13-æм июлæй 20-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд иу фæндагон-транспортон цау.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 158 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 10 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Алыгъуызон бархалынады фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 6 адӕймаджы. Дыууæйы дзы Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта, иуы та дзы ахæстоны сбадын кодта.

15-æм июлы Ленингоры районы Гъдулеты хъæуы арæнхъахъхъæнджытæ сгарæн мадзæлттæ уадзыны рæстæджы хисæрмагонд хæдзары ссардтой æхсæнгарзы нæмгуытæ æмæ гранаттæ. Слестгæнæн къорды кусджытæ рахастой ацы тæссаг предметты, цæмæй сæ  скуынæг кæной. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы хæдзары хицау 2008 азы хæсты фæстæ цæрынмæ ацыд Цæгат Ирыстонмæ.

15-æм июлы Цхинвал-Къуайсайы фæндагыл Елхъанты хъæумæ ‘ввахс йæ радон рейсы рæстæджы ссыгъд автомашинæ «УАЗ-452», кæцыйы шофыр разынд Дзауы районы Лесоры хъæуы 69-аздзыд цæрæг. Зынгсирвæзты фæстиуæгæн машинæ иууылдæр басыгъд.

Милицийы Наркотикты æрзылд контроль кæныны кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой горæт Цхинвалы 42-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой иу гæны къутæр. Фæткхалæджы Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 2500 сомы.

Горæт Цхинвалы Джиоты Аланы проспекты æрцыд фæндагон-транспортон цау. Цхинвалы районы Гудзабары хъæуы 25-аздзыд цæрæг нозтджынæй нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВМW 323» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд «Кокетка» магазины асинтыл. Аварийы фæстиуæгæн бархалæг бамбæхст, фæлæ йæ оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн цыбыр æмгъуыдмæ æрцахстой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.