Газет «Свободный взгляд»-ы редакци активонæй æмгуыст кæны, рæстæгæй рæстæгмæ хæдбар иртасæнтæ цы журналисттæ, эксперттæ, политологтæ уадзынц, уыдонимæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны горæтты æмæ хъæуты   цæрджыты цæстæнгастыл. Мах цалдæр фарсты радтам Республикæ Хуссар Ирыстоны фидæны тыххæй. Уый тыххæй æппæт информаци æрæмбырд кæнгæйæ, социологон афарст ауадзгæйæ,  æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ: дыууæ республикæйы цæрджытæ дæр хæцынц Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид Харитоны фырты фарс, æмæ йын йæ куыстæн æнæхъæнæй дæр аргъ кæнынц, куыд дырысæй ахъуыдыгонд, бюджетон фæрæзты æнæхъуаджы æнæ ныппаплойæ, нысанмæздæхтæй хардз кæнын. Бирæтæ банысан кодтой, зæгъгæ, æввахс азты республикæ размæ цæудзæн ноджы цырддæр темптæй, скъуыддзаг цæудзысты социалон-экономикон рæзты хæслæвæрдтæ, афтæ ма цардæн ахсджиаг æндæр фарстатæ дæр.

Саситы К., юридикон зонæдты кандидат:

– Нымайын афтæ, æмæ  Леонид Харитоны фырт кæй сбæрæг кодта Хуссар Ирыстоны рæзты курс бирæ азтæм. Уый та афтæ нысан кæны, æмæ адæмæн сæ бон у, цæмæй ныфсимæ нывæндой сæ фидæны фæндтæ, банысангонд политикон курс здæхт у паддзахады хъахъхъæнын æмæ рæзтмæ, фидар Республикæ Хуссар Ирыстон аразынмæ. Адæм æууæндынц Леонид Харитоны фыртыл, йæ фарс хæцынц, уымæн æмæ йын уынынц йæ куысты фæстиуджытæ. Уырны мæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны мидæггагон æмæ æддагон политикæ дарддæр дæр арæзт кæй цæудзæн фæдфæдылон æмæ развæлгъау æмбæрстгонд политикæйы принциптыл. Абон Хуссар Ирыстоны уавæр у стабилон, адæмы фæнды сабырæй цæрын, кусын, ног паддзахады арæзты хайад исын, стратегион хæслæвæрдтæ дырысæй бæрæг кæнын, республикæ æмæ федералон центры æппæт фадæттæ иу кæнын.

Афтæмæй, æддагон æмæ мидæггагон политикæйы ахсджиаг фарстатæ скъуыддзаг кæнын-мæ Тыбылты Леониды куырыхон ахаст ныфсæвæрæн у хуыздæр фидæнæн.

Цæрукъаты А., Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт аразæг:

– Тыбылты Леонид Харитоны фыртæн бантыст регионы æхсæнадон-политикон уавæр æрнывыл кæнын. Йæ разы цы социалон хæслæвæрдтæ æвæры, уыдон скъуыддзаг кæны æнтыстджынæй æмæ уымæй бындур æвæры дарддæры нысанмæздæхт куыстæн. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ республикæйы размæцыды сæйрагдæр хæслæвæрдтæй иуыл Леонид Харитоны фырт нымайы бизнесæн баххуыс кæнын, кæцы у регионы ахсджиаг фæрæз. Уырны мæ, адæм уынынц, хицауиуæгад цæсгомджынæй, намысджынæй респуб-ликæйы цæрджыты интерестæн кæй кусы, уый.

Хæмыцаты В., фармацевт:

– Абон Республикæ Хуссар Ирыстоны куыст цæуы паддзахадон политикæйы мадзæлтты реализацийы фæдыл цæрджытæн гъæдджын медицинон æххуыс бакæнын сифтонг кæныны сферæйы. Дарддæр фæнд цæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынæн ног уагдæттæ саразын, медицинон специалисттæ æмæ дохтыртæ æрæмбырд кæнын, æв-вахс азты регионы рæзтæн социалон-культурон объектты арæзтад, хъæууон хæдзарады, сæу-дæджерады райрæзын кæнын.

Латунова Ф., экономист:

– Тыбылты Леонид куы кусы, уæдæй нырмæ республикæйы бирæ æвæрццаг ивындзинæдтæ æрцыд. Тынг æхсызгон мын у, Президент приоритетон здæхты куыстыл бинонтæ æмæ сывæллæттæн æххуыс кæй нымайы, уый дæр. Уый Ирыстоны фидæн у. Абон Хуссар Ирыстон у динамиконæй размæцæуæг республикæ. Уый къухы бафтыд республикæйы хицауиуæгады органты, сæрмагондæй Тыбылты Леониды профес-сионализм æмæ эффективон куысты фæрцы. Махæн Хуссар Ирыстонимæ ис æрмæст иумиаг арæнтæ нæ, фæлæ стыр хæстæгдзинады бастдзинад дæр. Афтæ хъуыды кæнын, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон цыбыр рæстæгмæ суыдзæн дидинæфтауæг бæстæ. Республикæ тыхджын у, фыццаджы фыццаг куыстуарзондзинадæй, уазæгуарзонæй, хæларзæрдæ адæмæй. Хорз уаид, арæхдæр кæрæдзимæ куы æрвитиккам не сфæлдыстадон коллективты, дыууæ бæстæйы районтæн хæларадон бастдзинæдтæ куы уаид. Уырны мæ, перспективæйы уыцы фарстатæ скъуыддзаг æрцæудзысты.

Хъараты Л., скъолайы директор:

– Æз тынг лæмбынæг мæ хъус дарын Республикæ Хуссар Ирыстоны ивындзинæдтæм. Бирæ хæттыты фембæлдтæн Тыбылты Леонид Харитоны фыртимæ дæр. Йæ номимæ йын бæттын республикæйы фидæн. Фæнды мæ банысан кæнын, уый кæй кусы планбæрцонæй, йæ разы цы хæстæ лæууы, æппæт уыдон æххæст кæнгæйæ. Абон Тыбылты Леониды рейтинг бæрзонд у. Уый æнæнхъæлæджы нæу. Æууæнчы кредит цавæрдæр æнхъæлц-дзинæдтыл не ‘нцой кæны, фæлæ – цыбыр рæстæгмæ арæзтæрцæуæг хъуыддæгтыл. Арæзт та æрцыд тынг бирæ. Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрадимæ мах æмгуыст кæнæм, нæ коллегæтæн цалдæр хатты ауагътам гом уроктæ, ауагътам семинартæ дæр. Фæнд кæнæм ацы куыст адарддæр кæнын.

Дзампаты А., амалиуæггæнæг:

– Тыбылты Леонид Харитоны фырт мæнмæ кæсы ахæм адæймаг, кæцыйæн йæ бон у фехъусын æмæ байхъусын, кæцы ныхасы рæстæджы у хуымæтæг, фæлæ йæ алы дзырды тыххæй дæр хæссы бæрндзинад. Абон йæ куыст здæхт у республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ, уыцы нымæцы хъæууон хæдзарады рæзтмæ дæр. Цæрджытæ æнкъарынц, Республикæйы цы ивындзинæдтæ цæуы, уыдон æмæ мæ фидарæй уырны йæ куыстфæразондзинад, æрдзæй æргом зæрдæ, цæсгомджындзинад, куыстуарзондзинад кæй баххуыс кæндзысты Тыбылты Леонид Харитоны фыртæн йæ адæмимæ иумæ ног паддзахад аразыны хъуыддаджы ноджы стырдæр æнтыстытæм схизынæн. Леонид Харитоны фырт хауы уыцы адæймæгтæм, кæцытæ кæддæриддæр дæттынц дзуапп сæ ныхæстæн. Æнкъардæуы, уый йæ куысты кæй æнцой кæны уæрæх дзыллæтыл. Районты адæмимæ фембæлын стыр куыст у, фæлæ уымæн ис бæрæг фæстиуæг, адæм уынынц æмæ æууæндынц Тыбылты Леонидыл, уынынц, цы стыр ивындзинæдтæ цæуы, уыдон, æууæндынц сæ республикæйы фидæныл.

Гуыбиаты К., театры директор:

– Мæнæн æхсызгон у, Республикæ Хуссар Ирыстон национ культурæйы рæзтмæ йæ хъус кæй дары, уый. Культурæ у, Райгуырæн бæстæйы хъармдзинад мах цæй фæрцы æнкъарæм, ахæм артдзæст. Уый фæрцы мах свæййæм патриоттæ. Хуссарирыстойнаг культурæйæн ис адæймæгты, хъуыдыты хорз потенциал. Уыдон дзурæг сты, æрмæст абоны боныл нæ, фæлæ аразынц фидæн дæр. Махæн уыдзæн кæрæдзимæ гастролтæ, Цæгат Ирыстоны сценæйыл сæвæрдзыстæм хуссарирыстойнаг авторты спектаклтæ æмæ Хуссар Ирыстоны сценæйыл та –  цæгатирыстойнаг авторты спектаклтæ.

Аслæмурзæты М., ЦИПУ-йы студент:

– Фæсивæды номæй мæ фæнды зæгъын, уæлдæр ахуырад фæуыны фæстæ цæттæ кæй стæм Республикæ Хуссар Ирыстонмæ кусынмæ æрцæуынмæ. Фæнды нæ бæрндзинад райсын регионы фæхуыздæр кæныны, раззагон æй скæныны фæдыл, фæнды нæ командæйы хай суæвын. Ис ныл баууæндæн. Мах цалдæр хатты фембæлдыстæм Леонид Харитоны фыртимæ. Бирæ арæзт кæй æрцыд, разæй бирæ плантæ кæй ис, нæ фидæн иумæ кæй араздзыстæм, уый нын тынг æхсызгон у.

Леонид Харитоны фырт йæ куысты ахсджиагдæрыл нымайы рæзгæ фæлтæры патриотикон хъомылады фæдыл куыст. Æмæ уыцы здæхты бирæ мадзæлттæ нысан æрцыд республикæйы ахуырадон уагдæтты.

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмæн нæ фæнды дарддæры æнтыстытæ.

Газет «Свободный взгляд»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.