Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта, Республикæ Абхазы уæлахизы 25 азы сæххæсты æмæ хæдбардзинады сæраппонд парады РХИ-йы Гарзджын тыхтæй цы парадон хæйттæ райстой хайад, уыдонæн.

Паддзахады сæргълæууæг фембæлд Абхазы хъахъхъæнынады министрады дæлбар цы хуссаирыстойнаг æффсæддон службæгæнджытæ ис, уыдонимæ.

«Æз сымахæй дæн сæрыстыр, афтæ бæрзонд кæй систат  Ирыстоны тырыса æмæ аккагæй хайад кæй райстат парады. Бузныг уын, рæнхъæй ралæуд, раст рæнхъон къахдзæф, фæткæвæрд æмæ дисциплинæ кæй равдыстат, уый тыххæй. Парады хайад кæй райстат уый у абхазаг адæмæн арфæ æфсымæрон ирон адæмæй», –  банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент æрымысыд Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ хайад кæй истой абхазаг адæмы Фыдыбæстæйон хæсты.

«Ам сты уæды хæсты ветерантæ. Æмæ абон дыууæ æфсымæрон адæмты ахастытæ сымах дарддæр кæнут», – загъта уый æфсæддон службæгæнджытæн.

Хуссарирыстойнаг парадон хæйттæн ма бузныджы ныхæстæ загъта Абхазы хъахъ-хъæнынады министр Мираб Кишмария.

«Бузныг уын, не ‘фсымæртæ, парады хайад кæй райстат. Бузныг уæ Президентæн дæр йæ ахасты тыххæй. Бузныг уын сымах немæ кæй стут, æмæ 2008 азы тыххæй. Махæн цы хæдбардзинад ис, уый у ирæтты æнтыст. Сымах ахæм адæм стут, кæцытæ рацыдысты зиндзинæдты ныхмæ. Мах сæрыстыр стæм,  абон сымах ам кæй стут», – загъта РА-йы хъахъхъæнынады министр.

РХИ-йы Президент  æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.