Нæ рубрикæйы уазджытæ, нæ газеты иузæрдион хæлæрттæ æргомæй дзурынц абон – нæ бæрæгбоны къæсæрыл, куыд фенхъæлмæ кæсынц газеты ног номырмæ, цымыдисæй йын куыд фæкæсынц йæ æрмæджытæ. Уымæн æмæ газет у Ирыстоны историйы сæйраг азфысджытæй сæ иу. Кæд ныры дуджы информацион технологитæм фылдæр хъусдард здахынц кæсджытæ, уæддæр, мыхуыры фæрæзтæн  бæстæйы цардархайды, паддзахады сæйраг бынат æмæ хъомысджын тых ис. Раджы дæр æмæ æрæджы дæр ирон газетæн стыр нысаниуæг ис, уæлдайдæр, ирон аив дзырды ад банкъарынæн, мидисджын æрмæджытæ бафæрсынæн.

Фæрнджын бæрæгбоны зæрдæбын арфæтæ

Къудухты Нора алы хатт дæр рафыссы газет «Хурзæрин». Стыр цымыдисимæ фæрсы газет фыццаг фарсæй суанг фæстаг фарсмæ. Хæдзары бинонтæ йын газет иуварс куы авæрынц, уæд сæм хæрам кæны, зæгъгæ, мæ газет мын цы фæкодтат.

«Цымыдисонæй фæкæсын Ленингоры, Цъинагары тыххæй æрмæджытæ. Æвæццæгæн, чызгæй уырдыгон дæн æмæ фыццаг мæхи уыдоныл ныццæвын. Дзæнæттаг Къудухты Бесик мæ хион уыд, æмæ райгонд дæн, йæ рухс ном ын арæх кæй арут», –  дзырдта Нора.

Иунæг ирон æвзагыл мыхуыры фæрæзæн стыр кадгæнæг у Къудухты чызг. Скъоладзау ма куы уыд, уæд йæхи æмцахъхъæнтау ахуыр кодта латинаг дамгъуатыл, фæлæ мæ, зæгъгæ, уый æппындæр нæ  къуылымпы кæны мадæлон æвзагыл фæрсынæн. 

«Алы аз дæр уыл дзæбæхæй цæуæд уæ фæрнджын бæрæгбон. Ирыстон размæ цы цæуа, æнтыстытæ нын цы уа алы фадыджы дæр, ахæм арфæ уæд не ‘ппæты дæр», – ахæм зæрдиаг арфæтæ нын кодта 86 аздзыд Нора.

Разæнгард кæны газет рафыссынмæ

Хуыгаты Суликъо у Къуайсайы астæуккаг скъолайы директор. Уый дæргъвæтин рæстæджы у ирон газетæн табугæнджытæй сæ иу.

«Йæхи ирон чи хоны, уый хъуамæ фысса æмæ фæрса ирон мыхуыры фæрæз. Ирон æгъдæуттыл дзурæг у рубрикæ «Уацамонгæ». Уым бакæсæн ис ирон æгъдæуттыл дзурæг диссаджы æрмæджытæ, уыдон æз бакæсын стыр цымыдисимæ. Уымæй бирæ ногдзинæдтæ базонын, æмæ сæ уый фæстæ радзурын рæзгæ фæлтæрæн, уымæн æмæ уыдон сты Ирыстоны сомбон æмæ уадз ма рох кæной нæ кадджын фыдæлты æгъдæуттæ. Ирон адæмæн бирæ хорз æмæ бафæзминаг æгъдæуттæ ис æмæ ныр, хъыгагæн, фæстаг рæстæджы сæфынц. Ирон газет та ахъаз кæны уымæн. Уарзын хъæуы мадæлон æвзаг, ирон мыхуыры фæрæзтæ, науæд знаджы фæндиаг фæуыдзыстæм», – банысан кодта Суликъо.

Суликъо стыр аргъ кæны, ирон æвзагыл чи фыссы, æппæт уыдонæн, уымæн æмæ уыдон мадæлон æвзагыл газеткæсджыты рæгъмæ хæссынц бæстæйы политикон, культурон, спортивон æмæ алыварсон хабæрттæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы,     егъау куыст у, уымæн æмæ фæсивæды фылдæр хай сæ хъус адардтой уырыссаг æвзагмæ.

Уый скъолайы ахуыргæнджыты разæнгард кæны газет «Хурзæрин» рафыссынмæ дæр. Бæрæгбоны къæсæрыл нын йæ цæст бауарзта стыр æнтыстытæ, цæмæй хорз хабæрттæ хæссæм адæмы рæгъмæ.

Тынг фенхъæлмæ кæсынц газеты ног номырмæ

Карсанты Разиат дæр у нæ газеты, ирон æвзаджы иузæрдион хæлар. Куы йæм бацыдыстæм, уæд йæ сыхæгтæ: Гæззаты Асиат, Коцты Настя, Тедеты Риммæ æмæ Джыгкайты Георги дæр бадтысты Разиаты фарсмæ. Уыдон æмхъæлæсæй дзырдтой, зæгъгæ, Разиат махæн фæкæсы газеты уацтæ, мах æм стыр цымыдисимæ фæхъусæм. Тынг фенхъæлмæ кæсæм постхæссæгмæ, кæд та æрбахæсдзæн газеты ног номыр.

 Нæ горæты сыгъдæгдзинад æмæ фæткæн газеты сæрмагонд бынат кæй ис, уый банысан кодта Разиат. Уымæн æмæ бæстæйы къухдариуæгад, æмбæлон органтæ, не ‘мбæстæгтæ куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсынц ацы ахсджиаг хъуыддагмæ. 

Æнæ ирон газет уæвæн нæй

Козаты Виолеттæ æмæ йæ цардæмбал Джиоты Георгийы хъуыдымæ гæсгæ æнæ ирон газет нæ цардæн уæвæн нæй.

Виолеттæ йæхæдæг 20 азы фæкуыста Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. 24 азы та нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы, æмæ йын уымæн зæрдæмæ æввахс у ирон дзырды ад. Æмкъæйттæ дæр, нæ иннæ газеты табугæнджытау, фенхъæлмæ кæсынц газеты радон номырмæ, бæстæйы æрцæугæ æмæ æндæр цымыдисон хабæрттимæ базонгæ кæныны тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ бирæ ногдзинæдтæ, цымыдисон хабæрттæ райсынц газеты фæрстæй. Газеты номыры ахæм уац нæй, дзуры Виолеттæ, кæцы уый нæ бафæрсы.

Проблемон фарстытæ рæгъмæ хаст кæй цæуынц, уый ахъаз кæны, се ‘рбæстон кæнынæн æмæ дарддæр фæлхатт мауал æрцæуой, уымæн. Ирон мыхуыры фæрæзæн стыр кад æмæ аргъ кæнынц Георги æмæ Виолеттæ, уымæн æмæ йæ фæрстыл мыхуыр цæуынц Ирыстоны фарны хъуыддæгтыл дзурæг æмæ патриотикон æрмæджытæ. Уый ныртæккæйы рæстæджы ахсджиаг у, уымæн æмæ бирæтæ  хъавынц нæ нацийы хъæздыгдзинæдтæ æмæ сæрыстырдзинæдтæ дæлдзиныг кæнынмæ.

Бæрæгбон арфæтæй фидауы. Ацы рæсугъд бон мах арфæ кæнæм, немæ иу æфсондзы ифтыгъд чи ис, нæ уыцы коллективтæн.

Мах бузныг стæм, аудгæ æмæ рæдау ныхæстæ зæрдæйы рæбынæй ирд æмæ рухс фæндиæгтæ чи нæ æвгъау кæны, уыдонæй. Уыдон нæ разæнгард кæнынц ноджыдæр арфæйаг, мидисджын æмæ фæрнджын æрмæджытыл кусынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, алы куысты дæр ис хъæндзинæдтæ, фæлæ куыд фæзæгъынц, «чи нæ кусы, уый нæ рæдийы».

Ирон мыхуырæн бындурæвæрæг, абоны «Хурзæрин»-æй уæлдай сæрыстыр стæм, 96 азы цæрдхъом, куыстхъом коллективы фæлтæрæй фæлтæрмæ кæй ивы, уый тыххæй. Газеты фарн æмæ кад абон мах хæссæм, хъахъхъæнæм æмæ йæ рæдауæй дæтдзыстæм нæ фæстæ фæлтæртæм.

Райгонд стæм мыхуыры кад æмæ тыхæн табугæнджытæй – чи фенхъæлмæ кæсы нæ продукцимæ, йæ фыццаг фарсæй йæ фæстаг фарсмæ йæ чи фæрсы, йе ‘рмæджытæн ын чи аргъ кæны æмæ нæм йæ фиппаинæгтæ чи рбадзуры.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.