Музыкæ ирон адæмы культурæйы егъау бынат ахсы фыдæлтæй фæстæмæ – райдай музыкалон инструменттæй æмæ фæу нæ диссаджы кæфтытæ æмæ зарджытæй. Уымæ гæсгæ советон дуджы нæ интеллигенци архайдта фæсивæдæн музыкалон зонындзинæдтæ раттынмæ, нæ хъæздыг культурæимæ йæ базонгæ кæнынмæ. Кæд æмæ Гуырдзыстоны «ассимиляцион программæ» цæлхдуртæ æвæрдта ацы хъуыддаджы, уæддæр зынгæ музыкалон-æхсæнадон архайæг Ӕлборты Феликсы сæргълæудæй Хуссар Ирыстоны районты радыгай гом кæнын райдыдтой музыкалон скъолатæ.

1975 азы Знауыры районы дæр байгом музыкалон скъола æмæ дзы райдианы амыдтой æрмæстдæр фортепианойыл цæгъдын. Директорæй та дзы сæвæрдтой Беридзе Лияйы. Ахуыры процесс дзы цыд иттæг хорз, ам, музыкæмæ æвзыгъд сывæллæттæ, сæ дæсныйад бæрзонддæр æмвæзадмæ истой. Уæдмæ ралæууыдысты 90-æм азтæ æмæ йæ директор Келиты Арианнæйæн хæстон, мæгуыр уавæрты нал уыдис ахуырдзаутæн æмбæлон зонындзинæдтæ дæттыны фадат æмæ музыкалон скъола æхгæд æрцыд. Ногæй йæ байгом кодтой 1999-æм азы æмæ йæ директор Хатуна Хейтаришвили скрип-кæйыл цæгъдæг кæй уыд, уый фæстиуæгæн ма дзы бакодтой скрипкæйыл цæгъдыны хайад дæр. 2001 азæй суанг 2015 азмæ та дзы директорæй фæкуыста Аветисян Светланæ æмæ ма дзы йæ къухдариуæгады рæстæджы фæзынд гитарæйыл цæгъдыны хайад дæр.

2016 азæй абоны онг та дзы æнтыстджынæй кусы Хъоцыты Кетеван. Уый йæхæдæг дæр ам фæкуыста ахуыр-гæнæгæй æмæ иттæг хорз зоны  скъолайы истори, йæ куыст æмæ хъуагдзинæдтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæстаг азты музыкалон скъолайы ахуырдзауты нымæц фылдæр кæны æмæ ахæм тенденци дарддæр куы ахæсса, уæд уый æхсызгон хабар у.

«Ӕрæджы нæ рауагъдон сæрибарæй радта фæлварæнтæ Ӕлборты Феликсы номыл Цхинвалы паддзахадон музыкалон ахуыргæнæндонмæ хорон-дирижёрон хайадмæ æмæ уый махæн стыр æнтыст у. Ӕнæуый хайад фæисæм районы æппæт мадзæлтты дæр. Республикон масштабы цæуæг мадзæлттæм нæ куы фæхонынц, уæд уым дæр нæхи равдисæм, фæстæ нæ фæлæууæм – бацахсæм призон бынæттæ», – зæгъы Хъоцыты Кетеван.

Абоны бон районы музыкалон скъолайы ахуыр кæны 44 ахуырдзауы – сæ фылдæр сты чызджытæ. Се ‘хсæн ис уырыссаг æфсæддонты сывæллæттæ дæр. Кусынæн сын ис æмбæлон уавæртæ, æххæст сты кадртæй дæр – 8 ахуыргæнæгæй æх-хæссынц ахуырадон процессыл. Ныры онг сæм уыд 3 хайады – фортепиано, вокал æмæ доули, фæлæ ма сæм ацы аз бафтыдтой иу хайад – ирон фæндыр. Сывæллæттæн скъолайы хорз уавæртæ ис ахуыр кæнынæн, фæлæ ныййарджытæй алкæй къух нæ амоны музыкалон инструменттæ балхæнынæн, цæмæй сæ сывæллæттæ хæдзары сæ дæсныйадыл кусой. Уымæ гæсгæ ахуыргæнджытæ кусынц æрмæст скъолайы – сæ хæдзæрттæй та сывæллæттæн сæ фылдæр æрцæуынц æдзæттæйæ.

Ис афтæ хъуыдыгæнджытæ, ома, цы пайда хæссы сывæллонæн музыкалон скъола. Æмæ, æцæгдæр статистикæмæ гæсгæ музыкалон скъолайы рауагъдонтæй æрмæстдæр 5% бæрц музыкæ равзарынц профессийæн сæ царды. Фæлæ Хъоцыты Кетеваны хъуыдымæ гæсгæ алы сывæллонæн дæр стыр ахъаз фæвæййы музыкалон ахуырдзинад йæ дарддæры царды.

«Музыкæмæ чи цæуы, уыцы сывæллæттæ алыварсонæй дæр сæ карæнтæй æвзыгъддæр вæййынц, сæ хъуыдыкæнынад æмæ сæ архайды координаци дæр бæрæг хуыздæр вæййынц. Уымæн æмæ исты музыкалон инструментыл цæгъдгæйæ сæры магъз аныгъуылы хъуыдыты – дыууæ къухы дæр змæлынц хицæнтæй, æркæсы нотæтæм, гæнæн ис, æмæ заргæ дæр кæна, алцыдæр контроль кæны сывæллон йæхæдæг. Стæй ма зарын æмæ цæгъдын фидар кæнынц адæймаджы сустæ æмæ улæфыны иннæ органтæ дæр, æмæ уый фæстиуæгæн тыхджын кæны сывæллоны иммунитет дæр. Уымæй уæлдай ма сывæллонæн йæ уагахаст дæр вæййы хуыздæр, бангом вæййы культурæмæ æмæ йæ бон вæййы хорз æвзæрæй хицæн кæнын», – зæгъы директор.

ДЖИОТЫ Алыксандр   

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.