Къуайсайы горæты рæзы Сыгъдæг Джиуæрджийы номыл дыууæуæладзыгон аргъуан. Ацы кувæндон у ирон адæмы фыдæлтæ – Алантæн Хъæрæсе-Черкескы зæххыл абон дæр цы аргъуантæ баззад, уыдоны æнгæс. Æцæг, Архызы алайнаг кувæндонæй хъауджы Къуайсайы    арæзтцæуæг кувæндон у бæрзонддæр.

Фыд Иаков куыд зæгъы, афтæмæй, æгас Кавказы цы кувæндæттæ ис, уыдонæй Къуайсайы кувæндон уыдзæн бæрзонддæр. Хуссар Ирыстоны кувæндæттæй та уыдзæн иууыл бæрзонддæр. Алайнаг стилыл арæзт кæй цæуы, уымæ гæсгæ уыдзæн иттæг рæсугъд. Аргъуан арæзт куы фæуа, уæд та йын бавналдзысты йæ алыварс территорийы хæрзарæзт кæнынмæ.

«Æрæджы дæр ма хæмпæлгæрдæг кæм уыд, уыцы бынат ныр суыдзæнис Къуыдаргомы фенддагдæр бынæттæй сæ иу. Адæм ардæм цæудзысты Хуыцауæн сæхи фæдзæхсынмæ æмæ сын кæддæриддæр æххуысгæнæг уæд», –  зæгъы динамонæг.

Уый ма загъта, зæгъгæ, нæ фыдæлты историимæ баст кувæндæттæ æмæ аргъуантæ бирæ ис Хуссар Ирыстоны зæххыл æмæ, зæгъгæ сæ иууылдæр хъæуы бахъахъхъæнын, уымæн æмæ нæм уыдонæй хъуысы фыдæлты фарн. Хъыгагæн, ахæм аргъуантæ æмæ цыртдзæвæнтæм хъусдард нæ уыд бирæ азты дæргъы, динмæ уазал цæстæй кæй кастысты Советон дуджы, уый аххосæй. 1992 азы та сын стыр зиан ракодта зæххæнкъуыст.

Хорз хъæппæрис æвдисынц хицæн мыггæгты минæвæрттæ, сæ фыдæлты дзуæрттæ реставраци кæнынц.

Къуайсайы горæты дæр цы аргъуан рæзы, уый саразыны фæнд 2007 азы æрцыд, ацы комæй рацæугæ, амалиуæггæнæг Джусойты Альбертмæ. Цалдæр азы фæстæ куыстытæ  ныкъуылымпы сты. Æрдæгарæзт бæстыхайыл къæвдайы дон лæдæрст. Ныр та ацы арæзтад кæронмæ бакæныны хæс йæхимæ айста æндæр амалиуæггæнæг – Гæджиты Альберт.

«Райдианы Гæджиты Альберты фæндыд ног аргъуан самайын йæ райгуырæн хъæумæ хæстæг. Уый æрбацыд Алайнаг епархимæ æмæ уым уынаффæ кодта дины кусджытимæ. Фæлæ йын мах загътам, хуыздæр кæй уыдзæн æрдæгарæзт аргъуан кæронмæ фæуын. Уый фембæлд Джусойты Альбертимæ, аныхæстæ кодтой æмæ æрцыдысты иу хъуыдымæ», – зæгъы фыд Иаков.

Динамонæг куыд зæгъы, афтæмæй ам арæзтадон куыстытæ куы фæуой, уый фæстæ мидæгæй уазнывтæ кæнынмæ бавналдзысты, аргъуанты ныв кæныны фæлтæрддзинад нæхимæ дæр кæмæ фæзынд, уыцы нывгæнджытæ Уалыты Захар æмæ Хетæгкаты Аслан. Ацы дыууæ нывгæнæг, уæдмæ та ахæм нывтæ сарæзтой Знауыры аргъуан æмæ Алагиры сылгоймæгты моладзандоны.

Куыддæр æппæт уыцы куыстытæ фæуой, афтæ аргъуаны райдайдзысты бакуывдтытæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.