9 майæ 16 маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудта иу адæймаг.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты дыууæ æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 286 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 3 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

11 майы Дзауы поселокы ссыгъд 31-аздзыд бынæттон цæрæджы хисæрмагонд хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæ æвæстиатæй быцыдысты бынатмæ, фæлæ сæ бон нæ бацис арт ахуыссын кæнын – хæдзар басыгъд.

12 майы Знауыры районы милицийы упарвленимæ хъаст балæвæрдта 40-аздзыд горæттаг цæрæг, зæгъгæ мын Знауыры районы Терегуаны хъæуы хисæрмагонд хæдзарæй адавтой дыууæ цæнгæтæй арæзт батареяйы æмæ ма æндæр алыгъуызон æфсæйнæгтæ. Цыбыр рæстæгмæ ахст æрцыд кæрных, кæцы разынд бынæттон 20-аздзыд цæрæг.

Милицийы наркотикты ӕрзылды контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой 38-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцымæ сæ зæрдæ фехсайдта наркотиктæй спайда кæнынмæ. Медицинон басгæрстмæ гæсгæ фæткхалæг спайда кодта «марихуана»-йæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.