– Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ музыкæ ис фæцæрæн, фæлæ уыцы цард къахыр æмæ æнкъард кæй уыдзæнис, ууыл æз æппындæр нæ дызæрдыг кæнын, – ахæм дзырдтимæ йæ ныхас мемæ райдыдта Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны ахуыргæнæг Гасситы Ацæмæз. Ацæмæз музыкæ раджы бауарзта. Йæ мад Бестауты Азæ æмæ йæ фыд Зауыр, йе ‘фсымæртæ Таймураз æмæ Ботаз, стæй æввахс хиуæттæ фæхатыдысты фыццаг йе ‘взыгъддзинад музыкæмæ.

Ацæмæз фæцис скъоламæ цæуынхъом æмæ цалдæр азы фæстæ фæбæрæг, музыкæйау математикæ дæр кæй бауарзта, уый. Æппынæдзух архайдта уыцы предметы чингуытимæ. Бинонтæ хъуыды кодтой, зæгъгæ, суыдзæнис математикæйы ахуыргæнæг, фæлæ Ацæмæз куыддæр аст къласы каст фæцис, афтæ  бинонтæн бамбарын кодта, Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндонмæ кæй бацæудзæнис, уый тыххæй. Йæ фидар ныхасы фæстæ ма уыдон дæр цы хъуамæ загътаиккой, ноджы йæ баразæнгард кодтой æмæ Ацæмæз, куыд астæуккаг скъолайы, афтæ музыкалон ахуыргæнæндоны дæр æнтысгæйæ ахуыр кодта. Астæук-каг скъола каст фæцис фæндзтыл. Йæ ахæм æнтысты тыххæй йæхæдæг афтæ зæгъы, зæгъгæ, хорз ахуыр кæнынæн мын стыр ахъаз фесты мæ ахуыргæнджытæ. Хатыдтæн сын сæ уарзт æмæ мæ сæ уроктæм æдзæттæйæ бацæуын никуыуал бафæндыд. Мæ ахуыргæнджыты се ‘ппæты дæр æрымысын, мæ зæрдыл дарын сæ амындтытæ, сæ разæнгардгæнæг ныхæстæ. Арæхдæр та æрымысын Магкоты Вандæ, Бекъойты Юзæ, Тедион æмæ æндæрты.

Музыкалон  скъолайы дæр фæстæ нæ лæууыд йæ ахуыр æмæ йæ музыкалон зонындзи-нæдтæй, каст æй куы фæцис, уæд æй райстой ардæм кусынмæ.

Фыццаг бонæй фæстæмæ Ацæмæз йæ ахуыргæнинæгтæм дары, йæхимæ цахæм хорз хъусдард æмæ ахаст уыд, ахæм хъусдард æмæ ахаст. Æппынæдзух тырны, цæмæй йæхæдæг ам цы зонындзинæдтæ райста, уыдоны рæдауæй амона ахуыргæнинæгтæн.

Æрыгон фæлтæрты тыххæй дзургæйæ та Ацæмæз банысан кодта, зæгъгæ, æвзæр кæстæр нæ вæййы, вæййы мæгуырау хъомылгæнæг. Æмæ у раст. Уымæн æмæ иуæй-иу хъомылгæнджытæ бынтон цъус хъусдард здахынц сæ кæстæртæм, нæ фæзонынц, кæм сты æмæ цы фæаразынц, уый. Арæх ма сæ фæцайдагъ кæнынц, амонын сын цы æмбæлы æмæ хъæуы уыдæттыл нæ, фæлæ æндæр цæуылдæрты.

Ацæмæз йæ куысты рæстæджы цы бирæ цаутæ бахъуыды кодта, уыдонæй сæ иуы тыххæй афтæ зæгъы.

– 2005 азы гуырдзиаг фыдгæнджытæ сæ фыдракæндон архайдтытæ дарддæр куы кодтой, Цхинвалы горæт блокадæйы куы уыдис, раст нын уыцы рæстæджы нæ коллективы фæхуыдтой Налцыккмæ, Цæгат Кавказы цæрæг адæмты музыкалон фестивалмæ. Уый нын уыд æхсызгон, фæлæ нæ разы сæвзæрыд бирæ проблемæтæ. Иуæй-иутæ нæ ахæм мæгуырау уавæрты ацæуынмæ нæ хастой сæ ныфс. Нæ ахуыргæнинæгты хъомылгæнджытæй чидæртæ бар нæ лæвæрдтой, цæмæй сын сæ сывæллæтты акодтаиккам фестивалмæ. Фæлæ уæддæр ацыдыстæм. Налцыччы нæ райстой хорз, бацин ныл кодтой. Райстам хорзæхтæ, фæарфæтæ нын   кодтой æмæ раздæхтыстæм фæстæмæ.

Хорз æнтыстытæн, куыстмæ хорз ахастæн та алы хатт дæр æрцæуы æмбæлон аргъ. Гасситы Ацæмæзæн æрæджы лæвæрд æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном æмæ йын мах дæр арфæ кæнæм.

Гæззаты Иван

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.