Æхсæнадон царды вазыгджындæр æмæ ахсджиагдæр къабæзтæй сæ иу у ахуырады фадыг. Нæ республикæйы ахуырдзау фæсивæд цæмæй цухдзинæдтæ ма æййафой æмæ æмбæлон æмвæзадыл ахуыр-хъомыладон куыст цæуа скъолаты, уый тыххæй паддзахады къухдариуæгад исынц æмбæлон мадзæлттæ.

Ахуыры аз фæхæццæ кæны йæ кæронмæ, рæхджы скъолатæ фæндараст кæндзысты сæ рауагъдонты æмæ Ахуырад æмæ зонады министрады раз цы фарстытæ лæууы æмæ сæ куыд скъуыддзаг кæныныц, уыдонимæ базонгæ уæвыны тыххæй Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центрмæ 14-æм майы хуынд æрцыдис уæлдæр банысангонд министрады сæргълæууæг Гасситы Натали. 15-æм майы мадæлон æвзаг æмæ литературæйы бон кæй у, уый цытæн министр раарфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн, ахуырады къабазы кусджытæн æмæ банысан кодта мадæлон æвзаджы ахсджиагдзинад.

Журналистты цымыдис кодта, æрæджы, 12 апрелы УФ-йы Федерацийы Совет кæй сратификаци кодта Хуссар Ирыстонимæ сразыдзинад кæрæдзийы ахуырад æмæ квалификаци банымайыны тыххæй, уыцы фарст. Уый фæдыл министрады загътой: «Мах рацыдыстæм цы æмбæлы, уыцы процедурæтæ æмæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ахуырадон ведомствоты ʻхсæн арæзт æрцыд сразыдзинад кæрæдзийы ахуырад æмæ квалификаци банымайыны тыххæй. Æмæ ныр нæ бон зæгъын у уый, æмæ уыцы сразыдзинад йæ тыхы кæй бацыд 4-æм майæ. Сразыдзинад махæн дæтты уыцы фадæттæ æмæ куыд нæ республикæйы, афтæ УФ-йы территорийыл дæр нымад цæудзысты махмæ райсгæ зонадон квалификацитæ, ома, уавæртæ арæзт æрцæудзæн студентон мобилондзинадæн æмæ программæты реализацийæн. Кæд æмæ раздæр не студенттæ ацы  хъуыддаджы æвзæрстой зындзинæдтæ, уæд ныр уыцы проблемæ нал уыдзæн. Уымæ гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцондæр кæны нæ рауагъдонты ахуырады процесс Уæрæсейы Федерацийы уæлдæр ахуыргæнæндæтты», – загъта Гасситы Натали.

«Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæйы кусы программæ «Малусæг» æмæ йын ис хорз фæстиуджытæ. Нæ министрад бар радта, цæмæй авторон къорд зилой æмæ хайад исой скъолайы кары агъоммæйы уагдæтты ирон æвзаджы урокты. Ныртæккæ мæ разы ис ахæм хыгъд, куыд æмæ цы æмвæзадыл уагъд цæуынц ирон æвзаджы уроктæ рæвдауæндæтты. Фæстиуджытæ сты æндæр æмæ æндæр, фæлæ сын астæуккаг нымадæй аргъ кæнæм хорз. Бæрæг куыд у, афтæмæй сывæллæттæ фæстаг цалдæр азы активондæрæй райдыдтой дзурын кæ-рæдзимæ мадæлон æвзагыл æмæ уый у хорз фæстиуæг. Мах сабитæн чысылæй куынæ бауарзын кæнæм сæ мадæлон æвзаг æмæ сæ куынæ фæцайдагъ кæнæм дзурын æмæ хъуыды кæнын, уæд ын хорз фæстиуджытæ нæ уыдзæн.

Ацы бонты ма нæ фæхуыдтой Цæгат Ирыстонмæ. Уым фыццаг хатт уагъд цæудзæнис сфæлдыстадон мадзал, цыран скъоладзау фæсивæд мадæлон æвзагыл кæсдзысты æм-дзæвгæтæ, зардзысты æмæ кафдзысты. Мах уырдæм арвитдзыстæм на сывæллæтты, цæмæй дзы хайад райсой. Ацы мадзал у интеграцион, кæцы иу кæны ахуыргæнинæгты. Мах кусæм ацы фæдыздæхты. Ивгъуыд аз, зæгъæм, мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытæй иу Цæгат Ирыстоны скъолатæй сæ иуы ауагъта гом урок. Уый фæстæ та нæм уырдыгæй фæуазæг ис             ахуыргæнæг æмæ уый дæр ауагъта гом урок. Уый уыдис тынг хорз хъуыддаг, сæмбæлдыстæм ыл куыд бæрæгбон, афтæ. Уый уыдис мадæлон æвзагмæ уарзондзинады бæрæгбон æмæ йæ абон дæр хъуыды кæнæм. Мæнмæ гæсгæ, хорз уаид, ахæм мадзæлттæ дарддæр дæр уагъд куы цæуиккой, уымæн æмæ сын ис æвæрццаг нысаниуæг», – загъта министр.

Уый дарддæр æрдзырдта сывæллæтты монон-хæрзæгъдауон хъомылады тыххæй программæйыл куыд кусдзысты æмæ цавæр мадзæлттæ уагъд цæудзæн, æппæт уыдæттыл. «Мах ахуыр-хъомылады фарстыты тыххæй цасфæнды чингуытæ ма уадзæм æмæ цасфæн-ды программæтæ ма аразæм, уæддæр фылдæр уæз цæуы бинонтыл. Сывæллон бинонты ‘хсæн куы нæ иса хъомылад æмæ йемæ йæ мадæлон æвзагыл куы нæ ныхас кæной, уæд ын бæллиццаг фæстиуджытæ нæ уыдзæн. Уый хъуамæ æмбарой бинонтæ дæр æмæ лæмбынæг хъусдард здахой ацы фарстмæ. Махмæ ма архайы интеллектуалон хъазт «Зонды къуыбар», зæгъ-гæ, æмæ уый руаджы сывæллæттæ ахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзаг. Уымæн ма ахъаз сты диктанттæ, сочиненитæ фыссын æмæ æм-дзæвгæтæ кæсыны конкурстæ. Монон-хæрзæгъ-дауон хъомылады программæйы сты социалон проекттæ дæр. Уыдонмæ хауы этнолагерь, цы-ран сывæллæттæ зонгæ æмæ ахуыр кæнынц на-цион культурæ. Ничи йæ базондзæнис куыд             растдæр  саразæн ис уæлдæр банысангонд фарсты фæдыл программæ, цалынмæ рæстæг нæ рацæуа æмæ йын йæ фæстиуджытæ фенæм, уæдмæ. Æнæуый та ахуыргæнæн уагдæттæ дарддæр дæр ифтонг цæудзысты националон костюмтæй, афтæ ма скъолаты арæзт цæуынц патриотикон æмæ этнологон  къуымтæ. Ифтонг цæ-уынц спортивон залтæ æнæмæнгхъæуæг инвентарæй. Ахуыр-хъомыладон фарсты фæдыл цæуы стыр куыст. Уагъд фæцæуынц тымбыл фынгтæ, лекцитæ æндæр æмæ æн-дæр фарстыты фæдыл, сæрмагондæй та национ культурæ æмæ традициты тыххæй. Мах цæттæ стæм æхсæнады хъуыдытæм байхъусынмæ монон-хæр-зæгъдауон программæмæ ивындзинæд-тæ бахæссыны хъуыддаджы. Алчидæр хæсджын у, цæмæй хайад иса фæсивæды монон-хæрзæгъ-дауон хъомылады фарсты, уыдонимæ æхсæнад дæр», – банысан кодта министр.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыдис ацы аз нæ республикæйæн уæлдæр ахуыргæнæн-дæттæм Уæрæсейы Федерацийы лимитты тых-хæй. Сæ нымæц кæй фæкъаддæр,  уыцы фарстыл, министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй иуæй-иу абитуриенттæн рахицæнгонд квотæтæ сæ зæрдыл нæ сæмбæлынц æмæ сæ нæ фæ-хъæуынц. Дыккаг та уый æмæ нæ рауагъдонтæ сæ ахуыры фæстæ куы æрæздæхынц фæстæ-мæ, уæд сын фæзын вæййы куысты бынæттæ ссарын.

Фæнды мæ зæгъын уый, æмæ фылдæр хатт ныййарджытæ сæ сывæллæтты бæсты кæй февзарынц професситæ дæр æмæ кæм ахуыр кæ-ной, уый дæр. Алыхатт дæр æркурынц кадджын университеттæ æмæ æрмæстдæр Мæскуыйы кæнæ Санкт-Петербургы. Кæд æмæ Краснодар, Ростов æмæ æндæр горæттыл дзырд фæцæуы, уæд ныййарджытæ равдисынц се нæразыдзинад æмæ афтæмæй квотæтæ дæр баззайынц. Уыдон нæ ахъуыды кæнынц сомбоныл æмæ йæ сывæллон ахуыр куы фæуа, уæд уыцы хаххыл куыст ссардзæнис, æви нæ уыдæттыл. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый æмæ нæм ацы фарсты фæдыл, ома, куыд паддзахадон закъазы хуызы, афтæ йыл развæлгъау фæцæуы куыст. Мах министрадтæ æмæ ведомствоты бафæр-сæм цавæр специалисттæй æййафынц хъуагдзинад æмæ уымæ гæсгæ фервитæм ахуырмæ дæр. Афтæ кусæм цалдæр азы. Ацы аз нын «Россотрудничество»-йы хаххыл рахи-цæн кодтой 18 лимиты. Ивгъуыд аз та нын рахицæн кодтой 69 бæрц, кæцытæн уæд се ‘ртыккаг хай дæр лæ-вæрд не рцыдысты – никæйы хъуыдысты.

Паддзахадон закъазмæ гæсгæ нæ сывæллæтты æрвитæм ахæм дæсныйæдтæ райсынмæ, куыд метеорологи, информацион технологитæ, хъæууон хæдзарад. Æмæ та ацы аз радон хатт рабæрæг нæ абитуриенттæн, растдæр зæгъгæйæ та сæ ный-йарджытæн, кæй не сты цымыдисон æмæ сæ нæ хъæуынц. Уы-мæ гæсгæ лимитты нымæц дæр фæкъаддæр», – загъта министр.

Уый ма цыбыртæй æрдзырдта скъолайы агъоммæйы ахуыр-гæнæн уагдæтты ахуыры уавæрыл æмæ фехъусын кодта, фидæны арæзт кæй æрцæудзæн скъолайы агъоммæйы дыууæ ахуыргæнæн уагдоны. Сæ иу арæзт æрцæудзæн ацы аз Вокзалгæрон уынджы æмæ иннæ та –  2019 азы Суворовы уынджы  (100 æмæ 160 сывæллонæн). «Районтыл дзырд куы цæуа, уæд абоны онг арæзт æрцыд Ленингоры районы сывæллæтты цæхæрадон. Рæхджы скусдзæн Орчъосаны хъæуы скъола-рæв-дауæндон дæр», – загъта уый.

Дзырд ма цыди предметон олимпиадæты тыххæй. Ацы аз сæ хайад райста 526 скъоладзауы. Ацы нымæц та бæрæг фылдæр у æндæр азтимæ абаргæйæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы аз фыццаг хатт ахуыргæнинæгтæ информатикæйы предметæй олимпиадæйы кæй истой хайад æмæ сын уыдис хорз æнтыс-тытæ. Министр ма радзырдта æхсæнадæмон инженерон олимпиадæ «Звезда»-йы нæ сывæл-лæтты хорз æнтыстыты тых-хæй. «Ацы олимпиадæйы нысан у, цæмæй фæбæрæг уой курдиатджын сывæллæттæ æмæ дзы махæй дæр дыууæйæ – математикæйæ æмæ авдæй та уырыссаг æвзагæй систы олимпиадæйы призертæ», – загъта Гасситы Натали.

Журналисттæ ма цымыдис кодтой рауагъдонты фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбонмæ. Министр банысан кодта, ацы бæрæгбон хаст кæй цæуы 26 маймæ æмæ сын Президентон бал та кæй уыдзæн 23 июны. Ацы аз нæ республикæ фæндараст кæндзæн 435 рауагъдоны æмæ куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ сæ нымæц у къаддæр ивгъуыд азимæ абар-гæйæ.

Гасситы Натали ма æрдзырд-та рауагъдонты æнæхъуаджы хæрдзты тыххæй. «Æз æмбарын уый, æмæ рауагъдонтæ се скъолайæн зæрдылдарынæн куы балæвар кæной чингуытæ, нывтæ æмæ æндæр ахæмтæ, уæд уый зæрдæмæдзæугæ у,  фæлæ  ахуыргæнджытæн зынаргъ лæвæрттæ кæнын æмæ сын сызгъæринтæ æлхæнын та бынтондæр нæу раст», – бахахх кодта министр.

Уый ма фехъусын кодта, сæрдыгон улæфтыты рæс-тæджы сывæллæттæн кæй са-раздзысты уавæртæ, цæмæй баулæфой лагерты. Йæ ныхæс-тæм гæсгæ, лагертæй сæ иу баконд æрцæудзæн Цхинвалы скъола-интернаты базæйыл æмæ иннæ та  – Ленингоры районы. «Рæхджы мах ацæудзыс-тæм æмæ бабæрæг кæн-дзыстæм, лагеры улæфынæн цы уавæртæ арæзт ис, уый», – загъта Гасситы Натали.

Уымæй дарддæр ма Ахуы-рады министрад уæрæсейаг коллегæты æххуысæй сорганизаци кæндзысты скъоладзау фæсивæды республикæйæн æдтейæ баулæфыны тыххæй мадзæлт-тæ. Гасситы Натали куыд загъта, афтæмæй скъоладзауты иу къорд сæрды æрвыст æрцæу-дзысты «Орленок»-мæ æмæ фæззæджы та – «Артек»-мæ.

Журналистты ма цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны историйы ахуыргæнæн чиныджы фарст. Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ йыл куыст цæуы активонæй.

Министр ма дзуаппытæ радта æндæр фарстатæн дæр.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.