Адæймаг куы райгуыры,  йæхи æмбарынхъом куы фæвæййы, уæдæй  йæ амæлæтмæ банкъары бирæ æмæ алыгъуызон цины æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæ. Мæ царды ахæм цин банкъардтон 15-аздзыдæй, мæ чысыл уац, газет «Советон Ирыстон»-ы, ныры «Хурзæрин»-ы мыхуырæй куы рацыд, уæд. Афтæ æхсызгон мын уыд, æмæ йæ, æвæццæгæн, хъæуы алы цæрæгæн дæр фенын æмæ бакæсын кодтон. Ацæргæтæй кæсын чи нæ зыдта, уыдонæн та йæ кастæн мæхæдæг. Газет афтæ бауарзтон, æмæ йын йæ алы уац дæр кастæн цины æнкъарæнтимæ. Мæ бон уыд æнæхъæн бон постхæссæгмæ æнхъæлмæ дæр кастаин. Уыцы уац та мын ссис хъысмæтскъуыддзаггæнæн. Кæд уæдмæ хъуыды кодтон аразæг суæвын, уæд уыцы уацы фæстæ та аскъуыддзаг кодтон, цæмæй суон мыхуыры кусæг.

Мыхуыры кусæг суæвыны хъуыддаджы мын стыр æххуыс бакодтой редакцийы уæды кусджытæ. Мæ уацтæ арæхæй арæхдæр мыхуыры цыдысты газеты фæрстыл. Мыхуырæн-иу цы уацтæ нæ фæбæззыдысты, уыдоны тыххæй та-иу, радтой дзуапп, цыран мын амыдтой,цы цухдзинæдтæ сæ уыдис, уыдоны, бахæс-иу мын кодтой бæрæг темæйыл ныффыссын дæр. 

Уæлдай хорз ахаст æмæ мын цæстуарзон æххуыс кодтой Харебаты Миша, Бабаты Виктор, Æлборты Миша, Бибылты Георги, Дыгъуызты Гриша, Хуыгаты Уасил æмæ æндæртæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.