29-30-æм сентябры Хуссар Ирыстоны делегаци РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петры сæргълæудæй уыд Сухумы, цыран хайад райста Абхазы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 24 азы бæрæгбоны цытæн бæрæгбонон мадзæлтты. Делегацийы сконды ма уыдысты РХИ-йы Парламенты Æттагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь æмæ Æмбæстагон хъахъхъæнынады, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ иуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министры фыццаг хæдивæг Бестауты Ацæмæз. Делегацийы уæнгтæ сæвæрдтой веноктæ 1992-1993-æм азты Абхазы сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрыл фæмардуæвæг Хуссар Ирыстоны бархион-хъайтарты цыртыл. Уыдон Хуссар Ирыстоны цæфтæ æмæ хæсты рæстæджы уонгцухтæ чи фæци, уыдонæн æххуысы фонды минæвæрттæ Плиты Мадинæйы сæргълæудæй сæвæрдтой веноктæ æмæ дидинтæ фæмардуæвджыты мемориалы раз Сухумы Хæстон Кады парчы, афтæ ма Республикæ Абхазы Фыццаг Президент Владислав Ардзинбайы цыртыл Дæллаг Эшерайы хъæуы.

Ацы балцы рæстæджы Абхазы Президент Рауль Хаджимба фембæлд Хуссар Ирыстоны делегациимæ.

«Тынг æхсызгон мын у сымах фенд, – загъта уый. – Бузныг, нæ фæхуындæн нын кæй саргъ кодтат, æмæ махимæ иумæ кæй æмбæлдзыстут Уæлахизы боныл. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ æрвитæм хуссарирыстойнаг адæмæн дæр».

Фембæлды рæстæджы Хаджимба фехъусын кодта æфсымæрон Хуссар Ирыстоны Республикæмæ æрцæуыны фæдыл йæ фæнды тыххæй сентябры бæрæгбонты фæстæ.

Йæхи рады РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр раарфæ кодта абхазаг президентæн нысаниуæгджын боны цытæн æмæ æппæт абхазаг адæмæн та загъта фарн æмæ хæрзиуджыты фæндиæгтæ.

«30-æм сентябрь ссис, тугкалæн хæсты йæ бирæнымæц чызджыты æмæ фыртты царды аргъæй йæ райгуырæн зæхх знагæй чи ссæрибар кодта, уыцы Абхазы адæмы хъайтардзинад, фидардзинад æмæ иудзинад æвдисæн, – банысан кодта Гасситы Петр.  Абон Абхазы адæм цæуынц паддзахадон арæзтады фæндагыл. Фидарæй мæ уырны, хуссарирыстойнаг-абхазаг рагон хъарм ахастытæ кæй рæздзысты æмæ кæй фидар кæндзысты дыууæ рес-публикæйы дидинæфтыды сæраппонд».

Афтæ ма хуссарирыстойнаг делегацийæн уыд фембæлд Парламенты-Адæмон æмбырды Сæрдар Валери Кварчияимæ. «Кæдæй-уæдæй нæм æрхæццæ стут!» – ахæм ныхæстимæ æмæ мидбылхудгæйæ фембæлд Валери Кварчия йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Гасситы Петрыл.

«Абхазаг уазæгуарзондзинад адæймаджы нæ ауадздзæн ахизын Гагрæйы иувæрсты», – дзуапп радта Гассийы фырт, цыма абхазаг парламентаритимæ фембæлдмæ дыууæ сахаты бæрц кæй байрæджы кодтой, уый тыххæй хатыр куырдта, уыйау. Адæмон Æмбырды сæрдары ныхæстæм гæсгæ, абхазæгтæ  æмæ ирæттæ баст сты бирææнусон историйæ, ивгъуыд æнусы 90-æм азты та – æнгæс политикон процесстæй.

«Абхазаг æмæ хуссарирыстойнаг адæмтæн тугкалæн хæсты фæстиуæгæн, сæ хуыздæр фырттæ æмæ чызджыты цард нывондæн æрхæсгæйæ, сæ къухты бафтыд хæдбардзинад. Ныры æмæ фидæны фæлтæртæн та сæ хæс у ацы фæстиуджытæ бахъахъхъæнын æмæ сæ фылдæр кæнын, – загъта Валери Кварчия. – Бузныг, махæн ахæм ахсджиаг чи у, уыцы бæрæгбоны хайад райсынмæ кæй æрцыдыстут».

Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр банысан кодта, зæгъгæ, рагæй рæзынц дыууæ республикæйы æхсæнпарламентон бастдзинæдтæ.

«Стыр æхцонæй арфæ кæнын дæуæн æмæ æрхастон Хуссар Ирыстоны Президенты арфæтæ дæуæн æмæ æппæт абхазаг адæмæн. Ацы балц сур суагъæйон балц нæу, – банысан кодта Гассийы фырт. – Æрæджыйы историйы хъыгаг цаутæ нæ адæмты скодтой ноджы æнгомдæр. Махæн уыди знæгтæ æмæ иумæйаг хæлæрттæ. Не ‘махастытæ дарддæр дæр рæздзысты, суыдзысты ноджы æнгомдæр æмæ хъармдæр».

Фембæлды кæронбæттæны уазджытæ æмæ фысымтæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Хуссар Ирыстоны делегаци хайад райста Фыдыбæстæйон хæсты Абхазы адæмы Уæлахизы  бонимæ баст æппæт бæрæгбонон мадзæлтты дæр.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.