Цхинвалы уагъд æрцыд хъæбысхæсты скъолайы гом чемпионат самбойæ. Ерысты хайад райстой 75 богалы. Майдантыл тох кодтой республикон комплексон спортивон скъола, Дзау æмæ Ленингоры районты æмæ хъæбысхæсты скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Карз спортивон тохтæ цыд куыд лæппуты, афтæ чызджыты ‘хсæн ерысты дæр. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг Тъуриты Тенгизы ныхæстæм гæсгæ, спортсментæ кæд нырма афтæ хорз цæттæ не сты, уæддæр æвдыстой уæлахизмæ тырнындзинад æмæ фидар удыхъæд.

БАХАУДТОЙ ХУЫЗДÆР БОГАЛТЫ

 НОМХЫГЪДМÆ

Хъæбысхæсты иугонд организаци (UWW) фехъусын кодта ног рейтинг. Сæ уæзы категориты 5 иууыл хуыздæр богалты номхыгъдмæ бахаудысты 14 уæрæсейаг хъæбысæйхæцæджы. 74 кг уæзы категорийы лидер у ирон спортсмен Сидахъты Зауырбег. Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæй ма рейтингы сты æртæйæ. 86 кг уæзы категорийы 4-æм бынатыл ис Фриты Таймураз, 6-æм бынатыл та ис Уалыты Владислав. Цæкуылты Батырбег та 4-æм бынатыл ис 92 кг уæзы категорийы. 

ФУТБОЛ

Футболæй РЦИ-Аланийы чемпионаты 3-аг туры командæ «Цхинвал» фæуæлахиз Дзæуджыхъæуы «Автодор»-ыл 4:2 хыгъдæй. Цхинвайлæгты сконды расгуыхтысты Джиджджойты Сослан, Джиголаты Сослан æмæ дыууæ хатты та Бæззаты Ибрагим. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 75-æм минуты онг «Цхинвал» кæй æмбылды кодта 1:0 хыгъдæй, фæлæ тренер Хъоцыты Сослан командæйы хъазтмæ бахаста тактикон ивындзинæдтæ. Цыппар хъахъхъæнæгæй иуы бæсты рауагъта размæбырсæджы æмæ уыцы къахдзæфæн уыд хорз фæстиуæг.

Ныр æртæ хъазтæй «Цхинвал» æрæмбырд кодта 7 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсы фыццаг бынат. Цыппæрæм туры хуссарирыстойнаг футболисттæ хъаздзысты Æрыдоны командæ «Ардон 2018»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.