Адæймагæн йæ æвæрццаг миниуджытæй фыццæгтæм хауынц, кæй æхсæн цæры, уыдонмæ йæ уæздан ахаст, йæ рæвдыд ныхас. Уыцы хорз адæймагон миниуджытæй æрдз фæхайджын кодта, мæ ныхасы сæр кæуыл у, уыцы сылгоймаджы дæр. Кæимæ фембæлы æмæ аныхас кæны, уыдон дзы кæддæриддæр баззайынц райгондæй, бирæ рæстæджы йын йæ фæлмæн ныхас æмæ аудгæ ахаст бадарынц сæ зæрдыл. Уый уымæн, æмæ  йемæ фембæлд зæрдæйы уагыл фæзыны хорзæрдæм.

Ирыстоны рæсугъддæр къуымтæй сæ иуы – Сыбайы хъæуы райгуырд æмæ бахъомыл Абайты Хансиат. Иугæр скъоламæ цæуынхъом куы фæци, уæд ахуыры фæндагыл æрлæууыд Ручъы астæуккаг скъолайы. Уæлдæр ахуырад та райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон пединституты ирон æвзаг æмæ литературæйы факультеты. Абианæн йæ фæллойадон фæндаг райдыдта Хуссар Ирыстоны обкомы культурæйы хайады, стæй та – Адæмон сфæлдыстады хæдзары. Хансиат ирон мыхуыр бирæ бауарзта йæ чысылæй фæстæмæ æмæ йæ фæллойадон куысты азтæ фылдæр баст сты уыимæ. Æнцон нæу мыхуыргæнæн машинкæйыл кусын, уæлдайдæр та – газеты  æдзух мыхуыр кæнын хъуыд. Фæлæ нæ фæлладысты, уымæн æмæ æмбæрстой, дыккаг бонмæ газет хъуамæ фæхæццæ уа йæ кæсджытæм. Газеткæсæг арфæ цы коллективæн кодта радон номыр йæ къухмæ райсгæйæ, уым æнæмæнг уыдысты машинкæйыл мыхуыргæнджытæ дæр, уыцы нымæцы – Хансиатæн дæр. Абайты чызг æмхиц уыд сфæлдыстадон куыстмæ, арæх мыхуыры фæрстыл цыдысты йæ уацтæ ахсджиаг фарстыты фæдыл, фыста очерктæ, фельетонтæ. Газеткæсджытæ йын раздæр азты цымыдисæй бакастысты  йæ уац «Бæхы цæссыгтæ». Цæвиттон, иу хæдзарæй Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ иу бинонтæй акодтой цыппар хæстоны, фæстæдæр сын хæстмæ акодтой сæ бæхы дæр. Иурæстæджы æфсымæртæй иу быдыры æрфынæй æмæ йын уыцы рæстæджы йæ уæхск цыдæр бацæвы, фехъал æмæ йæ разы уыны йæ бæхы. Кæрæдзийыл тынг фæцин кодтой, стæй куы хицæн кодтой, уæд бæх йæ цæссыгтæ æркалдта. Гуырдзиаг меньшевиктæ 1920-æм азты ирон адæмæн цы хъизæмæрттæ бавзарын код-той, уыдæтты тыххæй дæр ныммыхуыр кодта уац. Уымæй дарддæр ма Хансиат рæвдз уыд æмдзæвгæтæ фыссынмæ дæр, мыхуыры дæр-иу ын фæзындысты.

Хансиат кæд цалдæр азы нал кусы газеты редакцийы,  уæддæр нæ рох кæны йе ‘мкусджыты, арæх сæ афæрсы, æввахсмæ кæуыл амбæлы, ууыл та фæцинтæ кæны зæрдиагæй.  Раздæрау иузæрдион у йæ уарзон газет «Хурзæрин»-ыл æмæ йæ йæ къухмæ куы райсы, уæд æй цыма хуры зæрин тынтæ батавынц, афтæ банкъары йæхи. Ахæм у йæ удыхъæд.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.