29 январæй 5 февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕрцыд дыууӕ фыдракæнды ӕмӕ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл иу адӕймаджы бӕрндзинадмӕ ӕркодтой.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци дыууæ къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 305 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 9 шофыры разындысты нозтджынтӕ кӕнӕ та уыдысты наркотикты ӕндӕвдады бын.

31 январы горæттаг 31-аздзыд сылгоймаг милицимæ фехъусын кодта, зæгъгæ йæм хæдзармæ бацыд йæ раздæры мой, 41-аздзыд горæттаг цæрæг, æмæ йæм æртхъирæнтæ кæны амарынæй. Бынатмæ æвæстиатæй ацыдысты милицийы кусджытæ æмæ сбæлвырд кодтой, сæ бацыдмæ 41-аздзыд æмбæстаг кæй фехста æхсæнгарзæй сылгоймаджы къах, æмæ уый фæстæ дыууæ æнахъом сывæллоны кæй акодта йемæ. Цæф сылгоймаджы аластой рынчындонмæ. Барадхъахъхъæнæг органтæ ауагътой оперативон-агурæн мадзæлттæ, фæлæ фыдгæнæг æмæ сывæллæттæ никуы разындысты. Фæстæдæр, æхсæвы 11 сахатмæ æввахс дыууæ æнахъом сывæллоны фыдгæнæг кæмæндæр барвыста сæ мадмæ. Ныридæгæн дæр уагъд цæуынц агурæн мадзæлттæ фыдгæнæджы æрцахсыны æмæ бæр-ндзинадмæ æркæныны тыххæй. Ацы æмбæстаг ма æрæджы æнæфæрсгæйæ акодта йæ дыууæаздзыд фырты æмæ сӕ цалдæр бон ницы бӕрӕг уыд. Уый фæстæ сывæллоны барвыста йæ мадмæ, фæлæ йӕхӕдӕг йæхи никæмæн равдыста.

1 февралы милицийы наркотикты æрзылдыл контроль кæныны управленийы æмæ паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой горæттаг 49-аздзыд æмбæстаджы хæдзар. Басгæрсты рæстæджы пецы духовкæйы ссардтой сау полиэтиленæй конд пакет, кæцыйы мидæг разынд ноджы 6 къаннæгдæр пакеты. Пакетты мидæг уыд цъæхбын хосгæнæн медицинон препаратты хуызæн капсулæтæ – æдæппæт 1200 капсулæйы. Эксперттæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй ссаргæ капсулæты уæз уыд 468 граммы æмæ разындысты хосгæнæн препараттæ, кæцыты сконды ис «Габапентин». Уымæй уæлдай ма зæрдæхсайгæ æмбæстагæн медицинон басгæрсты рæстæджы сбæрæг медицинон препарат «Лирика»-йæ спайда кæныны факт дæр. Фæткхалæг урæд æрцыд æмæ йын дарддæр йæ хъуыддаг тæрхондоны равзардзысты.

1 февралы арæнхъахъæнджытæ милицимæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, Знауыры районы Хуымты хъæуы иу æдзæрæг хæдзары ссардтой танкы ныхмæ фæсарæнты уагъд гранатæхсæн. Сапертæ ссыдысты æмæ бынаты скуынæг кодтой тæссаг предмет.

3 февралы рейдон мадзæлтты рæстæджы горæт Цхинвалы фæндагон инспектортæ баурæдтой зæрдæхсайгæ автомашинæ, кæцыйы шофыр разынд Дзæуджыхъæуы 28-аздзыд цæрæг. Басгæрсты рæстæджы автомашинæйы салоны ссардтой 16 пакеты, дым-гæ кæй нæ кæнынц, ахæм тамако «снюс». Фæткхалæджы тæрхондон фæивар кæндзæн.

Горæт Цхинвалы милицийы управленийы фæдагуырды хайады кусджытæ оперативон информацийы фæдыл баурæдтой горæттаг 43-аздзыд цæрæджы. Медицинон басгæрсты рæстæджы рабæрæг ис, кæй спайда кодта психоактивон буарад «метамфетамин»-æй. Фæткхалæджы тæрхондон ахæстонмæ арвыста 7 боны æмгъуыдмæ.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.