Сæрды мæйты алчидæр йæхи феппары донбылтæм. Цæугæдоны тых стыр у, адæймагæн æрбайсафы йæ фæллад, ног тыхтæ йын радты. Уæдæ йыл цæмæн кæнæм фыдаудæн?

Нæ зынаргъ газеткæсджытæ, сымах ныртæккæ къамы уынут, чысыл Леуахийы былыл улæфджытæ цы бырон ныууагътой, уый. Цæугæдон кæй нæ аласта, уыдон та дымгæ ныффалгæрон кодта. ПЭТ ботлатæ, целлофантæ æмæ хæлцадон быронмæ бакæсгæйæ зæрдæ уынгæг кæны. Цыма гæнæн нæ уыд уыцы бырон исты дзæкъулы ныппарын? Бирæ къафетты гæххæттытæй бæрæг уыд, семæ сывæллæттæ дæр кæй уыд. Ацы цау æрмæст æрдзæн фыдаудæны нысан нæу, уый, фыццаджыдæр, дзурæг у адæймаджы миддунейы культурæйыл.

Цхинвалы районы мидхъуыддæгты фадыгон инспектор зæгъы: «Цалынмæ найыны сезон нæ райдайы, уæдмæ донбылтæм хæстæг цæрджыты бафæдзæхсæм, цæмæй сæ хъус дарой къордгай донмæ улæфынмæ чи фæцæуы, уыцы машинæты номыртæм. Сæхæдæг та цæмæй бырон ма калой донмæ. Цæугæдоны бырон кæй калынц, уымæ гæсгæ дзы, гæнæн ис, æмæ уа алыгъуызон цыргъ предметтæ. Æмæ цæмæй трагеди ма æрцæуа, уый тыххæй сæхицæй дарддæр хъуамæ бахизой сæ сывæллæтты дæр. Чидæртæ  донбылтыл зынг ныууадзы æмæ уый та расайы зынгсирвæзтытæ. Фæлæ куыд кæсын афтæмæй, алчи бæрндзинад нæ хæссы,  алчи йæ хорзы ном счъизи кæнынæй нæ тæрсы. Ахæмты хъæуы карз ивар кæнын. Уымæн æмæ кæм цæрыс, кæм улæфыс, уымæ дын уæлæнгай ахаст куы уа, уæд фыдбылызæн æнæрцæугæ нæй. Мæнмæ гæсгæ ахæм бынæтты хъæуы сæвæрын видеоцæстдарæнтæ», – зæгъы фадыгон инспектор.

Экологи, геологи æмæ æрдзæй пайда кæныны комитеты кусджытæ дæр разы сты фадыгон инспекторы хъуыдыимæ. Хъуамæ, зæгъгæ, ахæм фæткхалджытæ æнæмæнгæйдæр цæуой карз æфхæрд. Уый фæахъаз уыдзæн фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнынæн, фæлæ уæддæр алчи дæр йæхæдæг куы нæ тыхса æрдзы æдасдзинадыл æмæ йæхи хæрзæгъдауæй дарыныл, уæд уавæр бирæ-бæрцæй нæ фæхуыздæр уыдзæнис.

Фæстаг рæстæджы цы катаклизмтæ цæуы зæххыл, уыдон сты экологтæ æмæ ахуыргæндты хъусдарды бын. Кæцыдæр бынæтты адæм тыхсынц æнтæфæй, кæмдæрты та донивылдтытæй. Экологтæ амонынц, зæгъгæ, азæй-азмæ зæххы атмосферæ кæны хъармдæр æмæ уый фæстиуæгæн тайынц цъититæ, бæрзонддæр кæны океанты æмвæзад æмæ уый æндавы æрдзыл. Ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ 50 азы фæстæ Европæйы иуæй-иу паддзахæдты атмосферæйы тæвд схиздзæнис 77 градусмæ. Цæрыны фадат нал уыдзæн донбылтыл, уымæн æмæ басур уыдзысты. Цæрæгойтæ æмæ зайæгойтæн дæр сæ 40 проценты скуынæг уыдзысты æмæ уыдзæн æххормаг рæстæджытæ. Нæ фаг кæндзæнис нуазыны дон. Ныртæккæ дæр бирæ бæстæтæ æййафынц нуазыны доны хъуагдзинад. Доны хъуагдзинад та хæссы алыхуызон низтæ, эпидемитæ. Нуазыны доны дефицит æркæндзæн æххормагдзинадмæ. Уый фæстæ конфликттæ æркæндзысты тугкалæн хæстытæм, адæм куынæг кæндзысты кæрæдзи. Махæн нæ бон у, абон иумæйаг хъуыдымæ æрцæуын. Æрдзæн æмæ цæугæдæттæн фыдаудæн кæнынæй нæхи бахизæм. Фæлæ æцæгæй та цы уынæм?

Æрдз нæ радтæг, нæ дарæг у!

Æмæ йæ хъуамæ хъахъхъæнæм, аудæм ыл. Цæмæй нæ фæстæ цы фæлтæртæ цæрой, уыдон дæр дзы æхцондзинад исой. Махæй алкæй бон дæр у, æрдзы сыгъдæгдзинадмæ бахæссын хайба-вæрд. Алчи дæр куы архаид йæ алыварс æмæ йæ донбылтæ алыгъуызон бырæттæй сыгъдæг кæныныл, уæд æрдз æнæниздзинады хос уаид адæмæн. Нæ фыдæлтæ æрдзы сыгъдæгдзинад нымадтой уды сыгъдæгдзинадыл æмæ йæ хъахъхъæдтой. Цы цæугæдæттæм хæстæг цардысты, уым дæр-иу кæсаг ахстой æрмæстдæр бæрæг афонты. Еугæф афон бар нæ уыд донмæ хæстæг бацæуын, ома, дам, кæф цот кæны. Уыцы фæтк-иу чи фехæлдта, уымæн-иу «æрдзæй æлгъыст у», зæгъгæ, дзырдтой.

Сырдтæ цот куы кодтой, уæд цуаны ничи цыд, стæй суг кæнынæн дæр уыд йæхи рæстæг. Дон та бынтон табуйаг уыд! Дон чъизи кæнын нæ фæтчыдис. Бырæттæ дæр донмæ ничи калдта. Суадоны донмæ ног чындзы куы кодтой, уæд-иу скодтой æртæ кæрдзыны, йæ разæй-иу кафгæ-заргæ ацыдысты, «доны чызджытæн»-иу æй бафæдзæхстой.

Ныр та? Нæ цæугæдæттæй бырондæттæ сарæзтам. Кæцыфæнды цæугæдон æмæ цады былтæ дæр йедзаг вæййынц быронæй. Уæлдайдæр та сæрды бонты, хистæртæ семæ акæнынц сывæллæтты улæфынмæ, фæцæл кæнынц. Уый фæстæ сæ бырон ныууадзынц. Уымæй уæлдай ма æнаккаг æвзагæй дæр фæдзурынц. Сывæллон та цы уыны, уый фæлхатт кæны.

УАЗÆГТЫ Марфæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.