Козаты мыггаг Ирыстонæн балæвар кодта дыууæ адæмон нывгæнæджы – Зауыр æмæ Ушангы (абон дыууæ дæр – дзæнæттæгтæ). Уыдонæн ныв кæнын бауарзын кодта сæ фыд Алекси. Фæлæ абон мæ дзырды сæр у æфсымæрты хистæр Зауырыл. Дыууæ азы размæ июлы мæйы Ирыстоны дзыллæ йæ фæстаг фæндагыл афæндараст кодта РХИ-йы адæмон нывгæнæг Козаты Зауыры

Уый райгуырд 1943 азы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны.  Нывгæнæн ахуыргæ-нæндон каст фæуыны фæстæ уæлдæр ахуырад райста  Тбилисы аивæдты академийы архитектурон факультеты. Академи каст фæуыны фæстæ æрыздæхт Цхинвалмæ æмæ кусын райдыдта бæстæзонæн музейы нывгæнæг-реставраторæй. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны архитектурæмæ стыр хъусдард здæхт кæй нæ цыд, уымæ гæсгæ йæ  цард снывонд кодта нывкæнынады аивадæн. Уый фæстæ куыста, йæхæдæг каст кæй фæцис, уыцы нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр та, хъысмæты фæндонмæ гæсгæ, Зауыр нысан æрцыд йæ уарзон  ахуыргæнæндоны директорæй. Ацы бынаты уый бакуыста 30 азæй фылдæр æмæ  схъомыл кодта бирæ æвзонг нывгæнджыты. Йæ кабинеты къултыл конд уыдысты йæ ахуыргæнинæгты хорзæхтæ, дипломтæ, кæцыты-иу уыдон рамбылдтой алыгъуызон конкурсты. Зауыр-иу сæрыстыр уыд уымæй дæр, æмæ-иу йæ хъомылгæнинæгтæ кæй систы Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуырадон уагдæтты студенттæ. Уый бирæ сарæзта, цæмæй Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджыты нывгæнæн ахуыргæнæндон æхгæд ма æрцыдаид, æмæ куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодта куыд коллективæн, афтæ студенттæн дæр. Нывгæнджыты ‘хсæн ын уыд стыр кад. Иу адæймаг дæр Зауырæй æвзæр ницы зæгъдзæн, иууылдæр æй бахъуыды кодтой хæларзæрдæ æмæ æмгæрттæуарзаг адæймагæй. Йæ куыстытæ равæрд æрцыдысты 300 равдыстытæй фылдæры, сæрмагонд равдыстытæ та йын уыд авдæй фылдæр. Иу ахæм равдыст ын уыд 2014 азы йæ 70 азы юбилейы цытæн. Йæ куыстыты равдисгæ фæлгæндзтæ йемыдзаг сты йæ миддунейы цæрæг поэзийæ, адæймаджы дисы æппарынц сæ эмоционалондзинадæй. Уый бирæ ирд нывтæ скодта, кæцытæ баст уыдысты нæ трагикон историйы фæрстимæ. Йæ уацмыстæй стыр хайбавæрд бахаста фыдыбæстæйон культурæмæ. Йæ юбилейон равдысты æвдыст æрцыд æнæхъæн эпохæ. Æрдз ын æнæвгъау курдиат æмæ адæймаджы миниуджытæ схай кæнгæйæ, уый йе сфæлдыстады фæрцы йæ уацмысты равдыста национ традицитæ æмæ культурæйы рæсугъддзинад æмæ хъæздыгдзинад.

Козайы фырт, йæ куыстæй æхцондзинад исгæйæ, æхсæвæй-бонæй фæлдыста æмæ фæлдыста ног нывтæ.  Фæлæ уыдонæй бирæтæ зынджы хай баисты, 1990 азты гуырдзиаг фыдгæнджытæ Цхинвалы нывгæнæн æрмадзтæ куы басыгътой, уæд.  Уый-иу арæх дзырдта, зæгъгæ, дам, уæд  басыгъдысты мæ конд нывтæй 80  фылдæр, баззадысты ма мæм æрмæст сæ къамтæ. Дæргъвæтин рæстæджы, зæгъ, мæ бон нал уыд мæ куыстмæ æрæвналын. Курдиатджын нывгæнæг уый фæстæ цы нывтæ сфæлдыста, уыдоны та балæвар кодта Национ музейæн. Козаты Зауыры цардвæндаг афтæ хъæздыг у, æмæ йыл иу уацы æрдзурæн нæй. Зауыры æнæниздзинадыл тынг бандæвтой цалдæр азы размæ йæ чысыл хъæбулы трагикон амæлæт æмæ йæ кæстæр æфсымæр Ушанг цардæй æнæрæстæджы кæй ахицæн, уый. Зауыр ма йæ кæстæр æфсымæр Ушангæй фæцард æрмæстдæр аст мæйы фылдæр. Ацыд не ‘хсæнæй хæларзæрдæ адæймаг, фæлæ йæ ном цæргæйæ баззад, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.