Нæ фыдæлтæм бирæ уыд куыд хорз, афтæ мæгуырау æгъдæуттæ дæр. Уыдонæй бирæтæ абонмæ не ʻрхæццæ сты, не ʻхсæнадон царды сын бынат нал ис, фæлæ сæ уæддæр рох кæнын нæ хъæуы, уымæн æмæ нæ кæстæр фæлтæр хъуамæ зоной æмæ сæ зæрдыл дарой нæ фыдæлтæн сæ цардуаг, сæ цард сын чи фидауын кодта, гъе та фыдуынд кодта, фæлтæрæй фæлтæрмæ æнусты дæргъы кæуыл хъомыл кодтой, уыцы æгъдæутты.

Уыдонæй сæ иу уыдис тугисыны æгъдау. Тынг рагон у ацы æгъдау æмæ канд ирæттæм нæ уыд, фæлæ Кавказы цæрæг æппæт адæмтæм дæр. Лæгмарды аххосæгтæ бирæ уыдысты, фæлæ сæ сæйрагдæртыл нымад цыдысты зæххы кадавардзинад, социалон æмæ æхсæнадон быцæутæ, тыхы æмæ масты фæдыл цæуын. Адæмы ʻхсæн хицаудзинад æвæрд кæй нæ уыдис, сæ бартæ паддзахады ʻрдыгæй хъахъхъæд кæй нæ цыдысты, уымæ гæсгæ лæгмары ныхмæ адæм сæхæдæг истой æфхæрды мадзæлтæ – ома, туг тугæй фыст хъуамæ æрцыдаид, гъе та фидауыны фæндагыл хъуамæ ныллæууыдаиккой. Афтæмæй се ʻхсæн æрфидар тугисыны æгъдау æмæ нал фесæфт, цалынмæ æхсæндзарды фидар закъæттæм гæсгæ цæрын нæ райдыдтой, уæдмæ. Æмæ уый та йемæ хаста мæлæт, фылдæр хатт – æнæаххос æвзонг адæймаджы мæлæт.

Адæмы ʻхсæн дæр æрфидар ахæм хъуы-ды, зæгъгæ, тугисыны æгъдау уыдис мæгуырау фæзынд нæ адæмы рагон царды, фæлæ сыл хорзæрдæм ницæмæй аудыдта, афтæ хъуыды кæнын дæр бынтон раст нæу. Нæ цæстытыл ма ауайын кæнæм ирон адæмы тухиаджы цард – æрдзы хивæнд миты ныхмæ удуæлдай тох, къуындæг, æвадат уавæрты цæрын, алыгъуызон знæгтæй хи бахизын, бахъахъхъæнын. Ахæм фыдуавæрты хъуы-ди фидар уагæвæрд адæймагæй адæймаджы, сыхбæсты, хъæубæсты, комбæсты ʻхсæн. Ахæм фидар уагæвæрды хи бахъахъхъæныны, адæймаг æмæ йæ мыггаджы кад бахъахъхъæныны фæрæзтæй иу уыдис тугисын. Адæймаг йæ алы фыдракæндæн дæр дзуапп хъуамæ дæтта, æмæ ацы æгъдау, бирæбæрцæй, урæдта фыдгæнæджы къух лæг амарынмæ. Фæлæ уæддæр, тыхы дуг кæй уыдис, уымæ гæсгæ тыхджындæр мыггæгтæ, фыдыфырттæ æзлæгдæр æмæ æзныфсхастдæрæй хызтысты æппæт арæнты сæрты дæр æмæ тых хастой æдыхдæр мыггæгтæм. Цард зæхх æмæ фосæй кæй уыдис, уымæ гæсгæ сын сæ алы æфсæнттæй истой, уыдон та разы нæ кодтой æмæ-иу се ʻхсæн тох рауад, æрцыдис-иу лæгмæрдтæ. Чи-иу фæтуджджын уый, цы мыггагæй амардта лæг, уыдон æй æнцад цæрын кæй нæ бауадздзысты, æфхæрд кæй баййафдзæн, уый зонгæйæ-иу бирæ хатт фæлыгъд цæрынмæ æндæр ранмæ. Ахæм туджджынтæ дæр иу уыдис æмæ Хуссар Ирыстонæй Цæгат Ирыстонмæ, гъе та Цæгатæй Хуссармæ кæнæ æндæр рæттæм чи алыгъд, цæмæй йæ йæ туджджынтæ ма ссарой. Уыдис-иу афтæ дæр æмæ дыууæ мыггаджы сæ кæрæдзимæ хæцæнгæрзтæ куы райстой. Ахæм рæстæджы-иу кæд сеʻхсæн фæйнæ лæгмард æрцыдис, уæд-иу сæ астæу фæрсаг адæм бацыдысты, æрхатыдысты-иу сæм, цæмæй бафидауой æмæ дарддæр фыдбылыз мауал æрцæуа. Кæй зæгъын æй хъæуы, дыууæрдыгæй иугъуызон аххосджын нæ уыдаиккой æмæ сæ растдæр чи уыд, уый-иу цас æфхæрд баййæфта, уыйбæрц йæ хæс райсынмæ хъавыд йе знæгтæй. Куы-иу сразы сты бафидауыныл, уæд дыууæрдыгæй дæр æвзæрстой тæрхоны лæгтæ æмæ хъуыддаг кæронмæ лыг кодтой.

Лæг-иу чи амардта, уый-иу алыгъдис, хатт-иу йæ бинонтæн дæр ницы бамбарын кæнгæйæ æмæ-иу йæхи æдас ран бааууон кодта. Мард кæй лæг фæцис, уыдон та-иу уайтагъд йæ фæдыл зилын райдыдтой æмæ йын кæд йæхиуыл нæ хæст кодтой, уæд-иу ын, æнамонд хабар хъусгæ дæр чи нæма фæкодта, ахæм хионы амардтой æмæ-иу сæрыстыр уыдысты, мах нæ туг уайтагъд райстам, зæгъгæ. Кæд тугисджытæ карз, æгъатыр уыдысты, уæд-иу чысыл лæппу кæнæ зæронд лæджы дæр амардтой. Уый æгады хъуыддагыл нымад цыдис æмæ-иу тæрхоны лæгтæ дæр уымæ лæмбынæгдæр кастысты. Афтæма æгады хъуыддагыл нымад цыдис, уыцы бон туг райсын дæ къухты куынæ бафтыдаид, уæд уый дæр.

Лæг кæмæй фæмард, уыцы мыггаг бирæ хатт куыстмæ нæ уагътой лæгмар мыггаджы. Æмæ, зæгъгæ, уыцы хабар куыстыты афон æрцыдис, уæд-иу сæм адæм ныххатыдысты, цæмæй уыцы мыггагæн сæ фæллæйттæ æфснайыны фадат радтаиккой. Кæд-иу не сразы сты, уæд-иу адæм æрбамбырд сты æмæ-иу сæ зиуæй бакуыстой.

Чи фæмард, уый æфсымæртæ æмæ мыггаг-иу хæлттæ дæр сæппæрстой, туг исын кæмæ схаудаид, уый тыххæй. Уый хъуамæ амардтаид лæгмарæн йæхи, кæнæ йе ʻфсымæртæй искæйы, гъе та йæ мыгга-джы хуыздæртæй. Уыдис ахæмтæ, кæцытæ сæ хæдзармæ нал цыдысты, цалынмæ сæ туг райстаиккой, уæдмæ. Бирæтæ-иу уæдмæ сæхи дæр нал дастой. Уæд-иу ахæм цаутæ дæр арæх уыдис, тугисæг-иу йæхæдæг дæр куы фæмард. Афтæмæй -иу лæгмарды цау ссис стыр æнамонддзинæдты райдиан, куыд дыууæ туджлжыны ʻхсæн, афтæ дыууæ фыды фырт, дыууæ мыггаджы æхсæн дæр. Уый хорз зыны ирон аив литературæйы дæр. Дзамболат йæхи уды хорзæн мары Ибрагимы, фæлæ дзы ницы рамбулы. Уыйхыгъд хъарм бинонты цард ныппырх – сæ хæдзардарæг фæмард, æнувыд цардæмбал æмæ уарзæгой мад Фатимæ сæрра, сæ хъæбул бынтон сидзæрæй баззад.

Туг исыны æгъдау нæ фыдæлты царды арф уидæгтæ кæй ауагъта, уый ирдæй зыны Коцойты Арсены сфæлдыстады дæр. Йæ иу радзырд “Фынддæс азы”, зæгъгæ, уым Хъæвдын фынддæс азы фенхъæлмæ каст йе ʻфхæрæджы чысыл лæппуйы байрæзтмæ, цæмæй йæ фидар, рæсугъдæй фена, афтæмæй йæ амара æмæ райса йæ маст. Æмæ йæ маргæ дæр акодта. “Фæлæ ныр цы? Цы кæндзынæн дарддæр? Искæйы ма хъæуы мæ цард?” – фæрсы йæхи. Хъæвдын йæхи дæр амарын кодта чысыл лæппуйæн. Уыйхыгъд, æгъдау куыд домдта, афтæ бакодта.

Туджджынты тыххæй сылгоймаджы ничи хъыгдардта, уымæ тызмæг сдзурын дæр ирон адæммæ худинаг уыд. Дыууæ туджджыны устытæ кæрæдзимæ нæ дзырдтой.

Лæгмар-иу æцæгæлон ран йæхи кæм бааууон кодта, кæй хæдзары-иу æрцардис, уыдон æй хъахъхъæдтой.

Туджы аргъ бæлвырд кæнгæйæ дæр тæрхоны лæгтæ разамынд кодтой æнæфыст, сфидаргонд уагæвæрдтæй. Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы уый æмæ туджы аргъ æргъты сæр кæй лæууыдис. Уый бæрæггонд цыдис дыууæ уагæй – цас раст уыд, уымæй æмæ удыхъæдæй. Æнæсахъат, æнæниз лæгæн йæ туг зынаргъдæр уыдис. Æмæ тугмæ туг агургæйæ, æгуыдзæджы ничи мардта, хъавыдысты хуыздæртæм, сæрæндæртæм. Тæрхоны лæгты уынаффæйыл кæд зианджынтæ разы нæ уыдысты, уæд туджы аргъæй фыстой фидыды уагыл туджджыны фынгæвæрдæй. Кæд тугмæ туг исыныл лæуд уыдысты, уæддæр сæ азымы ничи дардта. Зæгъгæ, амæлæгæн йæхи аххостæ фылдæр сты, кæнæ марæгæн ба-азымгæнæн нæ уыд, уæд марæг, кæнды лæггæдтæ цы бакодтаид, уый йеддæмæ æндæр хæс ницы фыста. Туджы аргъæй уæлдай домын йæ фæдыл сайдта ног фыдракæнд. Æхсæны лæгты аххосæй, зæгъгæ, рæдыд æрцыд тугисыны уаджы, уæд туджджынты маст дæр истой уыдонæй æмæ архайдтой раст уæвыныл.

Нæ фыдæлты ацы æгъдауæн цадæггай кæрон æрцыдис ивгъуыд æнусы ног, социалистон дуджы æрбалæудæй фæстæмæ, адæм, дзыллон æгъдауæй, ахуыры рухс фæндагыл лæууын куы райдыдтой, паддзахадон æмвæзадыл бакуыстгонд закъæтты руаджы адæймаджы бартæ хъахъхъæнын хицауад йæ къухмæ куы райста, уæд. Тæрхоны лæгты баивтой барадхъахъæнæг органтæ æмæ кæд лæг марыны цаутæ куынæг не ʻрцыдысты, уæлдайдæр та фæстаг азты, уæддæр тугисыны æгъдау нæ фыдæлты царды уагимæ ивгъуыды баззадис.

БЕСТАУТЫ Валя

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.