Фыдыбæстæ æмæ йæ адæмæн йæ курдиаты æппæт хъомысæй чи лæггад кæны, уыдонæй сæ иу у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, Хъæрæсе-Черкесты сгуыхт артисткæ, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, фондз поэтикон æмбырдгонды автор Галуанты Людмилæ. Йæ æнтысгæ сфæлдыстадон архайды руаджы уый йæхицæн скодта стыр ном адæмы ‘хсæн. Æрæджы йе сфæлдыстадон изæр «Уарзты фæндыр»-мæ дæр уымæн бирæ адæм æрбацыд. Се ‘хсæн уыдысты Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Людмилæйы сфæлдыстадæн бирæнымæц табугæнджытæ.

Людæйы сфæлдыстадон изæрмæ композитор Гæздæнты Булаты сæргълæудæй Цæгат Ирыстонæй æрцыд 30 адæймаджы бæрц.

Мадзал байгом Людæйы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг кинонывæй. Уый фæстæ театры артисты иу къорд арфæйы ныхæстæ æмæ дидинтæ лæвар кодтой Людмилæйæн, кастысты йын йæ фыст æмдзæвгæтæ.

Йе ‘мдзæвгæтыл фыст зарджытæ та сæххæст кодтой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны артисттæ Бекъойты Вано, Харебаты Марта, Æлборты Владимир, Бедойты Тамаз, Цæболты Руслан, Дауыраты Азæ, Дауыраты Эдуард, Собиаты Станислав, Дулаты Дзамболат, Харебаты Тимур æмæ æндæртæ.

Людæйы сфæлдыстадон изæры раныхас кодта Цæгат Ирыстоны парламенты депутат Уататы Зелим. Уый банысан кодта:

– Кæд мын уыйбæрц фадæттæ нæй, уæддæр мæ алы хатт дæр фæфæнды ардæм, Хуссар Ирыстонмæ, мæ хотæ æмæ æфсымæртæм æрцæуын. Уымæн æмæ цалфæнды хатт ма æрцæуон, алы хатт дæр барухс вæййы мæ зæрдæ уæ бæстæйы рæсугъддзинадæй, адæмы уарзæгой æмæ сыгъдæг, цардæфсæст цæстæнгасæй. Кæд Людæйы зонын хорз, уæддæр мæм афтæ кæсы æмæ йæ сымах зонут хуыздæр. Уымæн æмæ райгуырд æмæ схъомыл уе ‘хсæн, йе ‘нтыстытæм цыд уæ цинтæ æмæ зынтæм кæсгæйæ.

Людæйы сфæлдыстадон æнтыстытæ банысан кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, – æз амондджын дæн демæ иу æнусы кæй райгуырдтæн, кæй дæ зонын, амбæлгæйæ кæрæдзийæн ад-джын салам кæй зæгъæм, уый тыххæй. Уый фæстæ президент Людæйæн балæвар кодта урс фынг цыппар бандонимæ.

Зæгъын ма мæ фæнды иу ахæм фиппаинаджы тыххæй. Æвæццæгæн, хуыздæр уыдаид ирон театры ирон зындгонд артисткæйæн арфæйы ныхæстæ иууылдæр иронау куы зæлыдаиккой…                                    

Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.