Мыхуыры рацыд литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон æрвылмæйон журнал «Мах дуг»-ы ацы азы цыппæрæм номыр.

Ацы аз 90 азы сæххæст зындгонд æмæ курдиатджын поэт Дзаболаты Хазбийы райгуырдыл. Уый тыххæй журналы мыхуыр æрцыдысты поэты æмдзæвгæты цикл «Айнæг цъититы сусæгдзинад».

Поэзийы жанрæй ма  мыхуыр цæуынц Биазырты Кромвелы ног æмдзæвгæты цикл «Раздæрау æмæ та ногæй», афтæ ма Сасиаты Исламы æмдзæвгæты цикл «Рагбонты уарзт æмæ хъыг».

Прозæйæ журналкæсæг бакæсдзæн, Советон Цæдисы Фысджыты цæдисы уæнг Бицъоты Грисы публицистон уацау «Царды аууæлтæ, кæнæ фыссæг мæ цæуылнæ рауад»-ы фыццаг хай. Уацау ист у журналы архивæй. Уацау у зындгонд фыссæджы сфæлдыстадон фæндаг æвдисæг æмæ, йæ ахаст цы рæстæджы цард æмæ фыста, уымæ.

140 азы сæххæст зындгонд æфсæддон, æхсæнадон архайæг, рухстауæг Темырханты Сосланы райгуырдыл. Журналы ацы номыры бакæсдзыстут  йæ новеллæтæ «Зонд æмæ бархи», «Минас», афтæ ма Сосланæн йæ чызджы чызг, ахуыргонд Сæгутонты Тамарæйы уац «Цард æмæ мæлæты ʻхсæн».

Зынгæ ирон прозаик Сечъынаты Ладемыры райгуырдыл ацы аз 100 азы кæй сæххæст, уымæ гæсгæ журналы мыхуыргонд цæуынц йæ юмористон радзырдтæ «Мады хъæстытæ» æмæ «Гæуысон театры уыдис».

Рубрикæ «Мах дуджы» равдыст нæ зонгæ кæны УФ-йы сгуыхт нывгæнæг, Цæгат Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы сæрдар Мæргъиты Таймуразы куыстытимæ.

«Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бонмæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын та бакæсæн ис, УФ-йы Журналистты цæдисы уæнг Джусойты Нинæйы фыст уац «Мария Ясыня æмæ Ирыстон».

Рубрикæ «Ахуыргæнджытæн æххуысæн»-ы бынмæ мыхуыр цæуы Хъоцыты Тамарæйы уац «Патриотизмы темæ Цæрукъаты Алыксандры поэзийы».

«Базырджын хъуыдытæ», ахæм рубрикæйы бын журналкæсæг бакæсдзæн РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг Дедегкаты Зæлинæйы  тæлмацæй, алы рæстæджыты царды, æхсæнады алы фæзындтыты тыххæй дунейы номдзыд лæгты базырджын хъуыдытæ.

«Ирон прозæйы антологи»-йы бын бакæсдзыстут зындгонд, курдиатджын фыссæг Гуыцмæзты Алешы цард æмæ сфæлдыстадон фæндаджы цыбыр зонæнтæ, афтæ ма йæ радзырд «Чъызгæ уарзт».

Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст».

ДЗЕБЫСАТЫ Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.