Кафты аивадæй йæ табугæнджыты зæрдæтæ рухс кæны æмæ рæвдауы, йæ дисса-джы кæлæнтæгæнæг тыхæй сыл ирд тæлмæнтæ ныууадзы, къорд азты дæргъы Цхинвалы районы Культурæйы управленийы цур цы кафты ансамбль ис, уый. Дæргъвæтин у ацы аивадон коллективæн йе сфæлдыстадон фæндаг, дзæвгар фæндæгтыл æй бахъуыд цæуын, æвзæрста уыимæ ныхдуртæ, зындзинæдтæ дæр. Фæлæ йæ нысан уыд бæлвырд æмæ йыл цыд фæндвидар æмæ разæнгардæй, цалынмæ иу æнтыст иннæйы фæдыл йæ къухты нæ бафтыд, уæдмæ. Æниу, афтæ зæгъæг нæ дæн æмæ уыцы нысан сæххæст кæныны фæстæ дарддæры уæлдæр фæстиуджытæм нал тырнынц, аивад та ахæм у, æмæ дæ бæрзæндтæм хизынмæ ноджыдæр æмæ ноджыдæр хондзæн.

 «Амонд»-ы коллективы концертмæ сценæмæкæсджытæ фæцæуынц разæнгардæй, цины æнкъарæнтæ æвдисгæйæ.. Уый та уымæн афтæ у, æмæ йыл концертдзаутæ дарынц сæ зæрдæ, æууæндынц ын йæ аивадон бæрзонд тыхыл æмæ сæ алчи дæр фæстæмæ фæцæуы йæ фæрныг хæдзармæ хорз зæрдæйы равг, ирд тæлмæнтимæ. Зæгъын хъæуы, коллективы æнтыст æрмæст йе ‘ххæстгæнджытæй кæнгæ нæ вæййы, æрмæст уыдон арæхстдзинадыл баст нæу. Уый бирæ кæнгæ у йæ аивадон разамонæджы иузæрдион, æнувыд æмæ æвæллайгæ фыдæбоны руаджы.

 Ацы ансамбль райгуырд 1975 азы районы Культурæйы хайады сæргълæууæджы хъæппæрисæй. Йæ аивадон разамонæг та сси, сценикон аивад кæй уæнгты тæлфыд, йæ хъуыддаджы ахæм хорз кафæг æмæ зæрдæхæлар адæймаг Хъоцыты Феликс. Уыцы рæстæджы уый æрбамбырд кодта, кафты аивадыл æнувыд лæп-путæ æмæ чызджыты æмæ райдыдта йæ хæрзиуæгон архайд. Æнæмæнг, хорз хъуыддагмæ æрæвнæлдта Хъоцыйы фырт, æдзухон репетицитæ, æвæллайгæ куыст рæстæджы цыдимæ дæттой сæ раппæлинаг фæстиуæг æмæ тагъд рæстæгмæ фæндаг ссардта йæ табугæнджыты зæрдæтæм, æхсызгондзинады æнкъарæнтæ æмæ тынг разæнгардæй цыдысты йæ алы ралæудмæ дæр. Фæстæдæр та дзы аивадон разамонджытæй куыстой, коллективы æнтыстмæ уæзгæ хайбавæрд хастой Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы дæсны кафджытæ Джиоты Феликс æмæ Хуыгаты Хаджумар, дæсны разамонæг Козаты Радион. Уыдон фарны хъуыддæгтæ дарддæр кæныныл æвæллайгæ куыст кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны аи-вæдты сгуыхт архайæг, цалдæр республикæйы сгуыхт артист Санахъоты Сослан æмæ йе ‘ххуысгæнæг, ансамбль «Симд»-ы раздæры кафæг, нæ республикæйы сгуыхт артист Дыгъуызты Владимир. Зæгъын хъæуы уый, æмæ районы ацы ансамбль кæй схъомыл кодта дзæвгар фæлтæр, кафты аивадон æгъдауæй цæттæ кадртæ æмæ æнтысгæйæ кафынц паддзахадон ансамбль «Симд»-ы.  

Зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ сæ къухты æфты районы фольклорон ансамблæн дæр, йе сконды сты, 35 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм кафджытæ. Уыдон та цард дæттынц раздæры ирон кæфтытæн. Цæвиттон, «Симд»-ы кафтæн ис цалдæр хуызы, уыдон цæмæй аивадуарзджытæй ма рох кæной, хъуыды сæ кæной, уый тыххæй сыл  фольклорон ансамбль кусы, хæссы сæ йæ репертуармæ æмæ цæрынц дзыллæты ‘хсæн. Сæ репертуары сты «Сандрахъ», «Чепена», «Цъалагоймаг кафт» æмæ æн-дæртæ. Канд Ирыстоны аивадуарзджыты зæрдæтæ нæ барухс кæнынц, фæлæ ма сын зæрдиаг къухæмдзæгъд кодтой Франц, Итали, Турк æмæ æндæр рæтты дæр. Къаддæр не сты се ‘нтыстытæ «Амонд»-æн дæр, цалдæр хатты систы Со-чийы уагъдцæуæг фестивалты уæлахиздзаутæ, бирæ сты, æндæр æмæ æндæр рæттæй цы Кады грамотæтæ, Гран-призтæ æмæ æппæлæн ныхæстæ фæистой, уыдон дæр.

   Санахъоты Сослан районы ансамбль «Амонд»-æн разамынд кæны 11 азы æмæ Дыгъуызы фыртимæ сæ къухы æфты зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ,концерты алы ралæудæй дæр батавынц сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Сæ репертуары фылдæр сты, кæй зæгъын æй хъæуы, ирон кæфтытæ «Симд», «Хонгæ», «Чызджыты кафт», «Æнæнкъуысгæ кафт», уыимæ ма абхазаг æмæ дагъестайнаг цалдæр кафты. Сæ репертуары ма уыдзæн «Абхазаг чындзæхсæвы кафт» æмæ «Ирон чындзæхсæвы кафт». Уый та ахъаз кæны æфсымæрон абхазаг адæмимæ не  ‘нусон хæлардзинад фидар æмæ рæзын кæнынæн.  Ансамблы разамонæг Санахъойы фырт ма ноджыдæр загъта, цæмæй цы кæфтытæ æххæст кæнынц, уыдон ноджыдæр фæхъæздыгдæр кæной. Ансамблы алы кафæг дæр æмбары, сæ разы цы стыр хæс ис, уый æмæ сæ алчидæр тырны кафты аивад ноджы бæрзонддæр къæпхæнмæ сисыныл. Уыимæ ма сын ацы аз у юбилеон, ома, йæ сырæзтыл æххæст кæны 45 азы æмæ йæм сæхи цæттæ кæнынц разæнгардæй. Санахъоты Сослан куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ бахъыгдардта коронавирус кæй апарахат, уый æмæ уымæ гæсгæ аххосæй цалдæр мæйы сæ куыст æрурæдтой. Ныр æрвылбон дæр сты сæ куысты уæлхъус, ансамблы алы уæнг дæр æнкъары бæрндзинад, цæмæй сæ кадджын бæрæгбон сценæмæкæсджытимæ банысан кæной цытджын æгъдауæй.

                         Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.