Адæмæн аивады фæрцы лæггад кæныныл чи тыхсы, уыдон фыццæгтæй сты Цхинвалы районы аивадон коллективтæ. Уыдон кæддæриддæр барухс кæнынц сценæмæкæсджыты зæрдæтæ æмæ сыл ныууадзынц арф тæлмæнтæ. Сæ хорздзинæдтæй ма иу уый у, æмæ аивады хæрзиуджытæй æнæаргъæй фæхайджын кæнынц хъæууон фæллойгæнджыты æмæ сын уый  сси фæткау. Цæвиттон, ахæм концерттæ æндæраз равдыстой районы  цалдæр хъæуы, хъыгагæн, пандемийы аххосæй уыцы хайбавæрд сæххæст кæнын сæ къухты нæ бафтыд ивгъуыд аз. Фæлæ та уыцы хъуыддаг сног кодтой ацы аз æмæ уыдысты Зар æмæ Тъбеты хъæуты.

Æрæджы та сæ арæхстдзинад равдыстой Къостайыхъæуы цæрджытæн. Культурæйы хæдзар сценæмæкæсджытæй уыд йедзаг, районы артисттæ сын равдыстой Хуыгаты Георы музыкалон комеди «Мæ усы мад». Спектаклы æвæрæг – режиссер æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист Уанеты Æхсарæн бантыст уацмысы мидис æххæстæй райхалын. Уый та бæрæг уыд, алы артист дæр сæрибарæй кæй æххæст кодта йæ фæлгонц. Спектаклæн музыкæ та равзæрста нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Æлборты Шоренæ. Æхсызгондзинады æнкъарæнтæй байдзаг сты сценæмæкæсджыты зæрдæтæ дæр, тыхджын къухæмдзæгъдæй арфæ кодтой Остъаты Алан æмæ Хаситы Инарæ,  Джыккайты Эльбрус, Козаты Сæлимæт æмæ æндæр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.