Æртын азы сæххæст æхсæнадон-политикон газет «Южная Осетия»-йыл. Уыцы азтæ нæ республикæйæн уыдысты стыр трагикон æмæ уыимæ нæ æрыгон паддзахады историйы фыст чи ‘рцыдысты, ахæм цины цаутæ дæр. Уыдон уыдысты царды цæхгæр ивындзинæдты азтæ, хæдбар нымад паддзахады цæрыны азтæ. Æмæ æппæт уыцы азты нæ адæмы хъыгтæ, сæ цинтæ чи дих кодта, рæстаг дзырд сæм чи хаста æмæ хъусын кодта, уыцы дзыллон информацийы фæрæзтæй сæ иу уыд æмæ у газет «Южная Осетия» дæр. Уæззау уавæрты кусгæйæ, стыр бæрндзинад æнкъаргæйæ, газеты коллектив сæрысуангæй намысджынæй æххæст кæны йæ хæстæ. Се ‘хсæн абон дæр кусынц, йæ фыццаг номырты рауадзыныл чи фыдæбон кодта, уыдонæй бирæтæ. Абон уыдонæн сæ фарсмæ се сфæлдыстадон хъарутæ не ‘вгъау кæнынц кæстæр фæлтæр дæр.

Цард размæ цæуы, ивы хуыздæрæрдæм. Цахæм ивындзинæдтæ цæуы æмæ куыд цæуынц, уыдæттæ «Южная Осетия» æвдисы йæ фæрстыл æмæ сæ хъусын кæны йæ кæсджытæн. Æнæзæгъгæ нæй, коллективæн кæй хуыздæр кæнынц сæ куысты уавæртæ дæр. Раздæр фыссæн сис æмæ гæххæттæй дарддæр кæмæ ницы уыд, уыдон ныр пайда кæнынц алыгъуызон техникон фæрæзтæй. Фæлæ куыдфæнды ма уа, сæйраг уæддæр адæймаг йæхæдæг у æмæ нæ нæ коллегæтæн фæнды, цæмæй ноджыдæр рæзой сфæлдыстадон æгъдауæй, сæ æрмæджытæ нуарджындæр, ахадæндæр æмæ цымыдисондæр кæной.

Ног азы райдианы кæй фæзынд газет æмæ ацы бæрæгбонимæ иумæ кæй нысан кæнынц йæ юбилейы, уымæ гæсгæ сын арфæ кæнæм Ног азы цытæн дæр.

Газет «Хурзæрин»-ы Коллектив