уырыссаг æвзагыл газет рауадзын дæр. Уымæн æмæ цы æбæрæг уавæры уыдыстæм, уыимæ зонгæ кæнын хъуыд æрмæст ирон газеткæсджыты нæ, фæлæ уырыссаг æвзагыл газеткæсджыты дæр республикæйæн æддейæ. Æмæ фæзынд газет «Южная Осетия». Уый уыд нæ ирон газет «Хуссар Ирыстон»-ы дубляж. Йе ‘мбис цыдис ирон æвзагыл, иннæ æмбис та – уырыссаг æвзагмæ тæлмацæй. Уымæ гæсгæ зæгъæн ис, дубляжы кусджытæ æмæ нæ газеты кусджытæ кæй уыдысты иу коллектив. Афтæ ма зæгъæн ис, абоны «Южная Осетия» кæй райгуырд нæ ирон газетæй. «Южная Осетия», куыд уынæм, афтæмæй бахъахъхъæдта йæ ном «Хуссар Ирыстон» та раздæхт йæ фыццаг ном «Хурзæрин»-мæ.

Уæдæ кæд нæ республикæйы алыгъуызон информацион фæрæзтæ архайынц, уæддæр газет «Южная Осетия» æмæ «Хурзæрин» уæлдай хицондæр сты кæрæдзийæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ мах, сæдæаздзыд «Хурзæрин»-ы коллектив уæлдай хъармдæр, зæрдæбындæр арфæтæ кæнæм æртыназдзыд «Южная Осетия»-йы кусджытæн сæ юбилейы сæраппонд. Уыцы кусджыæй бирæтæ абон дæр дарддæр кæнынц сæ зын, фæлæ хæрзиуæгон куыст, сæ фæлтæрддзинад кæстæр кусджытæм рæдауæй дæтгæйæ. Æмæ сын ацы зæрдылдарæн боны нæ цæст уарзы, фыццаджыдæр, æнæниздзинад, куыстхъомдзинад, амонд, фæрныгад – хисæрмагонд царды. Уыдон куы уой – уыдзæнис æнтыстытæ уе сфæлдыстадон куысты дæр æмæ ноджы æнтыстджындæр ут. Цы сфæлдыстадон хъуыдытæ, пълæнттæ уæм ис, уыдон уын кæддæриддæр æххæст кæнæд.

Хорз хабæрттæ хæссæг ут уæ газеткæсджытæм!

Газет «Хурзæрин»-ы кусджыты коллектив

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.