Ирон хореографийы рæзтмæ уæзгæ бавæрд чи бахаста, кафты аивад йæ удау чи бауарзта, уыдоны фыццæгтæм ахæссын хъæуы Гаглойты Хазби Федыры фырты дæр. Æнæдызæрдыгæй зæгъæн ис, æрдз æй кæй фæхайджын кодта диссаджы курдиатæй, кæй йæм бахудт æмæ йыл уый дæр йæ зæрдæ кæй никуы сивта.  Фæлæ курдиаты дæр фæхъæуы хъахъхъæнын, аудын, уарзын, йе нцой балæууын, æнæрынцойæ кусын æмæ фыдæбон кæнын. Ацы диссаджы зæрдæхæлар æмæ уарзæгой адæймаг та куыд курдиат, афтæ фыдæбон кæнынæй дæр фæци хайджын æмæ йе рдзон курдиат нæ бауагъта нымæг кæнын, фæлæ йæ кодта цыренæй – цырендæр.  

Хæрз æвзонгæй æрлæууыд Гаглойты Хазби ацы арфæйаг фæндагыл, ссис ын удлæууæн æмæ йыл цыд сæрыстыр æмæ фæндвидарæй. Æрдзон курдиатæй хайджын кæй фæци, уый йын фадат радта, цæмæй йæ айстаиккой «Симд»-ы цæттæгæнæн студимæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, студийы ахуыр кæнын алкæй бон нæ уыд, хайад дзы истой иууыл æвзыгъддæртæ, сомбон йæ аивадæй сценæмæкæсджыты зæрдæ чи æлхæндзæн, аивадон тыхæй сæ чи хъарм кæндзæн, ахæм æвзыгъд сывæллæтты. Студийæн къухдариуæггæнæг та уыд зындгонд кафæг æмæ хореограф Гæбæраты Григол. Ноджы ма йæ зæгъæм, æрдзон курдиат, тырнындзинад, кафты алы чысыл фезмæлд дæр дырысæй æххæст кæнын, рæхснæг æмæ аив уæнгты конд фадат дæттой суинаг кафæджы æппæт гæнæнтæ раргом кæнын æмæ æххæстæй райхалынæн. Иугæр ын йæ тыхыл куы баууæндыдысты, кафты сусæгдзинæдтæ æмæ фæзилæнтæ кæронмæ куы бамбæрста, уæд æй æрбахуыдтой Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-мæ. Сæххæст ныр йæ бæллиц æмæ ныфс-джынæй æрлæууыд йæ амынд фæндагыл, æдзухон хъусдард здæхта хореографы амындтытæм æмæ уайтагъд йæ ном айхъуыст дæсны кафæгæй, концертмæкæсджытæ йын йæ алы ралæудæн дæр кодтой зæрдиаг къухæмдзæгъд.

Фæстæдæр æм æрсидтысты Советон Æфсады рæнхъытæм æмæ йе мбæстагон хæс фыста горæт Тбилисы. Базыдтой йæ Гуырдзыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы хореографтæ И. Сухишвили æмæ Н. Рамишвили æмæ йæ хуыдтой сæ ансамблмæ, фæлæ сын не сразы. Фæстæдæр йæхи аивын кодта Прибалтикæйы горæттæй иумæ. Ацы ран йæ тыхтæ радта аивады рæзтмæ, æфсæддонтæй æрбахуыдта иууыл æвзыгъддæрты æмæ цыбыр рæстæгмæ сырæзт ансамбль. Ансамблæн уадид йæ ном айхъуыст æмæ сæ аивадæй æхцондзинад хастой æфсæддон службæгæнджытæн. Æфсадæй куы æрыздæхт, уæд фæстæмæ бацыд нæ номдзыд ансамбль «Симд»-мæ æмæ дарддæр уарзон коллективимæ сæ аивадон тавсæй рухс кодтой сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Уыцы рæстæджы ансамбль раздæры Советон Цæдисы йæ аивад кæм нæ равдыста, иу ахæм къуым нал баззад.

1957 азы Тбилисы уагъд цыд ирон аивад æмæ литературæйы декадæ æмæ дзы хайад райста паддзахадон ансамбль «Симд» дæр. Уæд коллектив тынг хъомысджын, бирæнымæц артисттæй буц уыд æмæ декадæйы хайад истой 95 артистæй фылдæр. Гаглойы-фырт æмæ М. Абдулаева иттæг хорз сæххæст кодтой «Картули». Декадæйы программæйы ма уыдысты «Украинаг кафт» (сæвæрдта йæ йæхæдæг æмæ дзы хайад истой Гаглойты Х., Дзадтиаты В. æмæ Битеты У.). Сæ зæрдæмæдзæугæ аивадæй барухс кодтой концертдзауты зæрдæтæ æмæ артисттæй бирæтæ систы хорзæхты аккаг. Йæ диссаджы арæхстдзинад æмæ сценæмæкæсджыты зæрдæтæм фæндаг кæй ссардта, уымæ гæсгæ Гаглойы-фыртæн лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны республикæйы сгуыхт артисты кадджын ном.

Ансамблы кафгæйæ, бирæ зæрдæ-мæдзæугæ кæфтытæ сæххæст кодта Гаглойы-фырт, йæ арæхстдзинад цæстуарзонæй лæвар кодта концертдзаутæн, уыцы кæфтытæ та уыдысты «Азау», «Суадоны был», «Хæххон кафт», «Хъаматимæ кафт», «Фыййæутты кафт», «Нæртон кафт» æмæ бирæ æндæртæ. Ацы кæфтытæй алчи дæр йæхирдыгонау æнцон æххæстгæнæн нæ уыд, хъуыд дзы арæхстдзинад æмæ уыимæ дæ уды цæхæр бавæрын.  Уый та куынæ æмбæрста Гаглойы-фырт æмæ æппынæдзух йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайдта, цæмæй фæндаг ссардтаид аивадуарзджыты зæрдæтæм.   Рæстæг цыд æмæ Хазби, æрмæст хæрзбон нæ загъта ансамблæн æмæ сси хореограф, йæ бирæ фæлтæрддзинад цæстуарзонæй лæвæрдта коллективæн. Уый бирæ кæфтытыл бакуыста, дзæвгар кæфтыты бавæрдта йæ тых æмæ хъару, йæ уды цæхæр. Фæлæ уæддæр йæ иууыл зынгæдæр куыстыл банымайын хъæуы, дзæвгар рæстæджы «Симд»-ы репертуары æнтысгæйæ чи цыд, адæмæн уарзон чи сси, æгæрыстæмæй аивады дæснытæ дæр сæ хъусдард кæмæ аздæхтой, уыцы арфæйаг музыкалон-хореографион композици «Аланты сюитæ». Ацы бæрзонд композицийы ирдæй æвдыст æрцыд ирон адæмы фыдæлты æппæт цардуаг, сæ тох знæгтимæ, сæ цин æмæ фæллойадон архайд æмæ æндæртæ. 1992 азы Сухумы цыд профессионалон хореографион адæмты эпос «Нарт»-ы коллективты хсæн фыццаг фестиваль æмæ дзы фыццаг бынат бацахста ацы композици. Йæ сæвæрæг Гаглойты Хазби та ахæм æнтысты тыххæй йæ мæлæты фæстæ сси фестивалы лауреат.

Ацы курдиатджын адæймаг фæстæдæр куыста æмæ кафты аивады сусæгдзинæдтæ цæстуарзонæй лæвæрдта хæдархайгæ аивадон коллективтæн æмæ сын кæддæриддæр уыд хорз æнтыстытæ. Фæстаг рæстæджыты та куыста хистæр кары кафджытимæ. Уым уыдысты, кафынмæ чи рæхст, стæй кафты охыл йæ къах айсынмæ дæр чи нæ рæхст, ахæмтæ дæр. Фæлæ æдзухон хъæппæрисон куыст радта йæ хорз фæстиуæг æмæ цыбыр рæстæгмæ коллектив иу æмвæзадыл слæууыд. Уый та фадат радта, цæмæй хайад истаиккой алыхуызон æркастыты, уыцы нымæцы республикæйæн æддейæ дæр. Æмæ та ам дæр Гаглойы фырты ансамбль «Хазби» (лæвæрд ын æрцыд йæ ном) схызт аивады бæрзонд къæпхæнмæ. Гаглойы-фырт бирæ кæстæрты схъомыл кодта, фæстæдæр кафты дæсныйад чи бауарзта, ахæмты, куыд Тадтаты Витали, Тыджыты Валери, Плиты Нодар, Козаты Гурам, Тедеты Сослан  æмæ бирæ æндæртæ.

Гаглойты Хазбийы тыххæй сæ мысинæгтæ загътой цалдæрæй. Ансамбль «Симд»-ы раздæры дæсны кафæг Тъехты Петр:

– Хазби уыд тынг хиуылхæцгæ, кæфтытæ æвæрынмæ йæм уыд стыр арæхстдзинад. Йæ сæвæргæ «Аланты сюитæ»-йæн та æмбал дæр нæй, гастролты-иу кæдæм ацыдыстæм, уым ыл алы ран дæр æрæвæрдтой сæ цæст. Иу рæстæджы уыдыстæм Челябинскы, оперон театрæй нæм æрбацыдысты, куы бакастысты уыцы уацмысмæ, уæд æрфарстой, чи йыл бакуыста, зæгъгæ. Уыдон æвæрдтой цахæмдæр оперæ, уыд дзы хъаматимæ хæст, хуыдтой йæ сæхимæ, цæмæй сын баххуыс кодтаид сценæ сæвæрынæн. Хазби уыд æвзыгъд балетмейстер, къухдариуæггæнæг, домдта куыст.

Хæдархайгæ аивадон коллективты йын фæндырдзæгъæг та уыд  Джыгкайты Хаджумар æмæ дзы уый та афтæ радзырдта:

– Гаглойты Хазбиимæ бирæ коллективтимæ бакуыстон. Уыд, йæ хъуыддаг бирæ чи уарзта æмæ йыл цæстуарзонæй чи фыдæбон кодта, ахæм хореограф. Уарзта куыст, цыфæнды тыхст уавæрты дæр дзы хъæр ныхас никуы фехъуыстой коллективы уæнгтæ. Иудзырдæй, уыд дæсны хореограф, хорз адæймаг æмæ йæ ахæмæй дардзысты сæ зæрдыл йæ радтæг адæм.

Бирæ хорз фæндтæ ма уыд курдиатджын кафæг æмæ арæхстджын разамонæг Гаглойты Хазбимæ, фæлæ йын æгъатыр мæлæт уыцы фæндтæ фескъуыдта æрдæгыл. 2021 азы 26 декабры номдзыд кафæг, хореограф, балетмейстер, арæхстджын къухдариуæггæнæг æмæ иууыл сæйрагдæр та хорз адæймаджы райгуырдыл сæххæст 90 азы. Йæ иубæстон адæмæн кад æмæ радимæ чи фæлæггад кодта, уыцы арфæйаг адæймагæн та йæ ном уыдзæн æнусон.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.