Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйы сæрдар Джиджойты Анатоли æмæ Æхсæнадон палатæйы аппараты къухдариуæггæнæг Хъоцыты Руслан фембæлдысты информацион фæрæзты минæвæрттимæ Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры.

Мадзал уагъта ИА «Рес»-ы сæргълæууæг Уазæгты Юри. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Æхсæнадон палатæ у республикæйы къухдариуæгад æмæ æхсæнады кæрæдзимæ æввахсгæнæг структурæ. Хицауиуæгад æмæ цæрджыты ‘хсæн ахастытæ нывыл кæныны хъуыддаджы. Æхсæнады палатæйæн стыр роль ис, йæ архайд ахъаз у æхсæнады стабилондзинадæн, бирæнымæц проблемон фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн.

Йæ рады Джиджойты Анатоли журналисттæн радзырдта, Æхсæнадон палатæ цы архайы, 2017 азы цы бакуыста æмæ дарддæр цы архайынвæнд кæны, уыдæтты тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ организацийы хъæппæрисæй бирæ проблемæтæ æрцыд скъуыддзаг, уыдон уыдысты алы æмæ алы æмвæзады фарстатæ.

Резонансон проблемæ уыд Октябры уынджы чысыл къуылдымтæ саразын. Уыдон арæзт æрцыдысты æппæт нормæтæ фехалгæйæ.

«Бирæтæм афтæ кæсы, цыма мах стæм фæндæгтыл хиарæзт къуылдымтæ аразыны ныхмæ. Уый раст хъуыды нæу, иу кæнæ иннæ уынгыл кæд æнæмæнгхъæуæг сты, уæд сæ ныхмæ мах ницы зæгъдзыстæм. Фæлæ сæ хъæуы нормæтæм гæсгæ аразын, закъон куыд домы, афтæ.  Октябры уынгыл дæр  арæзт хъуамæ æрцыдаиккой æмбæлон бæрцтыл ГОСТ-ы нормæтæм гæсгæ, уынг рухсдæр кæм у, уыцы бынæтты, уымæй дæр уыцы бынæтты хъуамæ баконд æрцыдаиккой  амонæн нысæнттæ», – загъта Джиджойты Анатоли.

Ацы проблемæйы тыххæй Æхсæнадон палатæ фыстæджытæ арвыста æмбæлон инстанцитæм, уыдон сын ныфс бавæрдтой, кæй сæ сараздзысты нормæтæм гæсгæ, фæлæ, хъыгагæн, проблемæ абоны онг дæр нæма аскъуыддзаг. Уыцы уынгыл нал цæуынц машинæтæ, фæлæ уый фæстиуæгæн Хъайтарты уынгыл æмæ иннæ уынгтыл дæр цæуы æгæр бирæ машинæтæ.

Тынг бирæ фарстатæ ис горæты уынгты бирæ машинæты змæлды тыххæй. Æхсæнадон палатæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, бирæ машинæтæ вæййы райсомæй æмæ сырæзы автомобилон «пробкæ»-тæ. Цæмæй ацы æндыгъд уавæр ист æрцæуа, уый тыххæй Æхсæнадон палатæ бахатыд Ахуырад æмæ зонады министрадмæ, цæмæй,  гæнæн уæвгæйæ, астæуккаг ахуырадон уагдæттæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæттæ кусын райдайой, райсомы 9 сахатæй нæ, фæлæ 8.45 сахатыл. Уæд машинæты змæлд дæр фæкъаддæр уаид, уымæн æмæ сæ сывæллæтты цы ныййарджытæ ракæнынц ма-шинæтыл, уыдон-иу рахизиккой 15 минуты раздæр. Уымæй фæкъаддæр уаид куыстмæ æмæ ахуырмæ байрæджы кæныны проблемæ дæр.

Уыимæ иумæ ма Æхсæнадон палатæ хъусдард аздæхта Гудзабар, Гафезы уынг æмæ Джиоты Аланы проспекты кæрон цæрджыты куырдиатмæ, кæцыйы фыссынц, базарадон центр «Хурзæрин»-ы размæ тротуарыл автомашинæтæ кæй уромынц, уый тыххæй, уымæй дæр уыцы машинæтæй бирæтæ мæйгæйтты нæ фезмæлынц сæ бынæттæй, иннæтæ та урæд сты базар кæныны тыххæй.

«Тротуарыл машинæтæ кæй уромынц, уый у машинæ скъæрыны фæтк халын æмæ фистæгæй цæуджытæн æвзæрын кæны проблемæ, уыдоны, сæ цардæн тæссаг уавæрты рахизын бахъæуы,  машинæтæ кæуылты цæуынц, фæндаджы уыцы хаймæ. Уыцы цаутæ бахынцгæйæ, Паддзахадон автоинспекцийы сæргълæууæджы адресыл Æхсæнадон палатæ арвыста фыстæг, цыран домы, цæмæй уый бахæс кæна Паддзахадон автоинспекцийы инспектортæн, æмæ уыдон ма уадзой базарадон центр «Хурзæрин»-ы размæ тротуарыл машинæтæ уромын», – бамбарын кодта Джиджойты Анатоли.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Æхсæнадон палатæ фæндон бахаста, цæмæй горæты территорийыл кæнæ горæтгæрон арæзт æрцæуа машинæтæ уæйгæнæн базар. «Уый саразынæн бирæ фæрæзтæ нæ бахъæудзæн, æмбæлон суткæйон тариф æмæ æмбæлон гъæды лæггæдты аргъ снысан кæнгæйæ та райсдзысты, уыцы базары хæрдзтæ æмбæрзынæн цас хъæуы, уый бæрц нæ,  фæлæ – бирæ ахадæндæр æфтиаг», – загъта Æхсæнадон палатæйы къухдариуæггæнæг.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Æхсæнадон палатæ фæндон бахаста, цæмæй Згъудеры уæлмæрды администраци йæ куыст фæхуыздæр кæна, æфснайын кæна уæлмæрды, цы дыууæ фæндаджы йæм цæуы, уыдон цалцæг æрцæуой.

Уыимæ иумæ ма Æхсæнадон палатæйæ фæндон бахастæуыд, цæмæй горæты скæсæны ‘рдыгæй цы фæндаг цæуы, ома, Итрапис-Присы фæндаг, уый цалцæг æрцæуа æмæ йыл цæуой уæзтæласæн автотранспорт æмæ Ленингоры районæй æмæ Цхинвалы районы скæсæйнаг хъæутæй Дзауы ‘рдæм чи цæуы, уыцы машинæтæ. Уый фæстиуæгæн расæрибар уаиккой горæты фæндæгтæ.

Æхсæнадон палатæйы минæвæртты ны-хæстæм гæсгæ, актуалон уаит Цæрæн массив, Царз æмæ Гафезы уынгтæ куы баиу уаиккой иу фæндагæй. Ацы фарсты аскъуыддзагæй горæты уынгтæ фæсæрибардæр уаиккой машинæтæй.

«Цæмæй Цæрæн массивæй Царзмæ ацæуай, уый тыххæй ацæуын хъæуы 2-3 километры, фæлæ Цæрæн массивæй Царзмæ та горæты цады фæрсты у 200-300 метры», – загъта Джиджойты Анатоли.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæйæн æнгом ахастытæ ис Уæрæсейы Федерацийы регионты Æхсæнадон палатæтимæ.

«Цæгат Кавказы федералон зылды субъекттимæ мах сарæзтам æмгуыстады тыххæй сразыдзинæдтæ. Ивгъуыд аз сразыдзинад сарæзтам Абхазимæ. Махæн æнгом ахастытæ ис Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы Æхсæнадон палатæимæ. Хъыгагæн нын нæ мæскуыйаг коллегæтимæ нырма ницы бастдзинæдтæ ис», –  бафиппайдта Джиджойты Анатоли.

Дарддæр организацийы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Мидхъуыддæгты министрадмæ фæндон бавдыстой, фадыгон милиционерты номхыгъд сæ контакттимæ ныммыхуыр кæныны тыххæй, цæмæй цæр-джытæ зоной, бахъуыды рæстæджы кæдæм æмæ кæмæ фæдзурой, уый.

«Цæмæй сæ цæрджытæ зоной, уый тыххæй фадыгон милиционерты номхыгъд, телефоны номыртæ æмæ сæ фадгуыты арæнтæ хъæуы ныммыхуыр кæнын», – бахахх кодта Джиджойты Анатоли.

Æхсæнадон палатæйы аппараты сæргълæууæг Хъоцыты Руслан дæр йæ рады радзырдта, республикæйы районты цы куыст кæны се структурæ, уый тыххæй.

«Фæстаг хатт уыдыстæм Ленингоры районы. Уынаффæ кодтам цæрджыты социалон фарстатыл, медицинæйы æмæ транспорты проблемæтыл.  Уыдонæй дарддæр районы хъæуты цæрджытæн риссаг у браконьерты фарст. Ацы проблемæ тынг тыхсын кæны районы цæрджыты. Афтæ рауайдзæн, æмæ нæ сывæллæттæ нал зондзысты, нæ цæугæдæтты цы кæсаг ис, уый ад. Уый куынæг кæнынц алыгъуызон рæмудзæн æрмæгæй, электротокæй æмæ æндæр амæлттæй. Нæ республикæйы флорæ æмæ фаунæ чи куынæг кæны, уыдоны хъæуы серьезонæй бафхæрын. Абон куы бафæстиат кæнæм, уæд сом æрæгмæ уыдзæн», – бахахх кодта Хъоцыты Руслан.

Кæронбæттæны Джиджойты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Æхсæнадон палатæмæ цы фарсты тыххæй бахатынц æхсæнады минæвæрттæ, уый лæмбынæг сахуыр кæнынц æмæ йæ бавдисынц хицауиуæгады æмбæлон структурæтæм. Уый у Æхсæнадон палатайы архайды сæйраг здæхт. Æмбæстæгтæ иууыл арæхдæр æрбацæуынц социалон проблемæты тыххæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Æхсæнадон палатæ арæзт æрцыд 2009 азы.  Йæ сырæзты сæйраг нысан у хицауиуæгад æмæ æхсæнады ‘хсæн бастдзинад ифтонг кæнын, æхсæнады проблемæтæ æргом кæнын æмæ сын сæ аскъуыддзаг кæнынæн æххуыс кæнын.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.