Фыццæгæм октябры Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференц-залы «Литературон уазæгдон»-ы ректорат, уырыссаг фæсарæйнаг кафедрæ, студенттæ æмæ ахуыргæндтæ цытимæ фембæлдысты киноныв «Дыууæ хо æмæ поэт»-ы продюсер Туаты Теминæ æмæ режиссер Рафаел Гаспарянцимæ.

Фембæлд байгом кодта æмæ йæ хайадисджыты кæрæдзиимæ базонгæ кодта уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы доцент Пæррæстаты Мананæ. Уый цыбыр раныхасы фæстæ ныхасы бар радта кинонывы продюсер Туаты Теминæйæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мадзалмæ уыйбæрц адæм кæй æрбацыд, уый мæнæн у тынг æхсызгон.

«Уе ‘ппæтæн дæр уæ хъарм ахасты тых-хæй зæгъын стыр бузныг. Кино ист æрцыдис 2008 азы хæсты фæстæ Ирыстон, ирон адæ-мæн сæ цард куыд рæзы æмæ размæ куыд цæуы, уый тыххæй. Кинонывы сæйраг архай-джытæ сты зынгæ уырыссаг поэт Иосиф Бродский æмæ не ‘мзæххонтæ, дыууæ хойы – Абайты Зарæ æмæ йæ дзæнæттаг хо Дианæ. Уыдон сæйраг архайджытæ æнæнхъæлæджы не сты. Иосиф æмæ Абайты хотæн, уæлдайдæр та – Дианæйæн уыд хорз, æнгом æмæ хæларадон ахастытæ. Уыдон бирæ хъуыддæгты уыдысты æххуыс сæ кæрæдзийæн, арæх кæрæдзимæ фыстой фыстæджытæ. Кинонывы нæ сæйраджы равдисын фæндыд ирон лæджы зонд æмæ зондахаст æмæ нын уый æнтысгæ дæр бакодта.

Йæ раныхасы киноныв «Дыууæ хо æмæ поэт»-ы режиссер Рафаел Гаспарянц та банысан кодта, зæгъгæ, ахæм киноныв сисын нæ бон бацис уе ‘мзæххон Абайты Зарæйы фæрцы. “Уæ рæсугъд æмæ адæмуарзаг бæстæ мæнæн зындгонд у. Ам ма уыдтæн цалдæр азы размæ. Уæд та киноныв систон зындгонд ахуыргонд Джусойты Нафийыл. Уæ бæстæ ахæм у, æмæ мæм ардæм æрцæугæйæ куы ницы хъуыдытæ æмæ фæндтæ вæййы, уæддæр цалдæр боны фæстæ уыйбæрц свæййынц, æмæ мæхæдæг дæр дисы ныххауын. Тагъд Туаты Теминæимæ киноныв исын райдайдзыстæм зындгонд композитор Галаты Барисы тыххæй. Мах бацархайдзыстæм æмæ нæ ныридæгæн уырны, нæ уыцы куыст дæр уæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæнис,” – загъта зынгæ режиссер Рафаел Гаспарянц.

Кинонывы «Дыууæ хо æмæ поэт»-ы хъайтартæй иу, не ‘мбæстаг Абайты Зарæ та йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, цалдæр азы размæ Дзæуджыхъæуы «Стыр Ныхас»-ы съезды райста ныхасы бар æмæ загъта, зæгъгæ, дыууæ Ир баиу кæныны тыххæй ма катайгæнгæйæ цы дзурæм, кæд æмæ иу сты,  иу культурæ нын ис, иу æвзагыл дзурæм, нæ фыссынад дæр у иу. Уыцы дзырдтæй кинонывы пайда кæй æрцыд, уый йын, зæгъгæ, уыд æхсызгон æмæ бузныг зæгъы йæ исæг Рафаелæн. Йæ дзæнæттаг хойы тыххæй йæ бон дзурын дæр нæ уыд, фæлæ банысан кодта, Иосиф Бродскиимæ дæр æй уый кæй базонгæ кодта.  Йæ хо Дианæ уæд цард Мæскуыйы æмæ афтæ базонгæ сты. “Æхца мæ никуы куырдта, фæлæ иу фæлтæр йæ фыстæджы домдта, цæмæй йын арвыстаин æхца. Фæдис кодтон, фæлæ йын сæххæст кодтон йæ домæн. Фæстæдæр базыдтон, Иосифы кæй хъуыдысты æмæ йын сæ кæй радта, уый. Уыцы къахдзæфæй мæхицæн Иосифы разы скодтон стыр кад æмæ райдыдтой нæ хæларадон ахастытæ,” – банысан кодта Абайты Зарæ.

Иосифы фæсарæнтæм куы æрвыстой, уæд йæ фæнд уыд Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, фæлæ йын нæ бантыст. Йæ царды фæстаг азтæ батыдта Америкæйы. Йæ зианмæ Дианæ дæр ацыд.

Кинонывы тыххæй та зæгъдзынæн уый, æмæ у зæрдæмæдзæугæ. Адæймаг дзы исы стыр æхцондзинад, хъæздыг кæны адæймагон ахастытæ.

Мадзалы ма раныхас кодтой Абайты Зарæйы фырттæ Пæррæстаты Алан æмæ Сæрмæт, университеты лектортæ Тедеты Залинæ, Дамбегты Иринæ æмæ æндæртæ.

Фембæлды фæстæ æвдыст æрцыд киноныв «Дыууы хо æмæ поэт».                                                                                             Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.