Абон мах нысан кæнæм ног историйы зынгæ хабæрттæй сæ иу, кæцы бандæвдта нæ паддзахаддзинад æндидзынадыл.

32 азы размæ Хуссар Ирыстоны фæсивæд æрбангом сты, слæууыдысты сæ райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ, фæуæлахиз сты гуырдзиаг национал-шовинистты ныхмæ æнæмсæр тохы сабыр цард æмæ национ хорздзинады сæраппонд. Ацы уæлахиз нын ныфс радта фидæны æхсæнадон-политикон æнтыстæн, кæцы нæ æркодта, Уæрæсе æмæ нын æндæр бæстæтæ нæ хæдбардзинад кæй банымадтой æмæ  Дунейы картæйы ног паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон кæй фæзынд, уымæ.

23 ноябрь махæн баззайдзæн ахсджиаг историон цауæй, кæцы дунеон æхсæнадæн равдыста Хуссар Ирыстоны адæмы уды хъæддыхдзинад æмæ æнгомдзинад нæ национ интересты сæрыл тох кæныны, æдасдзинад  æмæ стабилон рæзтмæ тырнындзинад.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр, зындзинæдтæ æмæ ныхдуртæм нæ кæсгæйæ, кæй цæудзыстæм размæ, æрвылбонон хæстæ скъуыддзаг кæнгæйæ æмæ сомбон аразгæйæ сæ цард цы хъайтартæ радтой Фыдыбæстæйы сæраппондн, уыдоны рухс нæмтты тыххæй!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын, кæцы традицион æгъдауæй æрхауы Джеоргуыбайы къуыримæ, мæ цæст  уарзы  æнæниздзинад  æмæ фæрныгад!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.