Уæд, 1989 азы, куыстон Хуссар Ирыстоны паддзахадон телерадиокомитеты уацхæссæгæй. Ноябры мæйы уыдтæн отпускы æмæ цалдæр къуырийы æмгъуыдмæ ацыдтæн Ленинградмæ. Мæ хъуыддæгтæ куы бакодтон, уæд хæдтæхæгмæ билет райстон æмæ Дзæуджыхъæумæ ратахтæн 23 ноябры. Уый уыд фæссихор. Бацыдтæн автостанцмæ, такситæ дзы уыд бирæ, фæлæ дзы Цхинвалмæ ацæуын иуы дæр нæ бафæндыд. Иутæ  мын дзырдтой, зæгъгæ, кæд дæ  Пасанаурийыл фæнды, уæд дæ акæндзыстæм Гуры онг. Афтæ дæр ма мын загътой, зæгъгæ, абон Цхинвалмæ таксисттæ цæуынц Алагирæй æмæ ацу уырдæм.  Уым амбæлдтæн присаг Туаты Тенгизыл. Уый дæр цыд Цхинвалмæ, йæ ныййарджыты бæрæг кæнынмæ, уавæр дæр мын бамбарын кодта уый, сбадтыстæм æмæ рацыдыстæм. Æрхæццæ стæм Дзаумæ, райцентры адæмæй азмæлæн дæр нал уыд. Нæ машинæ нын чи нæ рауагъта, уыдон нын дзырдтой, зæгъгæ, дзауаг лæппутæ иу автобусыл æххуысмæ ацыдысты Цхинвалмæ. Æрбацæуой уал, цы дзырд æрбахæсдзысты, кæд алцы дæр хорз уа, уæд ацæудзыстут сымах дæр.

Æмбисæхсæвæй дæр ахызт, фæлæ адæм зæрдиагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыдон нæ зындысты. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй сæ гуырдзиаг  æнæформалтæ æрурæдтой Чъехы  æмæ сæ райсоммæ нал рауагътой.

Адæм фæцъусдæр сты. Мæн æмæ Тенгизы дæр сæхимæ акодта поселочы цæрæг Уалыты Барис. Бахсæвæр кодтам, уæттæ дæр нын бакодта, фæлæ æхсæв бонырдæм феввахс ис æмæ кæд ацæуæм, ууыл уыдысты нæ хъуыдытæ. Бон куы фæирд, уæд сабыргай сыстадыстæм, скодтам нæ дарæс æмæ рацыдыстæм. Уынджы нæ бирæ лæууын нæ бахъуыдис. Кæсæм, æмæ нæм æввахсæй æввахсдæр кæны иу уæзтæласæн машинæ. Фæу-рæдтам æй æмæ ныхæстæгæнгæ фæ-цæуæг стæм. Куыд рабæрæг, афтæмæй нæ шофыр цалдæр боны цыд фæндагыл. Ярославлы горæтæй Кутаисы машинæтæаразæн заводмæ ласта машинæйы хæйттæ. Чъехмæ куы æрхæццæ стæм, уæд нæ æрурæдтой, цы бирæнымæц æнæформалтæ дзы лæууыдис, уыдон. Мах уæлæнгай цæмæйдæрты афæрстытæ кодтой, шофырæй куырдтой æртаг, нæ сын лæвæрдта, зæгъгæ, мæ нырма цæуын хъæуы æмæ мын не сфаг уыдзæнис. Куы йыл схъæртæ кодтой, куы йæ арасхой-басхой кодтой, уæд ма йын æндæр цы гæнæн уыдис, æмæ сын радта цалдæр ведра æртаг. Фæдзæхсгæ дæр ма йæ акодтой, цæмæй сосæвæндагыл нæ, фæлæ ацæуа Хеитыл, маргъдарды фабрикæйы сæрты. Тынг нæ кæй нæ бафхæрдтой, уый нын уыдис æхсызгон æмæ нын куыд бацамыдтой, афтæ акодтам нæ фæндаг дæр. Æнхъæл уыдыстæм, нæ зынтæ ууыл фесты, фæлæ Хеиты хъæуы сæрмæ куы схæццæ стæм, уæд федтам, чысыл фалдæр дзы чидæртæ кæй лæууы, уый. Куыд сæм æввахсдæр кодтам, афтæ тынгдæр хатыдыстæм се знæтдзинад. Æрурæдтой нæ, машинæйæ нæ æрхизын кодтой, шофыры иуырдæм акодтой мах – иннæрдæм æмæ нæ ратон-батоныл схæцыдысты. Сæ иу мын машинæйæ райста мæ хызын. Авæрдта йæ зæххыл, фегом æй кодта æмæ дзы цы уыд, уыдон иуылдæр фестадысты зæххыл. Уый фæстæ, цыма сæ нæ уыдта, уыйау сыл йæ къæхтæй фæралæу-балæу кодта.

Куыддæрты сæ раирвæзтыстæм, фæлæ нын загътой, зæгъгæ, горæтмæ ба-цæуæны чи лæууы, уыдон уын мах барст нæ фæкæндзысты.

Æрбахæццæ стæм сосæвæндагмæ. Тенгиз рахызт æмæ фæцæуæг Присы ‘рдæм. Æз ма шофыримæ иудзæвгар абадтæн, стæй рахызтæн машинæйæ æмæ сабыргай мæхи исын райдыдтон, горæтмæ бацæуæны цы бирæнымæц гуырдзиаг æнæформалтæ лæууыд, уыдоны ‘рдæм. Уæдмæ ахæм æнæхсæст, æнæгъдау адæм никуы ма федтон æмæ мæм уыцы уысм тасы æнкъарæнтæй фылдæр уыд дисы æнкъарæнтæ. Цæмæй чысыл сæхи хуызæн уыдаин, ма фæхатыдаиккой, ирон дæн уый, уый тыххæй æз дæр арæзтон, уыдон цы арæзтой, уыдæттæ, æмæ мæхи се ‘хсæнты истон горæты ‘рдæм. Горæтмæ цас æввахсдæр кодтон, уыйбæрц мæ алыварс къаддæр кодтой æнæформалтæ. Сæ ныхмæ чи лæууыд, горæтмæ сæ чи нæ бауагъта, уыдон та æмбырд кодтой, кæдæм фæцæйхæццæ кодтон, уым. Алчи дæр сæ цымыдис кодта чи дæн, гуырдзиаг æнæформалты ‘хсæн цы арæзтон, уыдæттæм. Уæдмæ мæм æввахсдæр æрбалæууыдысты цалдæр ирон лæппуйы æмæ мæ бакодтой тæрхондоны агъуыстмæ. Уым сæ мæ ныхæстæ нæ бауырныдтой, физикон æгъдауæй дæр мæ афхæрдтой уæлæнгæйтты. Уый фæстæ мын бабастой мæ цæстытæ, сбадын мæ кодтой машинæйыл æмæ мæ акодтой кæдæм, уый уæд нæ зыдтон, фæлæ фæстæдæр рабæрæг, интернатмæ мæ кæй бакодтой, уый. Уым дæр мын мæ ныхæстыл нæ баууæндыдысты, уæлдайдæр та, мæ билет равдисын мæ бон кæй нæ бацис, уый аххосæй. Мæ цæстытæ бастæй та мæ фæстæмæ ракодтой тæрхондоны агъуыстмæ. Иудзæвгар ма дзы абадтæн стæй, чидæр æфсæддон дарæсы æрбацыд æмæ ма сæм хыл дæр фæкодта, зæгъгæ, нæма йæ бамбæрстат, ницыгæнæг кæй у, уый. Тызмæгæй дæр ма сын загъта, зæгъгæ, акæнут æй йæ хæдзармæ. Уыцы ныхæстæ мæнæн æхсызгон куыднæ уыдысты, фæлæ машинæйыл сбадын нал бакуымдтон, фистæгæй рацыдтæн мæ хæдзармæ.

Тотеты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.