Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 77 азы сæххæсты цытæн республикон комплексон спортивон скъолайы уагъд æрцыд Цхинвалы гом чемпионат боксæй. Хайад дзы райстой куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Цæгат Ирыстоны æвзонг спортсментæ дæр. Уыдон дих уыдысты дыууæ кары къордыл. Дыууæ боны дæргъы спортуарзджытæ федтой 40 тохы.

«Сывæллæттæ равдыстой хорз цæттæдзинад. Зыны сыл сæ тренертæ семæ бæстонæй кæй кусынц, уый. Тынг æхсызгон мын у нæ цæгаттаг æфсымæртæ нæм кæй æрцыдысты», – банысан кодта ерысты сæйраг тæрхонгæнæг, «Федерация любительского бокса»-йы президент Кокойты Мурат.

Ерысты офиицалонæй байгом кæныны церемонийы турниры хайадисджытæн раарфæ кодта Президент Бибылты Анатоли.  Паддзахады сæргълæууæг ма куыд банысан кодта, афтæмæй стыр нысаниуæг ис Стыр Уæлахиз нын чи æрхаста, уыдоны ном кæй нæ рох кæнæм, уымæн.

Ерысты хайадисæг спортсменты архайдмæ йæ хъус дардта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Йæ ныхæстæм гæсгæ фæстаг азты хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц республикæйы боксертæ. Уый та, зæгъ, ахъаз кæны Хуссар Ирыстоны спорты ацы хуызы популярондзинадæн.

Турниры фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Ерысты кæстæр кары спортсменты ‘хсæн «Хуыздæр боксер»-ы приз лæвæрд æрцыд Андиаты Азæмæтæн, «Хуыздæр техникæ»-йы тыххæй приз райста Хаситы Давид æмæ «Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы приз та радтой Уазæгты Амирæн. Хистæр кары спортсменты ‘хсæн турниры хуыздæр боксерыл нымад æрцыд Ян Яралов, организаторты хъуыдымæ гæсгæ иууыл хуыздæр техникæ та равдыста Пухаты Георги, «Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы приз та радтой Гоциты Артурæн.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ хайад райстой Пятигорскы уагъдцæуæг уæгъдибар хъæбысхæстæй æхсæнрегионалон турнир «Воля к победе»-йы. Ерысты хайад истой Ставрополы край, Дагъыстан, РЦИ-Алани, Мæхъæл, Хъырым æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. 2010-11 азты гуырд спортсменты ‘хсæн 34 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста хуссарирыстойнаг хъæбысæйхæцæг Багаты Аслан. Уый акодта цыппар тохы. Финалы фæуæлахиз цæгатирыстойнаг спортсменыл 9:7 хыгъдæй.

Цхинвалмæ æвзист майданимæ та æрæздæхт Тедеты Георги. Уый та хæцыд 2012-13 азты гуырд спортсменты ‘хсæн 33 кг уæзы категорийы.

Спортсменты тренертæ сты Хъесаты Петр æмæ Багаты Вадим.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.